Exodus 23
Рӕстӕй цӕр
1Дам-думтӕ ма хӕлиу кӕн. Тӕрхондоны фыдгӕнӕджы фарс ма рахӕц — мӕнгӕвдисӕн ын ма ныллӕу. 2Адӕмӕн сӕ фылдӕр галиу хъуыддаджы фарс сты, зӕгъгӕ, уӕд ды уыдоны ма фӕзм ӕмӕ тӕрхоны мидӕг рӕстдзинады сӕрты ма хиз фылдӕры зӕрдӕ балхӕнынӕн. 3Мӕгуыр лӕгӕн дӕр тӕрхондоны фарсласӕн ма кӕн. 4Де знаджы фос — гал уа ӕви хӕрӕг — куы фӕдзӕгъӕл уа ӕмӕ йыл афтӕмӕй искуы дӕ цӕст куы’рхӕца, уӕд ӕй ӕвӕстиатӕй йӕ хицаумӕ баздах. 5Дӕ фыдгулы хӕрӕг йӕ уаргъы бын ӕрхауди, уый куы фенай, уӕд йӕ иувӕрсты ма ацу — хӕрӕджы хицаумӕ фӕкӕс, ӕмӕ йӕ сыстын кӕнут иумӕ. 6Раст ӕвзар дӕ мӕгуыр ӕфсымӕры хъаст. 7Дӕхи хиз галиу тӕрхон рахӕссынӕй, ӕназым ӕмӕ рӕстаджы ма амарын кӕн — ахӕм фыдгӕнӕг Мӕ азарӕй нӕ аирвӕздзӕн. 8Гӕртӕмттӕ ма ис. Гӕртам цӕстджыны куырм кӕны, раст ӕвдисӕнӕн йӕ хъару сӕтты. 9Ӕрцӕуӕггаджы ма’фхӕр. Сымах зонут, ӕцӕгӕлон зӕххыл цӕрын куыд зын у, уый: уӕхӕдӕг дӕр Мысыры ӕрцӕуӕггӕгтӕ уыдыстут.Сабаты аз ӕмӕ сабатбоны тыххӕй амындтытӕ
10Ӕхсӕз азы дӕргъы таут уӕ хуымтӕ ӕмӕ сын ӕфснайут сӕ бӕркад, 11фӕлӕ-иу сӕ ӕвдӕм аз мауал байтаут. Йӕхигъӕдӕй уӕ хуымты цы’рзайа, уый-иу хӕрӕнт уӕ адӕмы мӕгуыртӕ, уыдоны уӕлдӕйттӕ та — сырдтӕ. Афтӕ-иу бакӕнут уӕ сӕндӕттӕ ӕмӕ уӕ оливӕ бӕлӕстӕн дӕр. 12Ӕхсӕз боны дӕргъы кӕнут уӕ хъуыддӕгтӕ, ӕвдӕм бон та уын уӕд ӕнцойы бон, цӕмӕй баулӕфой уӕ галтӕ ӕмӕ уӕ хӕрджытӕ дӕр, сӕ фӕллад суадзой уӕ цагъайраг сылгоймӕгты фырттӕ ӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕ. 13Ӕххӕст кӕнут, цыдӕриддӕр уын бафӕдзӕхстон, уыдон. Ӕндӕр хуыцӕуттӕн ма кувут, сӕ нӕмттӕ уӕ дзыхӕй дӕр ма хауӕнт.Афӕдзы ӕртӕ стыр бӕрӕгбоны
14Афӕдзӕй-афӕдзмӕ Мын бӕрӕгбон кӕнут ӕртӕ хатты. 15Фыццаджыдӕр, бӕрӕг кӕнут Донгонд дзулты бӕрӕгбон. Куыд уын бафӕдзӕхстон, афтӕ — авивы мӕйы (уыцы мӕй рацыдыстут Мысырӕй) нысангонд бонты, авд боны дӕргъы, хӕрут донгонд дзултӕ. Афтидармӕй уӕ Мӕ размӕ мачи ӕрбацӕуӕд. 16Бӕрӕг кӕнут Къуыриты бӕрӕгбон — уӕ хуымты цы хор байтыдтат, уымӕн йӕ фыццаг тыллӕджы бӕрӕгбон. Ноджы ма афӕдзы кӕрон бӕрӕг кӕнут Тыллӕгӕфснайӕн ▼▼Фӕстӕдӕр йӕ ном — Халагъудты бӕрӕгбон.
