Esther 2
1Фӕстӕдӕр, Ксерксӕн йӕ маст куы’рсабыр, уӕд Ваштийы мысын райдыдта. Сылгоймаджы ми ӕмӕ йӕхи уынаффӕйыл ныссагъӕс кодта. 2Йӕ лӕггадгӕнджытӕ загътой, паддзахӕн ӕрыгон рӕсугъд чызджытӕ агурын хъӕуы, зӕгъгӕ. 3Паддзах йӕ бӕстӕйы алы рӕтты снысан кӕнӕд, йӕ зӕрдӕ кӕуыл дары, ахӕм адӕймӕгты. Уыдон Шушанмӕ, сылгоймӕгты хатӕнмӕ, ӕрхондзысты ӕппӕты рӕсугъддӕр чызджыты. Паддзахы сылдоны хицау Хегайы бӕрны сӕ бакӕндзысты, цӕмӕй алы хӕрздӕфгӕнӕнтӕй сӕхимӕ базилой. 4Паддзахы зӕрдӕмӕ цы ӕрыгон рӕсугъд фӕцӕуа, уый Ваштийы бынаты йӕ фарсмӕ ӕрбаддзӕн. Уыцы ныхӕстӕ паддзахы зӕрдӕмӕ фӕцыдысты ӕмӕ растдӕриддӕр афтӕ бакодта. 5– 6Уыцы рӕстӕг Шушаны царди Бениамины байзӕддагӕй иу иудейаг, йӕ ном Мардохей, Иудейы паддзах Йехониаимӕ Вавилоны паддзах Навуходоносор Йерусалимӕй уацары кӕй ракодта, уыцы адӕмӕй. Мардохей уыди Иаиры фырт. Иаир та уыди Шимийы фырт, Кишы фырты фырт. 7Мардохейы фыды’фсымӕр ӕмӕ йӕ ус амардысты, сӕ чызг Хадассӕ, Естер дӕр ӕй хуыдтой, сидзӕрӕй баззад, ӕмӕ йӕ Мардохей схъомыл кодта. Цӕсгомӕй дӕр ӕмӕ кондӕй дӕр Естер тынг рӕсугъд уыди. 8Паддзахы уынаффӕмӕ гӕсгӕ Шушанмӕ бирӕ рӕсугъд чызджытӕ ӕрбамбырд. Паддзахы сылдоны хицау Хегайы бӕрны сӕ бакодтой. Чызджыты’хсӕн уыди Естер дӕр. 9Естер Хегайы зӕрдӕмӕ фӕцыд ӕмӕ йын хӕрздӕфгӕнӕнтӕ ӕмӕ, уымӕй уӕлдай цы’мбӕлди, уыдон раттыныл фӕстиат нӕ фӕкодта. Галуаны унӕуттӕй йын авды лӕггадгӕнӕг скодта ӕмӕ йӕ семӕ сылгоймӕгты хатӕны дзӕбӕхдӕр ран ӕрцӕрын кодта. 10Чи у, кӕцӕй у, уыдӕтты тыххӕй Естер ницы дзырдта, уымӕн ӕмӕ йын Мардохейӕ афтӕ фӕдзӕхст уыди. 11Мардохей та-иу ӕрвылбон фӕзынди сылгоймӕгты хатӕны кӕрты — Естер йӕхи куыд хаты, йӕ хъуыддӕгтӕ куыд сты, уый бӕрӕг кодта. 12Паддзах Ксерксы размӕ бацӕуыны тыххӕй алы чызг дӕр, сылгоймагӕн куыд ӕмбӕлд, афтӕ дыууадӕс мӕйы дӕргъы йӕхи хъуамӕ цӕттӕ кодтаид: ӕхсӕз мӕйы йӕ буар миррӕйы сойӕ сӕрстаид, ӕхсӕз мӕйы та — алыхуызон хӕрздӕфгӕнӕнтӕ ӕмӕ сылгоймаджы алыхуызон сӕрдӕнтӕй. 13Уый фӕстӕ чызгӕн паддзахмӕ фӕндаг уыди. Сылгоймӕгты хатӕнӕй паддзахы размӕ цӕугӕйӕ цӕмӕйфӕнды куы загътаид, хъӕуы мӕ, зӕгъгӕ, уӕддӕр ын ӕй лӕвӕрдтой. 14Изӕры-иу бахызти паддзахы къӕсӕрӕй, райсомӕй та йӕ фӕндаг уыди сылгоймӕгты ӕндӕр хатӕнмӕ, паддзахы номылустытӕ кӕм цардысты, уырдӕм. Уым хицау уыди Шаашгаз. Паддзах ӕй йӕхӕдӕг ма ӕрцагурӕд, ӕндӕр ӕм чызгӕн фӕндаг нал уыди. 15Естерӕн, Мардохейы фыды’фсымӕр Авихаилы чызгӕн, йӕ рад куы’рцыди ӕмӕ паддзахмӕ куы раст кодта, уӕд ӕппындӕр ницы бадомдта, сылгоймӕгтӕм йӕ цӕст чи дардта, уыцы евнух Хегай йын цӕмӕ бацамыдта, уымӕй уӕлдай. Чи-иу ӕй федта, уыдонӕй алкӕй зӕрдӕмӕ дӕр цыди Естер. 16Ксерксӕн йӕ паддзахиуӕджы ӕвдӕм аз бахызти йӕ къӕсӕрӕй Естер. Уый уыди дӕсӕм мӕйы, теветы. 17Йӕ иннӕ устытӕй йӕ фылдӕр бауарзта Ксеркс, иннӕ чызджытӕй йӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр фӕцыд. Паддзахы худ ын ӕркодта йӕ сӕрыл ӕмӕ йӕ ус-паддзахӕй ӕрбадын кодта Ваштийы бынаты. 18Естеры кадӕн паддзах стыр куывд скодта йӕ барджынтӕ ӕмӕ йӕ уӕздӕттӕн. Сӕ фиддонтӕ фӕкъаддӕр сты йӕ паддзахады алы бӕстӕйӕн дӕр, йӕ зӕрдӕйы хорзӕй паддзахы лӕвӕрттӕ фӕкодта. 19Дыккаг хатт куы фӕсидтысты чызджытӕм, уӕд Мардохей паддзахы галуаны кулдуары раз бадти. 20Естер ницыма загъта, чи у ӕмӕ кӕцон у, уый тыххӕй, Мардохей йын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. Йӕ ныхасмӕ та йын Естер, йӕ хъомылгӕнинаг куы уыди, уӕд куыд хъуыста, ныр дӕр афтӕ. 21Мардохей паддзахы галуаны кулдуары раз куы бадти, уӕд паддзахы дӕлдӕртӕ, йӕ дуаргӕстӕ Бигтан ӕмӕ Тереш, паддзах Ксерксы ныхмӕ фыдвӕнд сарӕзтой, цӕмӕй йӕ амарой. 22Мардохей уый базыдта ӕмӕ йӕ Естерӕн загъта, Естер та йӕ Мардохейы номӕй паддзахӕн фехъусын кодта. 23Уыйадыл хъуыддагмӕ каст ӕрцыди, сбӕлвырд ӕй кодтой ӕмӕ дыууӕйы дӕр бӕласыл ӕрцауыгътой. Ӕппӕт уыдӕттӕ та паддзахы цӕстыты раз азфыстмӕ хаст ӕрцыдысты.
Copyright information for
OssIBT2022