‏ Exodus 35

Сабаты уагӕвӕрдтӕ

1Моисей ӕрӕмбырд кодта Израилы ӕппӕт дзыллӕйы ӕмӕ сын загъта: «Дунедарӕг фӕдзӕхсы: 2Ӕхсӕз боны дӕргъы кусут, ӕвдӕм бон та уын уӕд уаз ӕнцойбон, сабат, Дунедарӕгӕн — уаз. Уыцы бон чидӕриддӕр бакуса, уый мард ӕрцӕудзӕн. 3Сабаты-иу арт дӕр ма скӕнут уӕ хӕдзӕртты».

Фембӕлды Цатыр саразынӕн мысайнаг лӕвӕрттӕ

4Моисей Израилы дзыллӕйӕн загъта: «Мӕнӕ цы фӕдзӕхсы Дунедарӕг: 5Дунедарӕгӕн ӕрӕмбырд кӕнут мысайнӕгтӕ. Алчидӕр уӕ, йӕ зӕрдӕ куыд зӕгъы, афтӕ Йын ӕрбахӕссӕд сыгъзӕрин, ӕвзист ӕмӕ ӕрхуы, 6ӕрвхуыз, тар сырх ӕмӕ сӕнт сырх тӕбын, лыстӕг гӕн ӕмӕ тинтычъи, 7сырхахуырст фысдзӕрмттӕ, гогырӕ сӕрак ӕмӕ акъаци хъӕдӕрмӕг, 8оливӕйы сой — цырагъӕн, хӕрздӕфгӕнӕнтӕ — сӕрдӕн сойӕн ӕмӕ буд судзынӕн, 9оникс дур ӕмӕ фӕлгӕты бавӕргӕ зынаргъ дуртӕ — ефод ӕмӕ риуылдарӕн фӕлындынӕн. 10Къухджын уӕ чи у, уыдон иууылдӕр ӕрбацӕуӕнт ӕмӕ скӕнӕнт, Дунедарӕг цыдӕриддӕр бафӕдзӕхста, уый: 11Цатыр ӕмӕ йӕ сӕр йе’ддаг ӕмбӕрзӕнимӕ, йӕ къӕпсыртӕ, йӕ фӕлгӕттӕ, йӕ хъилтӕ, йӕ цӕджындзтӕ ӕмӕ йӕ бынӕнцайӕнтӕ, 12Фидыды Чырын, йӕ хӕссӕн хъилтӕ ӕмӕ йӕ сӕр, стӕй мидӕмбӕрзӕн, 13фынг, йӕ хӕссӕн хъилтӕ ӕмӕ йе’ппӕт дзауматӕ, стӕй, Мӕ разы ӕвӕрд цы дзултӕ хъуамӕ уой, уыдон, 14цырагъдарӕн ӕд дзауматӕ, ӕд цырӕгътӕ, цырӕгътӕн — сой, 15будсудзӕн нывондхӕссӕн ӕмӕ йӕ хӕссӕн хъилтӕ, сӕрдӕн сой ӕмӕ буд, Цатыры дуарӕмбӕрзӕн, 16иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕн ӕд ӕрхуы хызӕг-фӕлгӕт, йӕ хӕссӕн хъилтӕ ӕмӕ йе’ппӕт дзауматимӕ, хихсӕн аг йӕ суанцъыимӕ, 17кӕрты ӕмбонд-ӕмбӕрзӕнтӕ, сӕ цӕджындзтӕ ӕд бынӕнцайӕнтӕ, кӕрты дуарӕмбӕрзӕн, 18Цатыр ныффидар кӕнынӕн — михтӕ, кӕрты ӕмбонд-ӕмбӕрзӕн ныффидар кӕнынӕн — михтӕ ӕмӕ бӕндӕнтӕ. 19Уаз Цӕрӕны лӕггад кӕнынӕн дарӕстӕ — алчер Аарон ӕмӕ йӕ сауджын фырттӕн».