дӕр. 17Уӕ нӕлгоймӕгтӕ се’ппӕт дӕр афӕдз ӕртӕ хатты хъуамӕ ӕрлӕууой Бардарӕг Дунедарӕджы раз. 18Кусарт Мын куы кӕнат, уӕд-иу уӕ кусӕрттаджы туг ӕнхъизӕнӕй конд дзулыл ма’ркӕлӕд. Мӕ бӕрӕгбӕтты нывӕндты фиу райсоммӕ макуы ныууадзут. 19Дӕ хуымы хоры сӕртӕ-иу ӕрбахӕсс дӕ Хуыцауы — Дунедарӕджы хӕдзармӕ. Сӕныччы йӕ мады ӕхсыры ма фыц. Хуыцауы зӕрдӕбавӕрдтӕ
20Мӕ зӕды уын ӕрвитын уӕ разӕй, цӕмӕй уӕ хъахъхъӕна фӕндагыл ӕмӕ уӕ бахӕццӕ кӕна, цы бынат уын ӕрцӕттӕ кодтон, уырдӕм. 21Нымайут ӕй ӕмӕ йӕм хъусут. Йӕ ныхмӕ ма рацӕут — нӕ уын ныббардзӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ мидӕг цӕры Мӕ ном. 22Куы йӕм хъусат ӕмӕ, Ӕз цы зӕгъон, уый куы ӕххӕст кӕнат, уӕд уыдзынӕн уӕ фыдгулты фыдгул ӕмӕ уе’фхӕрджыты ӕфхӕрӕг. 23Мӕ зӕд ацӕудзӕн уӕ разӕй ӕмӕ уӕ бакӕндзӕн аморӕгтӕм, хеттӕгтӕм, периззӕгтӕм, ханаанӕгтӕм, хиввӕгтӕм ӕмӕ йевусӕгтӕм — ӕмӕ Ӕз бабын кӕндзынӕн уыцы адӕмты. 24Сымах-иу сын се’наккаг митӕ ма бафӕзмут: сӕ хуыцӕуттӕм сын мадӕр кувгӕ кӕнут, мадӕр сын лӕггад кӕнут. Сфӕлдахут сын сӕ гуымирытӕ ӕмӕ сын ныппырх кӕнут сӕ табуйаг дуртӕ. 25Лӕггад кӕнут Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн — уӕд уын раарфӕ кӕндзынӕн уӕ къӕбӕр ӕмӕ уӕ донӕн, фӕсурдзынӕн уын уӕ низтӕ. 26Нӕ-иу фефхӕлц уыдзысты уӕ сылгоймӕгтӕ, нӕ уын уыдзысты ӕнӕзӕнӕг. Уӕ царды бонтӕ уын баххӕст кӕндзынӕн. 27Уӕ разӕй уын арвитдзынӕн Мӕ азар, ӕмӕ-иу цы адӕмтӕм бацӕуат, уыдонӕн сӕ сӕр сӕ кой суыдзӕн, уӕ фыдгултӕ-иу лидзӕг фӕуыдзысты. 28Фыд азар уын арвитдзынӕн уӕ разӕй, ӕмӕ удаистӕй лидздзысты хиввӕгтӕ, ханаанӕгтӕ ӕмӕ хеттӕгтӕ. 29Ӕцӕг сӕ ӕвӕстиатӕй — иу афӕдзмӕ — нӕ асурдзынӕн, цӕмӕй бӕстӕ ма федзӕрӕг уа ӕмӕ хъӕддаг сырдтӕ ма сбирӕ уой уӕ алыварс ӕмӕ уӕ ма стыхсын кӕной. 30Чысылгай сӕ сурдзынӕн, цалынмӕ уӕхӕдӕг сбирӕ уат ӕмӕ уыцы бӕстӕ иууылдӕр уӕхи бакӕнат, уӕдмӕ. 31Уӕ зӕххытӕ уын айтындздзынӕн Сырх денджызӕй Филистимаг денджызы онг ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдырӕй Евфраты онг. Бӕстӕйы ӕппӕт цӕрджыты дӕр уын ратдзынӕн уӕ къухтӕм ӕмӕ сӕ фӕсурдзыстут уӕ разӕй. 32Мадӕр-иу семӕ, мадӕр сӕ хуыцӕуттимӕ саразут фидыд. 33Уыцы адӕмтӕ хъуамӕ ма цӕрой сымах зӕххыл, науӕд уӕ фӕтӕригъӕдджын кӕндзысты — Мӕ ныхмӕ уӕ сардаудзысты. Уыдоны хуыцӕуттӕн лӕггад кӕнгӕйӕ, сымах цъысымы бахаудзыстут».
Copyright information for
OssIBT2022