‏ Ephesians 3

Апостолы лӕггад муртаттӕгтӕн

1Уымӕ гӕсгӕ ӕз, Павел, сдӕн Йесо Чырыстийы ахӕст — сымах, муртаттӕгты, сӕраппонд. a

2Сымах, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фехъуыстат, Хуыцау мын мӕ бӕрны кӕй бакодта Йӕ хорзӕх уын раргом кӕнын. 3Уӕлдӕр цыбырӕй куыд фыстон, афтӕмӕй мын Хуыцау раргом кодта Йӕ сусӕгдзинад. b 4Куы йӕ бакӕсат, уӕд, Чырыстийы сусӕгдзинад куыд ӕмбарын, уый базондзыстут. 5Уыцы сусӕгдзинад адӕмы раздӕры фӕлтӕртӕн ӕргом нӕ уыд, ныр та Сыгъдӕг Уды руаджы раргом Чырыстийы сыгъдӕг апостолтӕ ӕмӕ пехуымпартӕн. c 6Сусӕгдзинад уый мидӕг ис, ӕмӕ уыцы бынтӕ муртаттӕгты дӕр сты. Уыдон дӕр — иумӕйаг буары хӕйттӕ, ӕмӕ уыдонмӕ дӕр хауы, Йесо Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы Хуыцау Фарны Уацы зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый. d

7Хуыцауы хорзӕх мыл сӕмбӕлд, ӕмӕ Йӕ хъаруйы фӕрцы ӕз сдӕн Фарны Уацы лӕггадгӕнӕг. e 8Мӕнӕн, сыгъдӕджыты тӕккӕ ницӕйагдӕрӕн, рардӕуыди уыцы хорзӕх — муртаттӕгтӕм Чырыстийы ӕгӕрон хъӕздыгдзинады Фарны Уац фӕхӕццӕ кӕнын, f 9алкӕмӕн дӕр раргом кӕнын, райдианӕй фӕстӕмӕ Хуыцау, ӕппӕт Сфӕлдисӕг, ӕмбӕхстӕй кӕй дардта, уыцы уазвӕнд ирвӕзындзинады тыххӕй, g 10цӕмӕй, уӕлӕрвты чи ис, уыцы хицӕуттӕ ӕмӕ барджынтӕн Аргъуаны руаджы ныр зындгонд уа Хуыцауы уӕлзонд, алы хуызы йӕхи чи ӕвдисы, уый. h 11Хуыцау афтӕ бакодта, дуне сфӕлдисыны агъоммӕ цы снысан кодта, уымӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ Йӕ фӕндон сӕххӕст кодта нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы руаджы. 12Чырыстиимӕ кӕй баиу стӕм ӕмӕ Йыл кӕй ӕууӕндӕм, уый фӕрцы нӕ бон у уӕндонӕй ӕмӕ ныфсджынӕй Хуыцауы раз ӕрлӕууын. i 13Уымӕ гӕсгӕ уӕ курын: уӕ сӕраппонд кӕй ӕвзарын, мӕ уыцы тухӕнтӕ уын уӕ ныфс ма асӕттӕнт — уыдон уыдзысты уӕ кадӕн. j

Чырыстийы ӕгӕрон уарзт

14Уый тыххӕй ӕз мӕ зонгуытыл лӕууын Фыды раз — 15арв ӕмӕ зӕххыл алы мыггаг дӕр ном Кӕмӕй райста, уый раз k 16Йӕ кады стырадӕй уын тых куыд ратта, Йӕ Уды руаджы уӕ удвидар куыд скӕна, l 17уӕ уырнындзинады фӕрцы Чырысти уӕ зӕрдӕты куыд ӕрцӕра. m Уарзондзинад уӕд уӕ царды бындур. 18Ӕз кувын, цӕмӕй ӕппӕт сыгъдӕджытимӕ сымахӕн дӕр уӕ бон базонын суа, куыд парахат, ӕгӕрон, бӕрзонд ӕмӕ арф у Чырыстийы уарзт — 19зонд кӕуыл не’ххӕссы, Йӕ уыцы уарзт, ӕмӕ ӕххӕстӕй схайджын уат Хуыцауы ӕрдзыхъӕдӕй. n

20Цы курӕм кӕнӕ нӕ хъуыдыйы дӕр цы нӕй, уымӕй дзӕвгар фылдӕр саразын нӕ бон Кӕй хъаруйӕ у, o 21Уымӕн та Йесо Чырыстийы руаджы кад уӕд Аргъуаны фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ, мыггагӕй-мыггагмӕ! Аммен.
Copyright information for OssIBT2022