Exodus 34
Фидыды ног къӕйдуртӕ
1Дунедарӕг Моисейӕн бафӕдзӕхста: «Ӕрцамай дыууӕ къӕйдуры — кӕй асастай, уыдоны халдихтӕ. Ӕз сыл ныффысдзынӕн, фыццӕгтыл цы ныхӕстӕ ныффыстон, уыдон. 2Дӕхи райсоммӕ цӕттӕ дар. Сӕумӕрайсом Синайы хохы сӕрмӕ ссу ӕмӕ уым Мӕ разы ӕрлӕуу. 3Демӕ мачи ссӕуӕд, иу адӕймаг дӕр ма фӕзынӕд хохыл. Хохрӕбын-иу суанг уӕ лыстӕг фос ӕмӕ стуртӕ дӕр ма хизӕнт». 4Моисей ӕрцамадта дыууӕ къӕйдуры, фыццӕгты халдихтӕ, ӕмӕ дыккаг бон сӕумӕйӕ, къӕйдуртӕ йӕ къухты, афтӕмӕй Синайы хохы сӕрмӕ ссыди, Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. 5Дунедарӕг ӕрцыди ӕврагъы мидӕг, уыцы ран Моисейы цу ӕрлӕууыди ӕмӕ фехъусын кодта Дунедарӕджы ном. 6Моисейы рӕзты ацыди ӕмӕ расидти: «О Дунедарӕг, Дунедарӕг, тӕригъӕдгӕнаг, хӕларзӕрдӕ, бирӕбыхсаг, бараг ӕмӕ иузӕрдион Хуыцау. 7Йӕ зӕрдӕ нӕ ивы мин фӕлтӕры онг, быхсы азым, фыдракӕнд ӕмӕ тӕригъӕдӕн, фӕлӕ фыдӕлты азымы тыххӕй ӕнӕ бафхӕргӕ нӕ ныууадзы цоты ӕмӕ цоты цоты — ӕртыккаг ӕмӕ цыппӕрӕм фӕлтӕры онг». 8Уыцы ныхӕстӕм Моисей зӕххыл ныддӕлгом ис Хуыцауы раз 9ӕмӕ загъта: «О Бардарӕг! Кӕд мӕ Дӕ хорзӕхы аккаг кӕныс, уӕд немӕ рацу! Ацы адӕм хиваст сты, фӕлӕ нын ныббар нӕ азым, нӕ тӕригъӕдтӕ! Скӕн нӕ Дӕ исбон!» 10Дунедарӕг загъта Моисейӕн: «Уемӕ аразын фидыд. Ӕппӕт адӕмы раз Ӕз равдисдзынӕн, зӕххы цъарыл иунӕг адӕммӕ дӕр чи нӕма уыд, ахӕм диссӕгтӕ. Уадз ӕмӕ, цы адӕмы’хсӕн цӕрыс, уыдон иууылдӕр тасимӕ кӕсой, Дунедарӕг дӕу тыххӕй цы хъуыддӕгтӕ кӕны, уымӕ. 11Ӕххӕст кӕнут, абон уын цы фӕдзӕхсын, уый. Уӕ цурӕй уын фӕлидзӕг кӕндзынӕн аморӕгты, ханаанӕгты, хеттӕгты, периззӕгты, хиввӕгты ӕмӕ йевусӕгты. 12Цы зӕхмӕ бацӕуат, уыцы зӕххы цӕрджытимӕ ӕмдзӕхдон ма кӕнут, науӕд къӕппӕджы бахаудзыстут. 13Сӕ нывондхӕссӕнтӕ сын фехалут, ныппырх сын кӕнут сӕ табуйаг дуртӕ, акалут Ашерӕйы цӕджындзтӕ. 14Дунедарӕгӕй дарддӕр макӕцы хуыцаумӕ кувут, уымӕн ӕмӕ Йӕ ном Ӕнувыддзинад домӕг Кӕмӕн у, Уый у ӕхсайгӕзӕрдӕ Хуыцау. 15Уыцы зӕххы цӕрджытимӕ макуы бафидаут. Кӕннод, сӕ хуыцӕуттӕм кувгӕйӕ, нывӕндтӕ сын хӕсгӕйӕ, фӕхондзысты сымах дӕр, ӕмӕ сын сӕ нывӕндты дзидзайӕ хӕрдзыстут. 16Сӕ чызджыты сын уӕ фырттӕн ма курут, кӕннод уын уӕ фыртты дӕр сахуыр кӕндзысты сӕ хуыцӕуттӕм кувын. 17Уӕхи къухӕй хуыцӕуттӕ ма аразут уӕхицӕн. 18Бӕрӕг кӕнут Донгонд дзулты бӕрӕгбон. Авд боны дӕргъы-иу хӕрут донгонд дзултӕ, куыд уын бафӕдзӕхстон, афтӕ — авивы мӕйы, нысангонд бонты, уымӕн ӕмӕ авивы мӕйы рацыдыстут Мысырӕй. 