‏ Esther 7

1Ацыдысты паддзах ӕмӕ Аман Естеры хуындмӕ. 2Ӕмӕ та дыккаг бон дӕр, фынгыл бадтысты, афтӕмӕй бафарста паддзах Естеры: «Уӕддӕр дӕ цы хъӕуы, ӕхсин-паддзах Естер? Зын — йе ской. Цыфӕнды ма уӕд — дӕ курдиат ӕххӕстыл нымай. Паддзахады ӕмбис дӕр ракуырдтай — дӕу уыдзӕн». 3Ӕмӕ загъта ӕхсин-паддзах Естер: «Паддзах, кӕд мӕ дӕ хорзӕх ис, кӕд паддзахӕн фӕндон у, уӕд дӕ курын, цӕмӕй мӕ ма амарой, цӕмӕй мын мӕ адӕммӕ дӕр ма бавналой. 4Уымӕн ӕмӕ ӕз ӕмӕ мӕ адӕм уӕйгонд ӕрцыдыстӕм — хъуамӕ нӕ бындзагъд, быныскъуыд ӕмӕ бынсӕфт фӕкӕной. Нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй нӕ цагъар уӕд та куы саразиккой, уӕд мӕ дзыхыл ныххӕцин ӕмӕ паддзахы нӕ батыхсын кӕнин».

5«Чи у уагӕры? — баййардта паддзах Ксеркс Естеры. — Ӕмӕ кӕм ис, афтӕ бакӕнынмӕ йӕ ныфс чи бахаста, уый?» 6«Не знаг, нӕ фыдгул — мӕнӕ ацы саузӕрдӕ Аман», — загъта Естер. Уый фехъусгӕйӕ, Аманыл паддзах ӕмӕ йе’хсины раз фыр тӕссӕй ризӕг бахӕцыд. 7Паддзах йӕ маст нӕ урӕдта. Адӕргӕй фынгӕй фестади ӕмӕ галуаны дыргъдонмӕ йӕхи аппӕрста. Аман бамбӕрста, паддзах ын кӕй нӕ ныббардзӕн, уый. Естеры раз ӕргуыбыр кодта ӕмӕ ӕхсин-паддзахӕн хъуырыцъарӕй лӕгъстӕ кӕнынмӕ фӕци, цӕмӕй йӕ ма амарой. 8Паддзах фӕстӕмӕ куы ӕрбацыди ӕмӕ Аманы Естеры бадӕны раз гуыбырӕй куы федта, уӕд фӕхъӕр кодта: «Ӕхсин-паддзахмӕ дӕр ма дӕ зӕрдӕ бахъазыди мӕ тӕккӕ хӕдзары?!» Куыддӕр паддзахы дзыхӕй уыцы ныхӕстӕ схаудтой, афтӕ хъахъхъӕнджытӕ Аманы ацахстой.

9Паддзахы дӕлдӕртӕй иу, Харвона йӕ ном, загъта: «Афтӕмӕй Аман та Мардохейы тыххӕй, паддзахӕн хорзы чи бацыди, уый тыххӕй ныссадзын кодта цӕджындз, фӕндзай ӕлмӕрины бӕрзӕндӕн. Аманы хӕдзары раз цӕттӕйӕ лӕууы». «Уыцы цӕджындзыл ӕй ӕрцауындзут!» — загъта паддзах. 10Ӕмӕ ӕрцауыгътой Аманы, Мардохейӕн кӕй ӕрцӕттӕ кодта, уыцы цӕджындзыл. Ӕмӕ паддзахы маст ӕрсабыр ис.
Copyright information for OssIBT2022