Exodus 29
Сауджын суӕвыны тыххӕй амындтытӕ
1Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ цӕмӕй Мӕ сауджынтӕ суой, уый тыххӕй Мын сӕ срухс кӕн мӕнӕ афтӕ. Равзар иу гал ӕмӕ дыууӕ ӕнӕсахъат фыры. 2Райс донгонд дзул, сойхӕццӕ донгонд гуылтӕ ӕмӕ сойхӕццӕ донгонд лауаситӕ — се’ппӕт дӕр ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссадӕй — 3ӕмӕ сӕ нывӕр иу чыргъӕды. Чыргъӕд ӕрбахӕсс, ӕрбакӕн гал ӕмӕ дыууӕ фыры дӕр. 4Аарон ӕмӕ йӕ фыртты ӕрбакӕн Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ ӕмӕ сӕ донӕй ӕрӕхс. 5Аароныл скӕн йӕ дарӕс — хӕдон, ефоды бын цы пӕлӕз вӕййы, уый, стӕй ефод ӕмӕ риуылдарӕн. Ефод ыл йӕ астӕубосӕй ӕрбабӕтт. 6Йӕ сӕрыл ын ӕркӕн сарыхъ, сарыхъыл та разӕй сӕвӕр уаз уадздзаг. 7Уый фӕстӕ райс оливӕйы сой, йӕ сӕрыл ын ӕй рауадз ӕмӕ йӕ байсӕрд. 8Аароны фыртты дӕр ӕрбакӕн ӕмӕ сыл скӕн хӕдӕттӕ. 9Аарон ӕмӕ йӕ фырттыл ӕрбабӕтт рӕттӕ, сӕрылбӕттӕнтӕ сыл бабӕтт. Ӕмӕ уӕд сауджынлӕггад мыггагмӕ суыдзӕни уыдоны. Афтӕмӕй сӕ сауджынлӕггадӕн снывонд кӕндзынӕ. 10Фембӕлды Цатыры размӕ ӕрбакӕн гал, ӕмӕ йын Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сӕ къухтӕ йӕ сӕрыл ӕрӕвӕрӕнт. 11Дунедарӕджы раз, Цатыры къӕсӕрмӕ, аргӕвд галы, 12стӕй йын йӕ тугӕй де’нгуылдзыл сис ӕмӕ дзы нывондхӕссӕны сыкъатӕ ацахор, иннӕ туг та иууылдӕр нывондхӕссӕны рӕбын акал. 13Уый фӕстӕ райс, хуылфыдзаумӕттыл цы фиу ис, уый, игӕры ӕфтуанхай, стӕй уыргтӕ ӕд фиу. Нывондхӕссӕныл сӕ басудз. 14Галӕн йӕ фыд, йӕ царм, йӕ хуылфыдзаума та рӕсӕнуаты ӕдде арты хай бакӕн. Уый у тӕригъӕды нывонд. 15Ӕрбакӕн-иу фыр, ӕмӕ йын Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сӕ къухтӕ йӕ сӕрыл ӕрӕвӕрӕнт. 16Фыры аргӕвд ӕмӕ йын йӕ туг нывондхӕссӕныл алырдыгӕй бакал. 17Фырӕн йӕхи суӕнгтӕ кӕн, йӕ хуылфыдзаумӕттӕ ӕмӕ йын йӕ къӕхтӕ ссыгъдӕг кӕн, сӕр ӕмӕ сӕ иннӕ уӕнгты уӕлӕ ӕрӕвӕр 18ӕмӕ йӕ афтӕмӕй иууылдӕр нывондхӕссӕныл басудз. Уый у иууылсудзинаг нывонд Дунедарӕгӕн, ӕхцон хӕрздӕф, арты нывонд Дунедарӕгӕн. 19Ӕрбакӕн дыккаг фыр, ӕмӕ уымӕн дӕр Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сӕ къухтӕ йӕ сӕрыл ӕрӕвӕрӕнт. 20Ды-иу ӕй аргӕвд ӕмӕ йын йӕ тугӕй ацахор Аарон ӕмӕ йӕ фыртты рахиз хъусты ӕлгътӕ, стӕй сӕ рахиз къухты хистӕр ӕнгуылдзтӕ ӕмӕ сӕ рахиз къӕхты хистӕр ӕнгуылдзтӕ. Иннӕ туг-иу нывондхӕссӕныл алырдыгӕй бакал. 21Уый фӕстӕ райс, нывондхӕссӕныл цы туг уа, уымӕй, стӕй сӕрдӕн сой ӕмӕ дзы бапырх кӕн Аароныл ӕмӕ йӕ дарӕсыл, стӕй Ааронӕн йӕ фырттыл ӕмӕ сӕ дарӕсыл, ӕмӕ афтӕмӕй снывонд чындӕуыдзӕн Ааронӕн йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ дарӕс дӕр, стӕй Аароны фырттӕн сӕхи дӕр ӕмӕ сӕ дарӕс дӕр. 22Кусартӕн райс йӕ сойтӕ: дымӕг, хуылфыдзаумӕттыл цы фиу ис, уый иууылдӕр, игӕры ӕфтуанхай, уыргтӕ ӕд фиу, стӕй ма, фырӕн, сауджын суӕвыны тыххӕй нывондӕн хаст кӕй ӕрцыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ рахиз сгуы дӕр. 23Дунедарӕджы раз цы донгонд дзулты чыргъӕд ис, уыдонӕй дӕр сис: иу — дзул, иу — сойхӕццӕ хыссӕйӕ конд, иу — тӕнӕг. 24Иууылдӕр сӕ Аарон ӕмӕ йӕ фыртты къухтӕм ратт ӕмӕ сын сӕ Дунедарӕджы раз хӕрдмӕ сисын кӕн, нывонд Ын кӕй сты, уый охыл. 25Уый фӕстӕ сын сӕ райс сӕ къухтӕй ӕмӕ сӕ иууылсудзинагимӕ нывондхӕссӕныл басудз Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн, арты нывондӕн. 