Ephesians 6
Цот ӕмӕ ныййарджытӕ
1Сывӕллӕттӕ, кӕсут уӕ ныййарджыты коммӕ, Дунедарӕг куыд домы, афтӕ. a 2«Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады» — ахӕм у фыццаг фӕдзӕхст зӕрдӕвӕрдимӕ: 3«Цӕмӕй уай фӕрнджын ӕмӕ бирӕ фӕцӕрай зӕххыл». 4Сымах дӕр, ныййарджытӕ, ма мӕсты кӕнут уӕ сывӕллӕтты, фӕлӕ сӕ хъомыл ӕмӕ ахуыр кӕнут Бардарӕджы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ.Цагъартӕ ӕмӕ сӕ хицӕуттӕ
5Цагъартӕ, зӕрдиагӕй, тӕрсгӕйӕ ӕмӕ аргъуыц кӕнгӕйӕ уӕ зӕххон хицӕутты коммӕ кӕсут, цыма Чырыстийӕн лӕггад кӕнут, афтӕ. b 6Сӕ зӕрдӕ сын балхӕнынӕн цӕстмӕкуыст ма кӕнут, фӕлӕ сын кусут, Хуыцауы фӕндон ӕнувыдӕй чи ӕххӕст кӕны, Чырыстийы уыцы цагъартау. 7Кусут сын зӕрдӕрайгӕйӕ, адӕмӕн кусӕгау нӕ, фӕлӕ, Бардарӕгӕн цыма лӕггад кӕнут, афтӕ. 8Уӕ зӕрдыл дарут: алчидӕр, цагъар уа ӕви сӕрибар, Бардарӕгӕй райсдзӕни хорзӕх йӕ алы хорз хъуыддаджы тыххӕй дӕр. c 9Сымах дӕр, хицӕуттӕ, уӕ цагъартӕм ахӕм цӕстӕй кӕсут, ныууадзут уе’ртхъирӕнтӕ. Хъулон Чи никӕй кӕны, сымахӕн дӕр ӕмӕ уыдонӕн дӕр уӕлӕрвты ахӕм Бардарӕг кӕй ис, уый уӕ рох ма уӕд. dХуыцауы тох фыддзинадимӕ
10Ӕппынфӕстаг, ме’фсымӕртӕ, удвидар кӕнут Бардарӕгимӕ, Йӕ хъомыс ӕмӕ Йӕ хъаруйы фӕрцы. 11Уӕхи сифтонг кӕнут Хуыцауы хотыхтӕй, уӕ бон хӕйрӕджы мӕнгард миты ныхмӕ лӕууын куыд уа, афтӕ. e 12Уымӕн ӕмӕ нӕ тох адӕймаджы ныхмӕ нӕу, фӕлӕ ӕнӕбуар хицӕуттӕ ӕмӕ барджынты ныхмӕ, ацы талынг дунейы ӕлдӕртты ныхмӕ, уӕлдӕфы чи ис, уыцы фыдӕххӕссӕг монты ныхмӕ. f 13Уый тыххӕй уӕхи сифтонг кӕнут Хуыцауы хотыхтӕй, цӕмӕй, фыдӕвзарӕн бон куы ралӕууа, уӕд уӕм ныхмӕ ӕрлӕууыны хъару разына, ӕппӕтыл дӕр фӕуӕлахиз уат ӕмӕ ма фӕцудат. 14Уӕдӕ фидар лӕуут, уӕ астӕутӕ ӕрбалвасут ӕцӕгадӕй, уӕ уӕлӕ скӕнут рӕстады згъӕрхӕдон. g 15Фарны Уац хъусын кӕнут — уымӕ цӕттӕдзинад суӕд уӕ къахыдарӕс. 16Ноджы ма уӕм, уыдонӕй уӕлдай, уӕд уырнындзинады уарт — хӕйрӕджы судзгӕ фӕттӕ иууылдӕр кӕй фӕрцы ахуыссын кӕндзыстут, уый. 17Ирвӕзындзинады згъӕрхуд райсут, стӕй монон цирхъ — Хуыцауы Ныхас. h 18Кӕддӕриддӕр кувут ӕмӕ курут Хуыцауы Удӕй разӕнгардӕй. Уый тыххӕй ут къӕрцхъус ӕмӕ ӕвӕллайгӕйӕ кувут ӕппӕт сыгъдӕджыты тыххӕй. i 19Кувут мӕн тыххӕй дӕр, цӕмӕй мӕ дзурын куы бахъӕуа, уӕд мын Хуыцау, цы зӕгъон, уый ратта ӕмӕ ӕз ныфсджынӕй раргом кӕнон Фарны Уацы сусӕгдзинад. j 20Рӕхыстӕй бастӕй дӕр ӕз дӕн уыцы Фарны Уацы минӕвар. Кувут, цӕмӕй йӕ фехъусын кӕнон ныфсджынӕй, куыд мын ӕмбӕлы, афтӕ. kКӕронбӕттӕн
21Цӕмӕй сымахӕн дӕр мӕ уавӕртӕ ӕмӕ мӕ хъуыддӕгтӕ зындгонд уой, уый тыххӕй уын ӕппӕт дӕр радзурдзӕн Тихик, нӕ уарзон ӕфсымӕр ӕмӕ Бардарӕджы иузӕрдион кусӕг. l 22Ӕз ӕй ӕрвитын сымахмӕ, цӕмӕй мах тыххӕй базонат, ӕмӕ уын уӕ зӕрдӕтӕ фӕфидар кӕна. 23Ӕфсымӕртӕн фарн ӕмӕ уарзт уырнындзинадимӕ — Фыд Хуыцауӕй ӕмӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийӕ. 24Нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы чи уарзы, уыдон се’ппӕт дӕр хайджын уӕнт Хуыцауы хорзӕх ӕмӕ ӕнусон цардӕй. Аммен.
Copyright information for
OssIBT2022