Esther 5
1Ӕртыккаг бон Естер йӕ уӕлӕ скодта йӕ паддзахфӕлыст, ацыд ӕмӕ паддзахы дуары раз слӕууыди. Паддзах йӕ къӕлӕтджыны бадти, йӕ цӕсгом — дуары’рдӕм. 2Естер-ӕхсины кӕрты лӕугӕ куы ауыдта, уӕд ӕм кӕсгӕйӕ аззади. Йӕ къухы цы зӕрин лӕдзӕг уыди, уымӕй йын ацамыдта. Естер хӕстӕг бацыди ӕмӕ лӕдзӕджы хъуымбылӕгыл бандзӕвыди къухӕй. 3Паддзах ӕй бафарста: «Цы дӕ хъӕуы, ӕхсин-паддзах Естер, цы курдиат дӕм ис? Ӕрмӕст ской кӕн, ӕмӕ дын паддзахады ӕмбис дӕр ратдзынӕн». 4Естер загъта: «Кӕд паддзахӕн фӕндон у, уӕд ӕй абон мӕ фынгмӕ хонын ӕмӕ мӕм Аманимӕ саккаг кӕнӕд». 5Паддзах загъта: «Аманмӕ фӕдзурут, ӕмӕ Естеры фӕндон ӕххӕстгонд куыд уа!» Уыйадыл паддзах Естеры хуындмӕ фӕзынди Аманимӕ. 6Сӕны нуазӕнтӕ систой, афтӕ та паддзах Естеры бафарста: «Цавӕр курдиат дӕм ис? Паддзахады ӕмбис куы бацагурай, уӕд дӕр дӕу у». 7– 8Естер загъта: «Курдиат мӕм бӕргӕ ис. Кӕд мӕ паддзахы хорзӕх уа, уӕд мын ӕй сӕххӕст кӕндзӕн. Райсом дӕр та паддзах мӕ хуындмӕ саккаг кӕнӕд Аманимӕ, ӕмӕ йын уӕд дзуапп ратдзынӕн». 9– 10Уыцы бон Аман уӕлдай зӕрдӕхъӕлдзӕг ӕмӕ буцӕй рараст йӕ хӕдзармӕ. Паддзахы галуаны ӕрбахизӕны Мардохейыл амбӕлд. Уый йӕ хъуыды дӕр не’ркодта. Цыт кӕныны охыл йӕ бынатӕй уӕлдай змӕлд нӕ фӕкодта. Аман мӕстӕй ссыгъди. Йӕхи йӕм тыххӕй баурӕдта, афтӕмӕй сӕхимӕ ацыди. Йӕ ус Зереш ӕмӕ йӕ хӕлӕрттӕм фӕдзурын кодта. 11Йӕхицӕй ӕппӕлынӕй сын нал ӕфсӕсти — куыд кадджын ӕмӕ бонджын у, куыд бирӕ фырттӕ йын ис, куыд хъулон у паддзахӕн иннӕ уӕздӕттӕ ӕмӕ дӕлбарты’хсӕн. 12«Суанг ма ӕхсин-паддзах Естер дӕр, — дзырдта Аман, — йӕ фынгмӕ мӕн йеддӕмӕ никӕй фӕхуыдта. Райсом дӕр та йӕм паддзахимӕ хуынд дӕн. 13Фӕлӕ мын уыдӕттӕ ад нал фӕкӕнынц, иудейаг Мардохейы паддзахы галуаны ӕрбахизӕны куы фенын, уӕд». 14Йӕ ус Зереш ӕмӕ йын йӕ хӕлӕрттӕ бауынаффӕ кодтой: «Фӕндзай ӕлмӕрины бӕрзӕндӕн цӕджындз ныссадзын кӕн ӕмӕ райсом паддзахӕн зӕгъ, цӕмӕй Мардохейы уыцы цӕджындзыл ӕрцауындзой. Ды та зӕрдӕхъӕлдзӕгӕй паддзахимӕ хуындмӕ ацӕудзынӕ». Аманмӕ хорз фӕкасти уыцы хъуыды, ӕмӕ цӕджындз ныссадзын кодта.
Copyright information for
OssIBT2022