Exodus 25
Хъӕугӕ ӕрмӕг Фембӕлды Цатыр саразынӕн
1Дунедарӕг Моисейӕн загъта: 2«Израилӕгтӕн зӕгъ, ӕмӕ Мын мысайнӕгтӕ ӕрӕмбырд кӕной. Кӕй цы фӕнды, уый раттӕд. 3Ӕмбырд кӕнут ахӕм лӕвӕрттӕ: сыгъзӕрин, ӕвзист ӕмӕ ӕрхуы, 4ӕрвхуыз, тар сырх ӕмӕ сӕнт сырх тӕбын, лыстӕг гӕнӕй уафт хъуымӕцтӕ ӕмӕ тинтъычъи, 5ӕлдыгъгонд ӕмӕ сырхахуырст фысдзӕрмттӕ, гогырӕ сӕрак ӕмӕ акъацийы хъӕдӕрмӕг, 6оливӕйы сой — цырагъӕн, хӕрздӕфгӕнӕнтӕ — сӕрдӕн сойӕн ӕмӕ будӕн, 7оникс ӕмӕ фӕлгӕты бавӕргӕ ӕндӕр зынаргъ дуртӕ — ефод ӕмӕ риуылдарӕн фӕлындынӕн. 8Израилӕгтӕ Мын саразӕнт Уаз Цӕрӕн, цӕмӕй се’хсӕн цӕрон. 9Скӕнут Мын Цатыр ӕмӕ йе’ппӕт дзауматӕ, Ӕз дын цы хуызӕг равдисдзынӕн, уымӕ гӕсгӕ.Фидыды Чырын
10Акъацийӕ саразӕнт Фидыды Чырын, йӕ дӕргъ — дыууӕ ӕлмӕрины ӕмӕ ӕрдӕг, йӕ уӕрх — ӕлмӕрин ӕмӕ ӕрдӕг, йӕ бӕрзӕнд — ӕлмӕрин ӕмӕ ӕрдӕг. 11Мидӕгӕй дӕр ӕмӕ йӕ ӕдде дӕр сыгъдӕг сыгъзӕринӕй састӕр, йӕ кӕрӕттыл ын сыгъзӕрин мӕскъ ауадз. 12Сараз цыппар сыгъзӕрин цӕджы ӕмӕ сӕ бафидар кӕн Фидыды Чырыны цыппар къахыл: дыууӕ цӕджы — йӕ иу фарсыл, дыууӕ та — йӕ иннӕ фарсыл. 13Акъацийӕ скӕн хъилтӕ ӕмӕ сӕ сыгъзӕринӕй састӕр. 14Хъилтӕ — Фидыды Чырын хӕссынӕн, йӕ фӕйнӕфарс сӕ цӕгты батъысс. 15Ӕдзухдӕр хъуамӕ цӕгты тъыст уой — уырдыгӕй сын исӕн нӕй. 16Фидыды Чырыны-иу нывӕр, къӕйдуртыл фыстӕй дын цы фӕдзӕхстытӕ ратдзынӕн, уыдон. 17Фидыды Чырынӕн йӕ сӕр скӕн сыгъдӕг сыгъзӕринӕй: йӕ дӕргъ — дыууӕ ӕлмӕрины ӕмӕ ӕрдӕг, йӕ уӕрх — ӕлмӕрин ӕмӕ ӕрдӕг. 18– 19Йӕ фӕйнӕ кӕроныл ын ныффидар кӕн сыгъзӕрины фӕйнӕ ӕнӕхъӕн къӕрттӕй арӕзт дыууӕ херувимы. 20Се’ргом — кӕрӕдзимӕ, сӕ цӕстӕнгас — Фидыды Чырыны сӕрмӕ, херувимтӕ йын сӕ хӕрдмӕтыгъд базыртӕй ӕмбӕрздзысты йӕ сӕр. 21Фидыды Чырыны нывӕр, цы фӕдзӕхстытӕ дын ратдзынӕн, уыдон ӕмӕ йыл йӕ сӕр ӕрӕвӕр. 22Ӕз-иу дӕм раргом уыдзынӕн Фидыды Чырыны сӕрмӕ, дыууӕ херувимы астӕу, ӕмӕ дӕу уылты израилӕгтӕн Мӕ фӕдзӕхстытӕ хъусын кӕндзынӕн.Фынг дзултӕ ӕвӕрынӕн