26Аароны сауджын скӕныны охыл нывондӕн цы фыр ӕрхастой, уымӕн йӕ кӕразимаг райс ӕмӕ йӕ Дунедарӕджы раз хӕрдмӕ сис. Уый уыдзӕни дӕ хай. 27Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн рахицӕн кӕн, хӕрдмӕ кӕй систӕуыд, нывондӕн хаст фыры уыцы кӕразимаг ӕмӕ рахиз сгуы ӕмӕ сӕ уазыл банымай. 28Израилӕгтӕ сӕ раттӕнт Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн, ӕмӕ сын уый уӕд мыггагмӕйы уагӕвӕрд. Сӕ фидыды нывӕндтӕй дӕр мысайнаг хицӕн кӕнӕнт Дунедарӕджы номыл. 29Аароны уаз дарӕс йӕ фӕстӕ баззайӕд йӕ байзӕддӕгтӕн: сӕ уӕлӕ-иу сӕ скӕндзысты, куы-иу сӕ сӕрдой ӕмӕ сӕ сауджынлӕггадӕн куы нывонд кӕной, уӕд. 30Йӕ байзӕддагӕй йӕ фӕстӕ сауджын чи суа, уый-иу сӕ скӕнӕд ӕмӕ сӕ фӕдарӕд авд боны дӕргъы — Фембӕлды Цатырмӕ-иу бацӕуӕд ӕмӕ Уаз Цӕрӕны лӕггад кӕнӕд уыцы дарӕсы. 31Нывонд фыры дзидза райс ӕмӕ йӕ уаз бынаты сфыц. 32Дзидза дӕр ӕмӕ чыргъӕды дзултӕ дӕр Аарон йӕ фырттимӕ хӕрӕд Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ. 33Хъуамӕ сӕхӕдӕг бахӕрой, ссыгъдӕг кӕнын, сауджын скӕнын ӕмӕ срухс кӕныны тыххӕй сын цы нывӕндтӕ ӕрхастӕуыди, уыдон. Ӕддагон дзы ма саходӕд — уаз у. 34Нывонды дзидзатӕ кӕнӕ ма дзултӕй райсоммӕ цы баззайа, уыдон-иу басудз. Мачи дзы саходӕд — уаз сты. 35Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн, куыддӕриддӕр дын бафӕдзӕхстон, афтӕ бакӕн. Цӕмӕй сауджынтӕ суой, уый тыххӕй авд боны дӕргъы фӕлхат кӕн ацы ӕгъдау. 36Алы бон дӕр-иу се ссыгъдӕг кӕныны тыххӕй гал аргӕвд тӕригъӕды нывондӕн. Ӕххӕст кӕн нывондхӕссӕн ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау дӕр ӕмӕ-иу ӕй байсӕрд — срухс ӕй кӕныны охыл. 37Авд боны дӕргъы ӕххӕст кӕн нывондхӕссӕн ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау, ӕмӕ уӕд нывондхӕссӕн срухс суыдзӕн. Уый фӕстӕ-иу ыл цыдӕриддӕр бандзӕва, уый дӕр уыдзӕни уаз.Ӕрвылбоны нывӕндтӕ
38Алы бон дӕр-иу уыцы нывондхӕссӕныл нывондӕн ӕрхӕсс дыууӕ уӕрыччы. 39Сӕ иу — райсомӕй, иннӕ та — изӕрӕй. 40Фыццаг уӕрыккимӕ-иу ӕрбахӕсс хуын — ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссады ефӕйы дӕсӕймаг хай, къухӕй лӕмӕрст оливӕйы соимӕ хӕццӕйӕ — гины цыппӕрӕймаг хай, стӕй гины цыппӕрӕймаг хай сӕн. 41Изӕрӕй нывондӕн цы уӕрыкк хӕссай, уыимӕ дӕр ӕмбӕлы ӕрбахӕссын ахӕм хойраджы хуын ӕмӕ сӕн — ӕхцон хӕрздӕф, арты нывонд Дунедарӕгӕн. 42Ацы иууылсудзинаг нывонд Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ, Дунедарӕджы размӕ, хӕссут ӕрвылбон, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ — уыцы Цатыры уӕм Ӕз ӕргом кӕндзынӕн Мӕхи ӕмӕ дзурдзынӕн демӕ. 43Уым Мӕхи ӕргом кӕндзынӕн израилӕгтӕм, ӕмӕ Цатыр Мӕ кады фӕрцы суыдзӕни уаз. 44Фембӕлды Цатыр ӕмӕ нывондхӕссӕн скӕндзынӕн уаз, скӕндзынӕн уаз Аарон ӕмӕ йӕ фыртты дӕр, цӕмӕй уой Мӕ сауджынтӕ. 45Ӕз цӕрдзынӕн израилӕгты’хсӕн ӕмӕ уыдзынӕн сӕ Хуыцау, 46ӕмӕ уӕд сӕ зӕрдыл дардзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, сӕ Хуыцау, Мысыры зӕххӕй сӕ чи ракодта, Уый. Ракодтон сӕ, цӕмӕй цӕрон се’хсӕн. Ӕз Дунедарӕг дӕн, сӕ Хуыцау.
Copyright information for
OssIBT2022