‏ Esther 4

1Мардохей хабар куы фехъуыста, уӕд адӕргӕй йӕ дарӕс арӕдывта фӕйнӕрдӕм, йӕ буар бызгъуыртӕй ӕрбамбӕрзта, рыджы йӕхи сӕвдылдта ӕмӕ, бон ӕм арвы рухс нал зынди, афтӕмӕй, хъӕрӕй ӕрдиаггӕнгӕ, сахары уынгты азгъордта. 2Паддзахы дуармӕ бахӕццӕ, фӕлӕ паддзахы дуарӕй бызгъуыр дарӕсы мидӕмӕ цӕуыны бар нӕ уыди. 3Ныр, паддзахы уынаффӕ кӕдӕмдӕриддӕр фехъуысти, уымыты, алы ран дӕр, иудейӕгтӕ стыр катайы бацыдысты — хойраг сӕ дзыхмӕ нал истой, рыджы хаудӕй куыдтой ӕмӕ ӕрдиаг кодтой сӕ бызгъуыр дарӕсты. 4Естерӕн йӕ лӕггадгӕнӕг сылгоймӕгтӕ ӕмӕ нӕлгоймаг унӕуттӕ Мардохейы тыххӕй куы фехъусын кодтой, уӕд ӕхсин-паддзахы зӕрдӕ йӕхи къултыл бахоста. Йӕ бызгъуыртӕ раивӕд, зӕгъгӕ, Мардохейӕн дарӕс рарвыста, фӕлӕ уый не сразы. 5Уӕд Естер, паддзах ын лӕггадгӕнӕг кӕй скодта, уыцы нӕлгоймаг унӕуттӕй иумӕ фӕдзырдта — йӕ ном Хатах — ӕмӕ йӕ Мардохеймӕ арвыста, цӕмӕй йын, цы у, цы хабар у, уый тыххӕй бӕрӕг ныхас ӕрбахӕсса. 6Ацыди Хатах Мардохеймӕ сахары фӕзмӕ, галуаны къӕсӕргӕронмӕ. 7Ӕмӕ йын радзырдта Мардохей ӕппӕт дӕр, загъта, дзуттӕгты ныццӕгъдыны тыххӕй Аман паддзахы къазнамӕ цас ӕвзист бакалынӕй ныфс бавӕрдта, уый. 8Радта унӕутмӕ, дзуттӕгты ныццӕгъдыны тыххӕй Шушаны цы уынаффӕ хаст ӕрцыд, уыцы ӕвдисӕнгӕххӕт дӕр — цӕмӕй йӕ Естер фена ӕмӕ ӕппӕт дӕр базона. Уымӕй уӕлдай ма йӕм ныхас арвыста, паддзахмӕ дын цӕугӕ у, хъуамӕ йын дӕ адӕмы тыххӕй балӕгъстӕ кӕнай, зӕгъгӕ. 9Ӕрбаздӕхти Хатах ӕмӕ Естерӕн Мардохейы ныхӕстӕ рафӕзмыдта. 10Естер ӕй фӕстӕмӕ арвыста, цӕмӕй йӕ номӕй Мардохейӕн зӕгъа: 11«Паддзахы дӕлбартӕ иууылдӕр ӕмӕ йӕ паддзахады адӕмтӕ се’ппӕт дӕр хорз куы зонынц, нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, чифӕнды ма уӕд, ӕнӕхонгӕйӕ паддзахмӕ, мидӕггаг кӕртмӕ, бацыди, зӕгъгӕ, уӕд ын ӕнӕ маргӕ нӕй. Кӕд ӕмӕ йӕм паддзах йӕ сыгъзӕрин лӕдзӕг ӕрбадаргъ кӕна, уӕд ӕрбацӕуӕг удӕгасӕй баззайдзӕни. Мӕнмӕ та ныр дӕс ӕмӕ ссӕдз боны дӕргъы паддзахӕй дзырд нӕ уыди, ардӕм рацу, зӕгъгӕ».

12Фӕхӕццӕ сты Мардохеймӕ Естеры ныхӕстӕ. 13Ӕмӕ дзуапп радта Мардохей Естерӕн: «Афтӕ ма’нхъӕл, ӕмӕ паддзахы галуаны кӕй дӕ, уый фӕрцы иннӕ иудейӕгтӕй уӕлдай удӕгасӕй аирвӕздзынӕ. 14Ахӕм рӕстӕг ды дӕ дзыхыл куы ныххӕцай, уӕд иудейӕгтӕн ӕндӕр ранӕй ӕххуыс уыдзӕн, ды та фесӕфдзынӕ, дӕ тъымы-тъымайӕн та дын „мӕн у“зӕгъӕг дӕр нал уыдзӕн. Кӕд дӕм, мыййаг, паддзахы бадӕн ацы заманы тыххӕй ӕрхауд?»

15Ӕмӕ уыдис Естеры дзуапп Мардохейӕн: 16«Цӕугӕ ӕмӕ, Шушаны цы иудейӕгтӕ ис, уыдоны ӕрбамбырд кӕн, ӕмӕ мӕн тыххӕй ком бадарут — ӕртӕ боны ӕмӕ ӕртӕ’хсӕвы хӕргӕ дӕр ӕмӕ нуазгӕ дӕр мацы бакӕнут. Ӕз дӕр мӕ лӕггадгӕнӕг сылгоймӕгтимӕ афтӕ ком дардзынӕн ӕмӕ стӕй, кӕд уагӕвӕрд уый нӕ бары, уӕддӕр паддзахмӕ бацӕудзынӕн ӕмӕ, кӕд мӕлон, уӕд уадз ӕмӕ амӕлон».

17Мардохей ацыд ӕмӕ алцыдӕр бакодта, Естер ын куыд загъта, афтӕ.
Copyright information for OssIBT2022