Esther 9
1Дыууадӕсӕм мӕйы, ома адары, ӕртындӕсӕм бон ралӕууыди. Уыцы бон паддзахы уынаффӕ хъуамӕ ӕххӕстгонд ӕрцыдаид, ӕмӕ знӕгтӕ сӕхицӕн ныфс ӕвӕрдтой, абон иудейӕгты нӕ къухтӕм хъӕуы, зӕгъгӕ. Фӕлӕ хъуыддаг цӕхгӕр ӕндӕрхуызон рауад: сӕхӕдӕг иудейӕгты къухтӕм бахаудтой. 2Уыцы бон Ксерксы паддзахады алы кӕрӕтты иудейӕгтӕ ӕрбамбырд сты сӕ сахарты, цӕмӕй сӕ фыдгултӕн аккаг фӕуой. Ӕмӕ сӕ ныхмӕ ничи фӕлӕууыди — адӕмтӕ сӕ иууылдӕр старстысты. 3Бынӕттон уӕлдӕр хицауӕй, ӕнӕуи хицауӕй, бардарӕй, паддзахы хъуыддӕгтӕ ӕххӕстгӕнӕгӕй — иууылдӕр Мардохейы тасӕй дзуттӕгты фарс фесты. 4Уымӕн ӕмӕ бирӕ бартӕ уыди Мардохейӕн паддзахы хӕдзары. Йӕ кой паддзахады алы кӕрӕттӕм айхъуысти. Бонӕй-бон хъомысджындӕр кодта. 5Иудейӕгтӕ се знӕгты иууылдӕр ныццагътой, кард дзы никӕмӕй раздӕхтой, мыггагыскъуыд сӕ фӕкодтой, аккаг сын фесты. 6Шушаны фидары иудейӕгтӕ ралӕууыдысты ӕмӕ амардтой фондзсӕдӕ адӕймаджы. 7Мард фесты: Паршандата, Далфон, Аспата, 8Пората, Адалиа, Аридата, 9Пармашта, Арисай, Аридай, Вайзата — 10иудейӕгты цыфыддӕр знаг Аманы, Хаммедатайы фырты, дӕс фырты. Сӕ амӕттӕгты мулкмӕ нӕ фӕцагайдтой иудейӕгтӕ. 11Шушаны фидары мӕрдты нымӕц уыцы тӕккӕ бон паддзахӕн фехъусын кодтой. 12Ӕмӕ паддзах загъта ӕхсин-паддзах Естерӕн: «Иудейӕгтӕ Шушаны ралӕууыдысты ӕмӕ амардтой фондзсӕдӕ адӕймаджы, уыдонимӕ Аманы дӕс фырты дӕр. Цымӕ паддзахады иннӕ рӕтты та цы бакодтой? Дӕу куыд фӕнды? Цавӕр курдиат ма дӕм ис? Ӕххӕстгонд ӕрцӕудзӕн». 13«Кӕд паддзахӕн фӕндон у, — дзуапп радта Естер, — уӕд бар раттӕд, цӕмӕй райсом дӕр Шушаны иудейӕгтӕ абоны уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайой. Аманы дӕс фырты мӕрдтӕ та цӕджындзыл ауыгъд ӕрцӕуӕнт». 14Паддзах загъта, цӕмӕй афтӕ бакӕной. Уынаффӕ Шушаны цӕрджытӕн фехъусын кодтой. Аманы дӕс фырты мӕрдтӕ цӕджындзыл ауыгъд ӕрцыдысты. 15Адары мӕйы цыппӕрдӕсӕм бон та Шушаны иудейӕгтӕ ногӕй ӕрбамбырд сты ӕмӕ ма ноджы ӕртӕсӕдӕ адӕймаджы амардтой, фӕлӕ мулкмӕ нӕ бавнӕлдтой. 16Паддзахады ӕндӕр рӕтты цӕрӕг иудейӕгтӕ дӕр ӕрбамбырд сты, цӕмӕй сӕхи бахъахъхъӕной ӕмӕ се знӕгтӕй фервӕзой. Сӕ фыдгултӕй ӕвдай фондз мин адӕймаджы ныццагътой, фӕлӕ сын сӕ мулкмӕ нӕ бавнӕлдтой. 17Уый уыди адары мӕйы ӕртындӕсӕм бон. Дыккаг бон ӕрсабыр сты — сӕхицӕн цины бон, бӕрӕгбон, скодтой. 