Esther 8
1Аманмӕ, иудейӕгты знагмӕ, исбонӕй цыдӕриддӕр уыди, уый тӕккӕ уыцы бон паддзах Ксеркс ӕхсин-паддзах Естерӕн радта, Мардохеймӕ та фӕсидти, уымӕн ӕмӕ йын Естер раргом кодта, Мардохей йын цы бавӕййы, уый. 2Паддзах йе’нгуылдзӕй, Аманӕй фӕстӕмӕ кӕй райста, уыцы къухдарӕн рафтыдта, ӕмӕ йӕ Мардохейӕн радта, Естер та йӕ Аманы исбонӕн уагдарӕй сӕвӕрдта. 3Цӕссыгкалгӕ та Естер ногӕй паддзахы раз йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ йын лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй уый сӕххӕст кӕнын ма бауадза агагаг Аманы фыдвӕнд иудейӕгты ныхмӕ. 4Паддзах йӕ сыгъзӕрин лӕдзӕгӕй Естеры’рдӕм ацамыдта. Естер сыстади ӕмӕ паддзахы раз ӕрлӕууыди. 5Загъта: «Кӕд мӕ паддзахы хорзӕх ис ӕмӕ йын кӕд уыцы хъуыддаг фӕндон у ӕмӕ йӕ растыл нымайы, уӕд аивӕд, агагаг Хаммедатайы фырт Аман ӕппӕт паддзахады иудейӕгты ныццӕгъдыны тыххӕй цы уынаффӕ рахаста, уый. 6Уымӕн ӕмӕ, мӕ адӕмы сӕфтмӕ кӕсгӕйӕ, ӕз ӕнцад куыд лӕууон, куыд кӕсон ӕнцад мӕ туг, ме стӕджы сӕфтмӕ?» 7Ӕмӕ загъта паддзах Ксеркс ӕхсин-паддзах Естер ӕмӕ иудейаг Мардохейӕн: «Ӕз Аманы исбон радтон Естерӕн, йӕхи та йын цӕджындзыл сауыгътой, иудейӕгты кӕй цӕгъдын кодта, уый тыххӕй. 8Ныр сымах дӕр паддзахы номӕй бардзырд ныффыссут иудейӕгты тыххӕй, уӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, цавӕр хъӕуы, ахӕм. Паддзахы къухдарӕнӕй йӕ сфидар кӕнут: паддзахы номӕй фыст ӕмӕ йӕ къухдарӕнӕй фидаргонд уынаффӕйӕн ӕнӕ сӕххӕстгӕнгӕ нӕй». 9Уыйадыл ӕртыккаг мӕйы, сиваны, дыууын ӕртыккӕгӕм бон паддзахы нымӕрдартӕ ныффыстой ног уынаффӕ, Мардохей куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. Ӕппӕт иудейӕгтӕм, стӕй, паддзахады цы сӕдӕ дыууын авд бӕстӕйы ис — Индийӕ Эфиопийы онг, уыдоны хицӕуттӕ, бардартӕ ӕмӕ сӕргълӕуджытӕм ӕй фӕхӕццӕ кодтой: алы ранмӕ дӕр сӕхирдыгонау фыстӕй, алы адӕммӕ — сӕхи’взагыл, иудейӕгтӕм дӕр афтӕ — сӕхирдыгонау фыстӕй, сӕхи’взагыл. 10Паддзах Ксерксы номӕй фыст ӕмӕ йӕ къухдарӕнӕй фидаргонд уынаффӕйы халдихтӕ паддзахы дугъон бӕхтыл бынатмӕ фӕхӕццӕ кодтой фидиуджытӕ. 11Кӕцыфӕнды сахары ма уӕд, алы ран дӕр паддзах иудейӕгтӕн бар лӕвӕрдта, цӕмӕй, чидӕриддӕр сӕ бахъыгдара, уыдоны ныхмӕ ӕмбырдӕй ралӕууой ӕмӕ се знӕгты ӕд устытӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ бындзагъд ныккӕной, сӕ исбон та сын сӕхицӕн ӕрбатӕлӕт кӕной. 12Ксерксы паддзахады алы бӕстӕйы дӕр уыцы иу бон — дыууадӕсӕм мӕйы, адары, ӕртындӕсӕмы. 13Уагӕвӕрды тых кӕмӕн уыд, уыцы уынаффӕйы халдихтӕ хъуамӕ фӕхӕццӕ уыдаиккой алы бӕстӕтӕм, стӕй алы адӕмыхатмӕ дӕр, цӕмӕй иудейӕгтӕ уыцы бонмӕ сӕхи цӕттӕйӕ дардтаиккой ӕмӕ се знӕгтӕй сӕ маст райстаиккой. 14Паддзахы фӕндонмӕ гӕсгӕ фидиуджытӕ паддзахы дугъон бӕхтыл ӕвӕстиатӕй фӕцагайдтой. Уынаффӕ хъуыстгонд ӕрцыди Шушаны дӕр. 15Мардохей Ксерксӕй рацыди паддзахау хъӕздыг арӕзтӕй: ӕрвхуыз ӕмӕ урс зынаргъ дарӕсты, бӕрзонд зӕрин худы, лыстӕг гӕн ӕмӕ сӕнт сырх тӕбын уӕлӕфтауы. Шушан ради ӕмӕ цин кодта. 16Иудейӕгтӕ цин кодтой ӕмӕ радысты, хъӕлдзӕг ӕмӕ бӕрӕгбонхуыз уыдысты. 17Паддзахы уынаффӕ алы бӕстӕтӕм, алы сахартӕм куыд хӕццӕ кодта, афтӕ иудейӕгтӕн йемӕ хаста рухс ӕмӕ циндзинад, куывд ӕмӕ хъӕлдзӕгдзинад. Паддзахады иннӕ адӕмтӕй дӕр бирӕтӕ иудейӕгты дин райстой, уымӕн ӕмӕ сыл тас бахӕцыди сӕ разы.
Copyright information for
OssIBT2022