‏ Esther 10

1Паддзах Ксеркс снысан кодта ног хъалон — денджызгӕрон зӕххытӕн дӕр ӕмӕ иннӕ зӕххытӕн дӕр. 2Мардохейы лӕгдзинад ӕмӕ намысджын хъуыддӕгтӕ ӕмӕ, паддзах ӕй цы бӕрзӕндтӕм систа, ӕппӕт уыцы хабӕрттӕ сӕ бынат ссардтой Миди ӕмӕ Персы азфыстыты. 3Ксерксы фӕстӕ дыккаг лӕг уыди паддзахады иудейаг Мардохей. Тынг ӕй нымадтой ӕмӕ уарзтой йӕ адӕм. Йӕ адӕм ӕвыд ӕмӕ амондджынӕй куыд цӕрой, ууыл архайдта кӕддӕриддӕр.
Copyright information for OssIBT2022