18Шушаны цӕрӕг иудейӕгтӕ ӕрбамбырд сты ӕртындӕсӕм ӕмӕ цыппӕрдӕсӕмы. Ӕртыккаг бон ӕрсабыр сты — сӕхицӕн цины бон, бӕрӕгбон, скодтой. 19Уымӕ гӕсгӕ хъӕуты цӕрӕг иудейӕгтӕн адары мӕйы цыппӕрдӕсӕм бон у цины бон, бӕрӕгбон, ӕмӕ кӕрӕдзимӕ хуынтӕ фӕхӕссынц. 20– 21Уыцы хабӕрттӕ иууылдӕр Мардохей фӕфыста ӕмӕ йӕ фыстӕг Ксерксы паддзахады цӕрӕг иудейӕгтӕм — дард ран уой, хӕстӕг ран уой — се’ппӕтмӕ дӕр фервыста, цӕмӕй ӕрвылаз адары мӕйы цыппӕрдӕсӕм ӕмӕ фынддӕсӕм бонтӕ бӕрӕг кӕной. 22Уымӕн ӕмӕ уыцы бонты иудейӕгтӕ сӕ фыдгултӕй фервӕзтысты, уыцы бонты сӕ хъыг цинмӕ раивта, сӕ маст — бӕрӕгбонмӕ. Уӕдӕ сын суӕнт уыдон циндзинад ӕмӕ куывды бонтӕ, кӕрӕдзимӕ хуынтӕ куыд хӕссой, мӕгуыртӕн лӕвӕрттӕ куыд кӕной! 23Уӕдӕй фӕстӕмӕ иудейӕгтӕ, сӕхӕдӕг дӕр кӕй райдыдтой ӕмӕ ма сын Мардохей дӕр кӕмӕй загъта, уыцы ӕгъдау сӕхицӕн фӕткӕн райстой. 24Уымӕн ӕмӕ ӕппӕт иудейӕгты знаг Аман, агагаг Хаммедатайы фырт, сфӕнд кодта дзуттӕгты бабын кӕнын ӕмӕ уый тыххӕй пур (ома хал) ӕппӕрста, цӕмӕй сӕ бындзагъд фӕкӕна ӕмӕ сӕ фесафа. 25Фӕлӕ Естер паддзахмӕ куы бацыди, уӕд уый ног уынаффӕ рахаста, ӕмӕ Аман иудейӕгты ныхмӕ цы фыдвӕнд сарӕзта, уый йӕхи сӕрыл ӕрцыди — йӕхи дӕр ӕмӕ йын йӕ фыртты дӕр цӕджындзыл ӕрцауыгътой. 26– 27Уымӕн хуыйнынц уыцы бонтӕ Пурим: дзырд «пур»-мӕ гӕсгӕ. Фыстӕджы цы дзырдӕуыди ӕмӕ сӕхӕдӕг цы федтой ӕмӕ бавзӕрстой, уыдон бахынцгӕйӕ, иудейӕгтӕ уынаффӕ рахастой: сӕхицӕн, сӕ байзӕддӕгтӕн ӕмӕ сын сӕ дин чи райса, уыцы ӕцӕгӕлӕттӕн се’ппӕтӕн фӕткӕн баззайӕд ӕрвылаз уыцы дыууӕ боны, ӕгъдау куыд амоны, афтӕ бӕрӕг кӕнын. 28Уыцы бонтӕ зӕрдылдаринаг сты алы фӕлтӕр, алы хӕдзарвӕндагӕн дӕр, алы зылды, алы сахары дӕр! Иудейӕгтӕн рохгӕнӕн нӕй Пуримы бонтӕ! Мыггагмӕ дарӕнт сӕ зӕрдыл Пурим! 29– 30Ӕхсин-паддзах Естер, Авихаилы чызг, иудейаг Мардохеимӕ ногӕй ныффыста Пуримы тыххӕй ӕмӕ йын йӕ бӕрӕгбон сфидар кодта. Ӕмӕ фӕхӕццӕ ис уыцы фыст, цардамонд ӕмӕ ӕдасдзинадыл дзурӕг, Ксерксы паддзахады сӕдӕ дыууын авд бӕстӕйы цӕрӕг иудейӕгтӕм се’ппӕтмӕ дӕр. 31Цӕмӕй йӕ афоныл бӕрӕггонд цӕуа Пурим, ӕхсин-паддзах Естер ӕмӕ иудейаг Мардохейы фыстӕджыты куыд дзырдӕуы, афтӕ, ӕгъдауыл. Сӕ комдарӕн ӕмӕ хъарӕггӕнӕн бонты иудейӕгтӕ сӕхӕдӕг куыд схатдзӕг кодтой, афтӕ. 32Фыстыты баззади, Естер йӕ уынаффӕйӕ сфидар кодта Пуримы бӕрӕгбон, зӕгъгӕ.
Copyright information for
OssIBT2022