‏ Exodus 31

Уаз Цӕрӕны ӕрмдӕснытӕ ӕмӕ сӕ куыст

1Дунедарӕг Моисейӕн загъта: 2«Хъусыс, Ӕз басидтӕн Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй Хуры фырт Урийы фыртмӕ, Бецалелмӕ. 3Схайджын ӕй кодтон Хуыцауы Удӕй — скодтон ӕй куырыхон, радтон ын зонд, зонындзинӕдтӕ ӕмӕ алы куыстмӕ дӕсныдзинад. 4Уый дӕсны у сыгъзӕрин, ӕвзист ӕмӕ ӕрхуыимӕ архайынмӕ, 5зоны дуртӕ кӕрдын ӕмӕ сӕ фӕлгӕты ӕвӕрын, арӕхсы хъӕды куыстмӕ дӕр, алцӕмӕ дӕр у дӕсны. 6Йӕ фарсмӕ йын ӕрлӕууын кодтон Ахисамахы фырт Охолиавы, Даны хӕдзарвӕндагӕй, ӕмӕ арӕхстджын кусджытӕй алкӕмӕн дӕр радтон дӕсныдзинад, цӕмӕй саразой, цыдӕриддӕр дын бафӕдзӕхстон, уыдӕттӕ: 7Фембӕлды Цатыр, Фидыды Чырын ӕмӕ йӕ сӕр, Цатыры ӕппӕт дзауматӕ, 8фынг ӕмӕ йӕ дзауматӕ, сыгъдӕг сыгъзӕринӕй конд цырагъдарӕн йе’ппӕт дзауматимӕ, будсудзӕн нывондхӕссӕн, 9иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕн йе’ппӕт дзауматимӕ, хихсӕн аг йӕ суанцъыимӕ, 10уаз куысты дарӕс — алчер Ааронӕн, сауджынлӕггады дарӕс — йӕ фырттӕн. 11Ноджы ма — сӕрдӕн сой ӕмӕ буд, Уаз Цӕрӕны судзынӕн. Алцыдӕр саразӕнт, куыддӕриддӕр дын бафӕдзӕхстон, афтӕ».

Сабаты тыххӕй фӕдзӕхст

12Дунедарӕг Моисейӕн бафӕдзӕхста: 13«Израилӕгтӕн зӕгъ, цӕмӕй Мын ӕххӕст кӕной Мӕ сабаты уагӕвӕрдтӕ. Мӕ сабат Мӕн ӕмӕ сымах ӕхсӕн фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ нысан у, цӕмӕй уӕ зӕрдыл дарат, Ӕз — Дунедарӕг — сымахӕй Мӕхицӕн уаз адӕм кӕй скодтон, уый. 14Ӕххӕст кӕнут сабаты уагӕвӕрдтӕ — уый уаз у сымахӕн. Сабат чи фӕчъизи кӕна, уый мард ӕрцӕуӕд: сабаты чидӕриддӕр куса, уый йӕ адӕмӕй фӕхъӕудзӕн. 15Ӕхсӕз боны кусут, ӕвдӕм бон та у сабат, ӕнцойбон, Дунедарӕгӕн — уаз. Сабаты чидӕриддӕр бакуса, уый мард ӕрцӕуӕд. 16 17Израилӕгтӕ ӕххӕст кӕнӕнт сабаты уагӕвӕрдтӕ, бӕрӕг кӕнӕнт сабаты бӕрӕгбон фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ. Уый уӕд мыггагмӕйы нысан Мӕн ӕмӕ уыдоны’хсӕн. Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг ӕхсӕз бонмӕ сфӕлдыста арв ӕмӕ зӕхх, ӕвдӕм бон та ӕрӕнцад Йӕ алы куыстӕй ӕмӕ улӕфыд».

Фӕдзӕхстыты дыууӕ къӕйдуры

18Хуыцау Синайы хохыл Йӕ ныхас куы фӕци Моисеимӕ, уӕд ӕм радта Фидыды дыууӕ къӕйдуры, Йӕхи къухӕй фыст фӕдзӕхстытимӕ.
Copyright information for OssIBT2022