23Акъацийӕ сараз фынг, йӕ дӕргъ — ӕлмӕрин ӕмӕ ӕрдӕг, йӕ уӕрх — ӕлмӕрин, йӕ бӕрзӕнд — ӕлмӕрин ӕмӕ ӕрдӕг. 24Састӕр ӕй сыгъдӕг сыгъзӕринӕй, стӕй йын йӕ алыварс сыгъзӕрин мӕскъ ауадз. 25Фынджы кӕрӕтты скӕн армытъӕпӕны бӕрзӕндӕн сис ӕмӕ йыл сыгъзӕрин мӕскъ ауадз. 26Сыгъзӕринӕй сараз цыппар цӕджы ӕмӕ сӕ бафидар кӕн фынджы къӕхты сӕрмӕ, йӕ цыппар фисыны. 27Хъуамӕ цӕгтӕ ӕнгом бацӕуой сисмӕ — хъилтӕ-иу сӕ атъысдзысты, фынг ӕндӕр ранмӕ хӕссын куы хъӕуа, уӕд. 28Фынгхӕссӕн хъилтӕ скӕн акъацийӕ ӕмӕ сӕ састӕр сыгъзӕринӕй. 29Сыгъдӕг сыгъзӕринӕй скӕн тӕбӕгътӕ, сӕнӕн та — къустӕ, куыситӕ, хъуыраутӕ ӕмӕ хъалацтӕ. 30Фынгыл хъуамӕ ӕвӕрай дзултӕ — ӕдзух Мӕ разы чи хъуамӕ уа, уыдон.Сыгъзӕрин цырагъдарӕн
31Сыгъдӕг сыгъзӕринӕй рацӕгъд цырагъдарӕн, йе’ппӕт хӕйттӕ дӕр — йӕ зӕнг, йӕ къалиутӕ ӕмӕ йӕ къусгӕндтӕ, уыдоны бын тымбылӕгтӕ ӕмӕ дидинсыфтӕ — иу ӕнӕхъӕн къӕрттӕй куыд уой, афтӕ. 32Цырагъдарӕныл хъуамӕ уа ӕхсӕз къалиуы: ӕртӕ къалиуы — иуӕрдыгӕй, ӕртӕ — иннӕрдыгӕй. 33Алы къалиуыл дӕр уӕд ӕртӕ къусчы, миндал-ӕхсӕры дидинкъусчы хуызӕттӕ, ӕд тымбылӕгтӕ ӕмӕ ӕд дидинсыфтӕ. 34Цырагъдарӕнӕн йӕ зӕнгыл уӕд цыппар къусчы, миндал-ӕхсӕры дидинкъусчы хуызӕттӕ, ӕд тымбылӕгтӕ ӕмӕ ӕд дидинсыфтӕ. 35Фыццаг дыууӕ къалиуы бынмӕ — тымбылӕг, дыккаг дыууӕ къалиуы бынмӕ — тымбылӕг ӕмӕ ӕртыккаг дыууӕ къалиуы бынмӕ — тымбылӕг; афтӕ хъуамӕ уа цырагъдарӕны ӕхсӕз къалиуы бынмӕ дӕр. 36Цырагъдарӕн ӕнӕхъӕнӕй дӕр — ӕд къусчытӕ, ӕд тымбылӕгтӕ, ӕд дидинсыфтӕ, ӕд къалиутӕ, ӕд зӕнг — хъуамӕ уа сыгъдӕг сыгъзӕрины ӕнӕхъӕн къӕрттӕй цагъд. 37Цырагъдарӕнӕн скӕн авд цырагъы ӕмӕ йыл сӕ ӕрӕвӕр, цӕмӕй йын рухс кӕной йӕ раз. 38Сыгъдӕг сыгъзӕринӕй йын скӕн ӕртыскӕн ӕмӕ фыййӕгтӕ. 39Йе’ппӕт дзауматимӕ йыл бахардз кӕн сыгъдӕг сыгъзӕрины иу талант ▼▼Талант — уӕзбарӕн иуӕг, 40 килограммы бӕрц.
. 40Хъусыс, хохыл дын кӕй равдыстӕуыд, уый халдих куыд уа, ӕппӕт дӕр афтӕ сараз.
Copyright information for
OssIBT2022