‏ Esther 1

1Ксерксы заманы уыди уый, йӕ паддзахад — сӕдӕ дыууын авд бӕстӕйы — Индийӕ Эфиопимӕ кӕмӕн ӕххӕссыд, уыцы Ксерксы.

2Уӕд Ксерксы паддзахы бадӕн Шушаны уыди. 3Паддзах куы сси, уымӕн йе’ртыккаг аз Ксеркс куывд скодта, йӕ уӕздӕттӕ ӕмӕ йӕ фӕсдзӕуинты иууылдӕр фӕхуыдта. Уым уыдысты персайнаг ӕмӕ мидиаг ӕфсӕддон разамонджытӕ, уӕздӕттӕ, йӕ паддзахады бӕстыхицӕуттӕ. 4Ӕнӕхъӕн сӕдӕ ӕстай боны дӕргъы Ксеркс йӕ паддзахады бирӕ мулк ӕвдыста, йӕ диссаджы исбонӕй ӕппӕлыд. 5Уыцы бадт куы ахицӕн ис, уӕд та Шушаны цӕрджытӕн хъӕздыгӕй, мӕгуырӕй, паддзахы дыргъдоны фынгтӕ равӕрын кодта ӕмӕ сӕ иннабонӕй-иннабонмӕ фӕхынцта. 6Сӕ сӕрмӕ урс ӕмӕ ӕрвхуыз гӕн хъуымӕцтӕ ӕвзист хъайвантӕм ӕмӕ урс мраморӕй конд цӕджындзтӕм фидаргонд уыдысты урс, лыстӕг гӕнӕй конд, стӕй сӕнт сырх синӕгтӕй. Сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзист бадӕнтӕ лӕууыдысты порфир, мрамор, ӕргъӕу ӕмӕ ӕндӕр зынаргъ дуртӕй конд астӕрдыл. 7Нозтытӕн ӕрӕвӕрдтой алыхуызон сыгъзӕрин нуазӕнтӕ. Таучел ӕмӕ бонджын паддзах йӕ сӕны ӕвӕрӕнтыл дӕр фӕстӕмӕ нӕ фӕхӕцыд. 8Паддзахы уагдартӕ тыхдард никӕмӕн кодтой. Паддзахӕй сын дзырд уыди, цӕмӕй, кӕй цас фӕнды, уый бӕрц нуаза.

9Ксерксы ус Вашти та паддзахы галуаны скодта куывд сылгоймӕгтӕн.

10Ӕвдӕм бон Ксеркс, сӕнӕй дзӕбӕх куы бахъӕлдзӕг, уӕд фӕсидти йӕ авд лӕггадгӕнӕгмӕ, евнухтӕм, — Мехуман, Биззета, Харвона, Бигта, Авагта, Зетар ӕмӕ Каркасмӕ. 11Загъта сын, Ваштийы йӕм, йӕ сӕрыл паддзахы худ, афтӕмӕй куыд рахоной: паддзах йӕ рӕсугъд усӕй йӕ сӕр бӕрзӕндты хаста ӕмӕ дзы хуымӕтӕг адӕм ӕмӕ уӕздӕтты раз дӕр хъуамӕ йӕхи ахъал кодтаид. 12Дӕлдӕртӕ паддзахы фӕндон фехъусын кодтой Ваштийӕн, фӕлӕ йӕ уый ницӕмӕ’рдардта. Паддзах тынг смӕсты ис, пиллон арт уагъта фыр мӕстӕй. 13Йӕ уынаффӕ кӕддӕриддӕр, бирӕ чи федта, уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ ӕгъдӕуттӕ чи зоны, уыцы куырыхон лӕгтимӕ уыди, ӕмӕ та сӕм паддзах ныр дӕр фӕсидти. 14Уыцы рӕстӕг Ксерксмӕ персайнаг ӕмӕ мидиаг авд ӕлдары — Каршена, Шетар, Адмата, Таршиш, Мерес, Марсена, Мемухан — уӕлдай нымад уыдысты, йӕхимӕ сӕ ӕрбаввахс кодта. Паддзахы размӕ сын ӕнӕкъуылымпыйӕ фӕндаг уыди, паддзахады фыццаг лӕгтӕ уыдысты.

15«Уӕдӕ паддзах Ксерксы фӕндон кӕй ницӕмӕ’рдардта, уый тыххӕй уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ цы гӕнгӕ у ӕхсин-паддзах Ваштийӕн?»

16Мемухан загъта паддзахӕн ӕмӕ ӕлдӕрттӕн: «Вашти ӕрмӕст паддзахы раз нӕ, фӕлӕ ӕппӕт ӕлдӕрттӕ ӕмӕ, Ксерксы паддзахады цы адӕм ис, ӕппӕт уыдоны раз у аххосджын. 17Уымӕн ӕмӕ Ваштийы ми сылгоймӕгты хъусыл ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ сӕ лӕгты нал нымайдзысты. Зӕгъдзысты, паддзах Ксерксӕн дӕр ма, дам, йӕ ус Вашти йӕ коммӕ куы нӕ бакасти, зӕгъгӕ. 18Ныридӕгӕн уал персайнаг ӕмӕ мидиаг ӕхсинтӕ фехъуыстой Ваштийы хабар. Тӕккӕ абон ӕй сӕ лӕгты хъусты бацӕгъддзысты, ӕмӕ уӕд — худинаг ӕмӕ аллайаг. 19Кӕд паддзахӕн фӕндон у, уӕд ахӕм уынаффӕ рахӕссӕд ӕмӕ йӕ персайнаг ӕмӕ мидиаг уагӕвӕрдты ныффыссӕд: Ваштийӕн паддзах Ксерксмӕ фӕндаг нал ис. Паддзах ын йӕ бынатмӕ равзарӕд ӕндӕр сылгоймаг, Ваштийӕ хуыздӕр. 20Паддзахы уынаффӕ куы айхъуыса йе стыр паддзахады алы кӕрӕттӕм, уӕд сылгоймӕгтӕй алчи йӕ сӕрыхицаумӕ, уӕздӕттӕй уа ӕви хуымӕтӕг адӕмӕй, хъусдзӕн».

21Паддзах ӕмӕ йӕ уӕздӕтты зӕрдӕмӕ фӕцыдысты уыцы ныхӕстӕ, ӕмӕ Ксеркс, Мемухан ын куыд бацамыдта, афтӕ бакодта. 22Йӕ паддзахады алы кӕрӕттӕм фыстӕджытӕ фервыста, алы ранмӕ дӕр бынӕттон ӕвзагыл, алы адӕммӕ дӕр — сӕхирдыгонау. «Алы нӕлгоймаг дӕр йӕ хӕдзары хицау уӕд», — азӕлыди алы ӕвзагыл дӕр.
Copyright information for OssIBT2022