‏ Exodus 28

Алчеры дарӕс

1Израилӕгты’хсӕнӕй фӕсид де’фсымӕр Ааронмӕ ӕмӕ йӕ фырттӕм, цӕмӕй уыдон Мӕ сауджынтӕ уой: Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ Надав, Авигу, Елеазар ӕмӕ Итамар. 2Де’фсымӕр Ааронӕн скӕнын кӕн уаз дарӕстӕ — кад ӕмӕ рӕсугъддзинады нысанӕн. 3Се скӕнын сын, ахӕм дӕсныйад кӕмӕн радтон, уыцы арӕхстджынтӕн бафӕдзӕхс, ӕмӕ Мын Аароны сауджынлӕггадӕн снывонд кӕн. 4Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн сцӕттӕ кӕнӕнт ахӕм уаз дарӕс: риуылдарӕн, ефод, пӕлӕз, нывӕфтыд хӕдон, сарыхъ ӕмӕ рон, цӕмӕй Мын сауджынлӕггад кӕной. 5Уыдӕттӕ скӕнынӕн райсӕнт сыгъзӕрин, стӕй ӕрвхуыз, тар сырх ӕмӕ сӕнт сырх тӕбын ӕмӕ лыстӕг гӕн.

6Ефод скӕнӕнт сыгъзӕрин ӕндахӕй, ӕрвхуыз, тар сырх ӕмӕ сӕнт сырх тӕбынӕй ӕмӕ здыхт гӕнӕй, нывӕфтыдтимӕ. 7Ефоды дыууӕ кӕроныл хъуамӕ фидаргонд уа дыууӕ уӕхскбосы. 8Ефодӕн йӕ астӕубос дӕр хъуамӕ уа, йӕхӕдӕг цӕмӕй у, уымӕй: сыгъзӕрин ӕндахӕй, ӕрвхуыз, тар сырх ӕмӕ сӕнт сырх тӕбынӕй ӕмӕ здыхт гӕнӕй.

9Райс дыууӕ оникс дуры ӕмӕ сыл скъах Израилы фыртты нӕмттӕ: 10ӕхсӕз номы куыд хистӕрӕй скъах иу дурыл, ӕхсӕз та — иннӕ дурыл. 11Уыцы дыууӕ дурыл Израилы фыртты нӕмттӕ скъах, дурыл мыхуыр куыд скъахынц, афтӕ. Дуртӕ бавӕр сыгъзӕрин фӕлгӕтты 12ӕмӕ сӕ бафидар кӕн ефоды уӕхскбостыл. Уыцы дуртӕ — Израилы фыртты мысынӕн. Аарон сын Дунедарӕджы раз сӕ нӕмттӕ хӕссӕд йӕ дыууӕ уӕхскыл — мысынӕн. 13Сыгъзӕрин фӕлгӕттӕ сараз, 14сыгъдӕг сыгъзӕринӕй сараз бӕндӕнау здыхт дыууӕ рӕхысы ӕмӕ сӕ фӕлгӕттӕм бафидар кӕн.

Алчеры риуылдарӕн

15Ноджы ма скӕн Дунедарӕджы амындтыты риуылдарӕн, уый дӕр, ефодау, — сыгъзӕрин ӕндӕхтӕй, ӕрвхуыз, тар сырх ӕмӕ сӕнт сырх тӕбынӕй, стӕй здыхт гӕнӕй, нывӕфтыдтимӕ. 16Уӕд цыппӕрдигъон, дӕргъмӕ дӕр ӕмӕ уӕрхмӕ дӕр — уылынг, дыдагъ уӕфтӕгӕй конд. 17Риуылдарӕныл скӕн фӕлгӕттӕ зынаргъ дурты цыппар рӕнхъӕн. Фыццаг рӕнхъы уыдзысты лал, топаз, изумруд; 18дыккаджы — малахит, сапфир, алмаси; 19ӕртыккаджы — гиацинт, агат, аметист; 20цыппӕрӕмы — хризолит, оникс, яшмӕ. Бавӕрын сӕ хъӕудзӕни сыгъзӕрин фӕлгӕтты. 21Дуртӕ нымадӕй уӕнт дыууадӕс, Израилы фыртты нӕмттимӕ: мыхуырыл фыст куыд скъахынц, афтӕ сыл къахт ӕрцӕуӕнт Израилы дыууадӕс хӕдзарвӕндаджы нӕмттӕ, алы дурыл дӕр — иу ном.

22Риуылдарӕнӕн сыгъдӕг сыгъзӕринӕй сараз здыхтбыд рӕхысбостӕ. 23Скӕн дыууӕ сыгъзӕрин цӕджы ӕмӕ сӕ риуылдарӕнӕн йӕ дыууӕ къуымы бафидар кӕн, 24дыууӕ здыхтбыд рӕхысбосӕй сӕ баиу кӕн 25дыууӕ фӕлгӕтимӕ, фӕлгӕттӕ та ефоды уӕхскбостӕм бафидар кӕн разӕрдыгӕй.

