‏ Esther 3

1Уыцы хабары фӕстӕ паддзах Ксеркс агагаг Хаммедатайы фырт Аманы скадджын кодта. Сбӕрзонд ис Аман, йӕ бадӕн иннӕ уӕздӕттӕй фӕуӕлдӕр. 2Паддзахы бардзырдмӕ гӕсгӕ, тӕрхоны хъуыддаджы лӕуд чидӕриддӕр уыди паддзахы галуаны, уыдон-иу ӕрзоныг кодтой ӕмӕ-иу зӕххыл ныддӕлгом сты Аманы раз. Мардохей та йӕ разы зоныгыл дӕр нӕ кодта ӕмӕ зӕххыл дӕр нӕ хауди. 3Паддзахы дӕлдӕртӕ, галуаны тӕрхонгӕнджытӕ, Мардохейӕн уайдзӕф кодтой, паддзахы бардзырды сӕрты цӕмӕн хизыс, зӕгъгӕ. 4Алы бон дӕр ын дзырдтой, фӕлӕ сӕ уый ницӕмӕ дардта. Уӕд бавдӕлдысты ӕмӕ Аманмӕ дзырд бахастой, уӕдӕ ныр та куыд кӕнид, зӕгъгӕ, уымӕн ӕмӕ, иудейаг у, уый Мардохейӕн йӕхицӕй зыдтой.

5Аман куы федта, Мардохей йӕ разы нӕ зоныгыл кӕны ӕмӕ зӕххыл нӕ ныддӕлгом вӕййы, уый, уӕд фыр мӕстӕй рафыхти. 6 7Фӕлӕ ӕрмӕст Мардохейы бафхӕрын йӕхицӕн ӕгадыл банымадта. Мардохей иудейаг у, уый йын куы загътой, уӕд сфӕнд кодта ӕппӕт дзуттӕгты дӕр фесафын. Хъуамӕ, Ксерксы паддзахады цы иудейӕгтӕ ис, уыдоны се’ппӕты дӕр ныццагътаид. Бон ӕмӕ мӕй снысан кӕныны тыххӕй та Аман, Ксерксы паддзахиуӕгӕн йӕ дыууадӕсӕм азы фыццаг мӕй, нисаны, пур (ома хӕлттӕ) сӕппарын кодта, ӕмӕ дыууадӕсӕм мӕйы — адары — хал схауди. 8 9Уыйадыл Аман паддзах Ксерксӕн загъта: «Иу адӕмыхатт ис, дӕ бӕстӕйы алы кӕрӕтты иннӕ адӕмты’хсӕн чи ныппырх ис. Се’гъдӕуттӕ уыдонӕн бынтон ӕндӕр сты, стӕй уыдон паддзахы уынаффӕтӕ дӕр не’ххӕст кӕнынц. Паддзах та сын уыцы бар хъуамӕ ма дӕтта. Кӕд паддзахӕн фӕндон у — сӕ ныццӕгъдыны уынаффӕ рахӕссӕд, ӕмӕ уӕд ӕз къазнадартӕн дӕс мин таланты ӕвзист ратдзынӕн, ӕмӕ сӕ паддзахы къазнамӕ бафтаудзысты». 10 11Уӕд паддзах йе’нгуылдзӕй къухдарӕн рафтыдта ӕмӕ йӕ Аманӕн, агагаг Хаммедатайы фыртӕн, дзуттӕгты удхорӕн, радта. Ӕмӕ загъта паддзах Аманӕн: «Ацы ӕвзист дӕу уӕд, уыцы адӕмӕн та, цы дӕ фӕнды, уый кӕн». 12Афтӕмӕй фыццаг мӕйы ӕртындӕсӕм бон фӕсидтысты паддзахы писыртӕм ӕмӕ, Аманы куыд фӕндыди, ахӕм уынаффӕ гӕххӕттыл ныффыстой паддзахы уагдартӕн. Бӕстӕйы алы рӕттӕм, паддзахады алы адӕмты хицӕуттӕм ӕй фервыстой — алы адӕмӕн йӕхи’взагыл, йӕхирдыгонау фыстӕй. Уынаффӕ рахастой паддзах Ксерксы номӕй ӕмӕ йӕ паддзахы къухдарӕнӕй бафидар кодтой. 13Фӕдисӕттӕ паддзахады алы кӕрӕттӕм тӕргӕбӕхӕй фӕхӕццӕ кодтой паддзахы уынаффӕ — дыууадӕсӕм мӕйы, ома адары, ӕртындӕсӕм бон дзуттӕгты иууылдӕр ӕмбойны — зӕрондӕй, ӕрыгонӕй, ӕд сабитӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ — ныццӕгъдут, ныммарут, мыггагыскъуыд фӕкӕнут, сӕ исбон та сын хӕлӕттаг фӕкӕнут, зӕгъгӕ. 14Уыцы уынаффӕ хъуамӕ хъуыстгонд ӕрцыдаид паддзахады алы ран дӕр, алы адӕмӕн дӕр, цӕмӕй уыцы бонмӕ алчи йӕхи бацӕттӕ кодтаид. 15Фӕдисӕттӕ ӕвӕстиатӕй ацыдысты паддзахы бардзырд сӕххӕст кӕнынмӕ. Уыцы уынаффӕ фехъусын чындӕуыд Шушаны фидары. Паддзах ӕмӕ Аман куывды ӕрбадтысты, Шушаны сахар та схъомпал ис.
Copyright information for OssIBT2022