19Уӕ фосы фыццаг зӕйцӕн — стурвосӕй уа ӕви лыстӕг фосӕй — йӕ алы нӕл дӕр Мӕн у. 20Хӕрӕджы фыццаг нӕл къӕлӕу-иу баивут фысы фыццаг нӕл уӕрыккӕй. Куынӕ йӕ баиват, уӕд-иу ын асӕттут йӕ бӕрзӕй. Уӕ алы фыццаг фырты дӕр-иу балхӕнут Мӕнӕй. Афтидармӕй уӕ Мӕ размӕ мачи ӕрбацӕуӕд. 21Ӕхсӕз боны дӕргъы кусут, ӕвдӕм бон та баулӕфут. Хуымгӕнӕнтӕ уой ӕви хуымгӕрдӕнтӕ — уӕ куыст-иу бауромут. 22Бӕрӕг кӕнут Къуыриты бӕрӕгбон дӕр — уӕ хуымты цы мӕнӕу байтыдтат, уымӕн йӕ фыццаг тыллӕджы бӕрӕгбон. Афӕдзы кӕрон бӕрӕг кӕнут Тыллӕгӕфснайӕн. 23Афӕдз ӕртӕ хатты уӕ нӕлгоймӕгтӕ иууылдӕр хъуамӕ ӕрлӕууой Бардарӕг Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, раз. 24Ӕцӕгӕлон адӕмты уын фӕлидзын кӕндзынӕн уӕ цурӕй, рапарахат уын кӕндзынӕн уӕ бӕстӕ ӕмӕ уын никуы ничи байсдзӕн уӕ зӕхх, кӕд-иу ӕрвылаз ӕртӕ хатты Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз, ӕрлӕууат, уӕд. 25Кусарт Мын куы кӕнат, уӕд-иу уӕ кусӕрттаджы туг ӕнхъизӕнӕй конд дзулыл ма’ркӕлӕд. Куадзӕны нывонды дзидза уын райсоммӕ макуы баззайӕд. 26Дӕ хуымы хоры сӕртӕ хӕсс Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, хӕдзармӕ. Сӕныччы йӕ мады ӕхсыры ма фыц». 27Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Ацы ныхӕстӕ ныффысс. Уыдон сты, демӕ ӕмӕ Израилы адӕмимӕ цы фидыд аразын, уый домӕнтӕ». 28Моисей Дунедарӕджы раз фӕци дыууиссӕдз боны ӕмӕ дыууиссӕдз ӕхсӕвы. Нӕдӕр къӕбӕры хъӕстӕ фӕци, нӕдӕр — доны хъӕстӕ. Къӕйдуртыл ныффыста Фидыды ныхӕстӕ — дӕс фӕдзӕхсты.Моисейы цӕсгом тӕмӕнтӕ калы
29Моисей ӕрхызти Синайы хохӕй, йӕ къухты — Фидыды дыууӕ къӕйдуры. Нӕ зыдта, Хуыцауимӕ ныхасгӕнгӕйӕ йӕ цӕсгом тӕмӕнтӕ калын кӕй байдыдта, уый. 30Фӕлӕ Аарон ӕмӕ израилӕгтӕ федтой Моисейы тӕмӕнкалгӕ цӕсгом ӕмӕ йӕм нӕ бауӕндыдысты ӕввахс бацӕуын. 31Моисей сӕм басидт, ӕмӕ йӕм уӕд бацыдысты Аарон ӕмӕ дзыллӕйы хистӕртӕ, ӕмӕ Моисей дзырдта семӕ. 32Уый фӕстӕ йӕм бацыдысты иннӕ израилӕгтӕ дӕр, ӕмӕ сын Моисей фехъусын кодта, Дунедарӕг ын Синайы хохыл цыдӕриддӕр бафӕдзӕхста, уый. 33Моисей ныхас куы фӕци, уӕд йӕ цӕсгомыл ӕмбӕрзӕн ӕркодта. 34Дунедарӕгимӕ ныхас кӕнынмӕ-иу куы цыд, уӕд-иу систа йӕ цӕсгомӕмбӕрзӕн, цалынмӕ-иу фӕстӕмӕ рацыд, уӕдмӕ. Куы-иу рацыд, уӕд-иу израилӕгтӕн фехъусын кодта Дунедарӕджы фӕдзӕхстытӕ. 35Израилӕгтӕ-иу федтой Моисейы тӕмӕнкалгӕ цӕсгом, ӕмӕ та-иу ӕй уый дӕр бамбӕрзта, цалынмӕ-иу ногӕй Дунедарӕгимӕ дзурынмӕ нӕ бацыд, уӕдмӕ.
Copyright information for
OssIBT2022