‏ Esther 6

1Уыцы ӕхсӕв паддзахыл хуыссӕг нал хӕцыд. Ӕрвылбоны хабӕрттӕ фыст кӕм уыдысты, уыцы азфыст ӕрцагуырдта ӕмӕ йын ӕй хъӕрӕй кастысты. 2Паддзахы марынмӕ цы дуаргӕстӕ хъавыдысты, Ксерксы уыцы унӕуттӕ Бигтан ӕмӕ Терешы хъуыддаг Мардохей кӕй раргом кодта, уый дӕр дзы фыст уыди. 3Паддзах бафарста: «Уый тыххӕй Мардохейӕн цы кад скодтой, цы хорзӕх ын радтой?» Ӕмӕ йӕ дӕлбартӕ, лӕггад ын чи кодта, уыдон загътой: «Ницы».

4Уыцы рӕстӕг Аман, цы цӕджындз ӕрцӕттӕ кодта, ууыл цӕмӕй Мардохейы ӕрцауындзой, уый тыххӕй зӕгъынмӕ ӕрбацыди паддзахмӕ. Паддзах бафарста: «Кӕрты чи ис?» 5Лӕггадгӕнджытӕ дзуапп радтой паддзахӕн: «Аман у уый». Паддзах загъта: «Мидӕмӕ рацӕуӕд».

6 7 8Аман ӕрбацыди. Паддзах ӕй фӕрсы: «Паддзах кады аккагыл кӕй нымайы, уыцы адӕймагӕн цы хорз ракӕнӕн ис?» Йӕ мӕгуыр зӕрдӕйӕ Аман афтӕ банхъӕлдта, паддзах ын йӕхицӕй дзуры, ӕмӕ загъта: «Паддзахы хорзӕх кӕй ис, уыцы адӕймагӕн ӕрбахӕссӕнт паддзахы дарӕс ӕмӕ ӕрбакӕнӕнт паддзахы бӕх, йӕ фӕлыст — паддзахы аккаг, хуыздӕр нӕй, ахӕм. 9Уыцы дарӕс ӕмӕ уыцы бӕхы паддзахы уӕздантуг дӕлбарты нымаддӕры бар бакӕнӕнт. Уӕздӕтты нымаддӕр, паддзахы хорзӕх кӕй фӕцис, ууыл скӕнӕд уыцы дарӕс, уыцы бӕхыл ӕй сбадын кӕнӕд, стӕй, бӕхы рохтыл хӕцгӕйӕ, сахары фӕзмӕ рацӕуӕд ӕмӕ фехъусын кӕнӕд: „Паддзахы хорзӕх кӕй ис, уымӕн паддзах ахӕм кад кӕны!“»

10Ӕмӕ загъта паддзах Аманӕн: «Уӕдӕ фӕстиат ма кӕн, афтӕмӕй, куыддӕриддӕр загътай, афтӕ бакӕн: цы дарӕс ӕмӕ бӕхы кой кодтай, уыдон — паддзахы дуаргӕс иудейаг Мардохейӕн! Цы загътай, уыдонӕй дӕ мацы ферох уӕд!»

11Скодта дарӕс Мардохейыл Аман, сбадын ӕй кодта бӕхыл ӕмӕ йӕ, бӕхы рохтыл хӕцгӕ, сахары фӕзмӕ раласта хъӕргӕнгӕ: «Паддзахы хорзӕх кӕй ис, уымӕн паддзах афтӕ кад кӕны!» 12Уый фӕстӕ Мардохей галуаны бахизӕнмӕ фӕстӕмӕ йӕ куыстмӕ ацыди, Аман та мастгӕнгӕ атындзыдта сӕхимӕ, йӕ сӕр ӕрбатыхта, афтӕмӕй. 13Аман йӕ бинойнаг Зереш ӕмӕ йӕ хӕлӕрттӕн куы радзырдта йӕ хабӕрттӕ, уӕд ын уынаффӕ чи бакодта, уыдон дӕр ӕмӕ йӕ ус Зереш дӕр загътой: «Кӕд ӕмӕ, дӕлдӕр кӕнын цы Мардохейы аххосӕй райдыдтай, уый иудейаг у, уӕд ын дӕ бон ницы бауыдзӕн, тынг ныллӕг ӕрхаудзынӕ йӕ разы».

14Сӕ ныхас нӕма фесты, афтӕ паддзахы унӕуттӕ сӕ разы алӕууыдысты ӕмӕ Аманы тагъдгӕнгӕ Естеры хуындмӕ акодтой.
Copyright information for OssIBT2022