26Ноджы ма скӕн дыууӕ сыгъзӕрин цӕджы ӕмӕ сӕ риуылдарӕны бинаг дыууӕ къуымыл мидӕджырдыгӕй, риуылдарӕн ефодимӕ кӕм иу кӕны, уым бафидар кӕн. 27Ноджы ма скӕн дыууӕ сыгъзӕрин цӕджы ӕмӕ сӕ бафидар кӕн ефоды раззаг хайыл, бынӕй, ефодӕн йӕ астӕубосы сӕрмӕ. 28Риуылдарӕны бинаг цӕгтӕ ефоды цӕгтимӕ баст ӕрцӕуӕнт ӕрвхуыз синагӕй, астӕубосы сӕрмӕ риуылдарӕн ефодыл ӕнгом куыд бада, афтӕ.

29Аарон, Уаз Цӕрӕнмӕ цӕугӕйӕ, йӕ риуыл — риуылдарӕныл — хӕссӕд Израилы фыртты нӕмттӕ, Дунедарӕджы раз сӕ ӕнӕсцухӕй мысыны охыл.

30Амындтыты риуылдарӕны бавӕр урим ӕмӕ туммим, хъуамӕ уой Аароны риуыл, Дунедарӕджы размӕ-иу куы цӕуа, уӕд. Аарон Дунедарӕджы раз куы лӕууа, уӕд кӕддӕриддӕр йӕ риуыл уӕнт Дунедарӕджы амындтытӕ Израилы адӕмӕн.

Алчеры иннӕ дарӕстӕ

31Ефоды бын дарынӕн скӕн пӕлӕз, ӕгасӕй дӕр — ӕрвхуыз. 32Пӕлӕзы астӕуӕй уӕд къӕртт — сӕрыл ӕркӕнынӕн. Йӕ кӕрӕттыл уӕд фидар уӕфтӕджы уадздзаг хуыд, цӕмӕй ма скъуыйа. 33Пӕлӕзы фӕччийыл кӕрӕй-кӕронмӕ ӕрвхуыз, тар сырх ӕмӕ сӕнт сырх тӕбынӕй скӕн гранаты дыргъты ӕнгӕс тымбылӕгтӕ, уыдоны’хсӕнты та ӕрцауындз сыгъзӕрин дзӕнгӕрджытӕ. 34Фӕччитыл кӕрӕй-кӕронмӕ, ӕхсӕнмӕ-ӕхсӕнты — сыгъзӕрин дзӕнгӕрӕг ӕмӕ тымбылӕг, сыгъзӕрин дзӕнгӕрӕг ӕмӕ тымбылӕг. 35Уыцы пӕлӕз хъуамӕ уа Аароныл, лӕггад куы кӕна, уӕд, цӕмӕй Уаз Цӕрӕнмӕ, Дунедарӕджы размӕ, цӕугӕйӕ, стӕй уырдыгӕй фӕстӕмӕ цӕугӕйӕ дӕр, хъуыса дзӕнгӕрджыты зӕлланг, — науӕд амӕлдзӕн.

36Сараз уадздзаг сыгъдӕг сыгъзӕринӕй ӕмӕ, мыхуырыл фыстытӕ куыд скъахынц, афтӕ йыл скъах: „Дунедарӕджы уаз хай“. 37Ӕрвхуыз синагӕй йӕ бабӕтт сарыхъы ӕдде, разӕрдыгӕй, 38Аароны ныхыл. Аарон дзуапп дӕтты, израилӕгтӕ, сӕ уаз хуынтӕ ӕмӕ нывӕндтӕ хӕсгӕйӕ, цы рӕдыдтытӕ ӕруадзынц, ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй, ӕмӕ сын-иу Дунедарӕг цӕмӕй сӕ куывд айса, уый тыххӕй уыцы сыгъзӕрин уадздзаг ӕдзухдӕр хъуамӕ Аароны ныхыл уа.

39Ааронӕн лыстӕг гӕнӕй бауаф нывӕфтыд хӕдон, скӕн ын сарыхъ лыстӕг гӕнӕй, бауаф ын нывӕфтыд рон.

Сауджынты дарӕстӕ

40Аароны фырттӕн бауаф хӕдӕттӕ, рӕттӕ ӕмӕ сӕрылбӕттӕнтӕ — кад ӕмӕ аивы нысанӕн. 41Ӕппӕт уыцы дарӕстӕ скӕн де’фсымӕр Аарон ӕмӕ йӕ фырттыл. Уыйфӕстӕ оливӕйы сойӕ байсӕрд Аарон ӕмӕ йӕ фыртты, срухс сӕ кӕн ӕмӕ сӕ сауджынлӕггадӕн снывонд кӕн, ӕмӕ уой Мӕ сауджынтӕ.

42Гӕнӕй сын бауафын кӕн цыбыр, зӕнджы фӕтасӕнтӕм чи ӕххӕсса, ахӕм хӕлӕфтӕ — сӕ худинаг ӕмбӕрзынӕн. 43Уыцы хӕлӕфтӕ уӕнт Аарон ӕмӕ йӕ фырттыл, Фембӕлды Цатырмӕ цӕугӕйӕ, кӕнӕ, Уаз Цӕрӕны уаз куыст кӕнгӕйӕ, нывондхӕссӕнмӕ куы баввахс вӕййынц, уӕд, цӕмӕй азымджын ма фӕуой ӕмӕ ма амӕлой. Уый у мыггагмӕйы уагӕвӕрд Аарон ӕмӕ йӕ байзӕддагӕн.
Copyright information for OssIBT2022