20Израилы дзыллӕ Моисейы цурӕй рацыдысты. 21Уый фӕстӕ сӕ алчидӕр хаста зӕрдӕйы фӕндон мысайнаг Дунедарӕгӕн, Фембӕлды Цатыр саразынӕн ӕмӕ йӕ мидӕг алы уаз куыст кӕнынӕн, стӕй сауджынты уазлӕггады дарӕстӕн. 22Ӕрбацыдысты-иу нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сӕ устытӕ, семӕ-иу ӕрбахастой сӕ зӕрдиаг лӕвӕрттӕ — сыгъзӕрин фӕлындӕнтӕ: фындзцӕгтӕ, хъусцӕджытӕ, къухдарӕнтӕ, фӕрдгуытӕ. Уыцы сыгъзӕринтӕ хастой Дунедарӕгӕн. 23Ноджы ма хастой ӕрвхуыз, тар сырх ӕмӕ сӕнт сырх тӕбын, лыстӕг гӕн ӕмӕ тинтычъи, сырхахуырст ӕлдыгъгонд фысдзӕрмттӕ ӕмӕ гогырӕ сӕрак — кӕмӕ цы уыд, уый. 24Кӕмӕ уыд, уый-иу Дунедарӕгӕн мысайнаг ӕрбахаста ӕвзист кӕнӕ ӕрхуы. Акъаци хъӕдӕрмӕг кӕмӕ уыд, уый дӕр-иу ӕй ӕрбахаста. 25Къухмимӕ чи арӕхст, уыцы сылгоймӕгтӕ иууылдӕр ӕлвыстой ӕмӕ хастой ӕрвхуыз, тар сырх ӕмӕ сӕнт сырх тӕбын, стӕй лыстӕг гӕн. 26Иннӕ сылгоймӕгтӕ, ӕлвисын чи зыдта ӕмӕ кӕй фӕндыд, уыдон ӕлвыстой тинтычъи. 27Мыггӕгты хистӕртӕ хастой оникс ӕмӕ ӕндӕр зынаргъ дуртӕ фӕлгӕты бавӕрынӕн — ефод ӕмӕ риуылдарӕнӕн, 28стӕй хӕрздӕфгӕнӕнтӕ ӕмӕ оливӕйы сой — цырагъӕн, сӕрдынӕн ӕмӕ буд судзынӕн. 29Афтӕ израилӕгтӕ иууылдӕр, нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, зӕрдиагӕй кӕй фӕндыд, уыдон се’ппӕт дӕр Дунедарӕгӕн хастой бархи лӕвӕрттӕ, Дунедарӕг Моисейӕн цы куыстытӕ бафӕдзӕхста, уыдон сӕххӕст кӕнынӕн.

Ӕрмдӕснытӕ баххуырсыны тыххӕй

30Моисей израилӕгтӕн загъта: «Уый зонут, ӕмӕ Дунедарӕг равзӕрста Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй Бецалелы, Хуры фырт Урийы фырты, 31схайджын ӕй кодта Хуыцауы Удӕй — скодта йӕ куырыхон, радта йын зонд, зонындзинӕдтӕ ӕмӕ алы ӕвзыгъддзинад, 32ӕмӕ уый дӕсны у сыгъзӕрин, ӕвзист ӕмӕ ӕрхуыйы куыст кӕнынмӕ, 33зоны дуртӕ кӕрдын, фӕлгӕтты сӕ ӕвӕрын, арӕхсы хъӕды куыстмӕ, алы ӕрмгуыстмӕ дӕр дӕсны у. 34Уымӕн ӕмӕ Даны хӕдзарвӕндагӕй Ахисамахы фырт Охолиавӕн Дунедарӕг радта иннӕты ахуыр кӕныны курдиат дӕр. 35Дунедарӕг сын радта нывӕфтауӕджы курдиат, стӕй ӕрвхуыз, сӕнт сырх, игӕрхуыз тӕбын ӕмӕ гӕнӕй нывӕфтыд ӕмӕ хуымӕтӕг хъуымӕцтӕ уафыны курдиат — радта сын алы дӕсныйад ӕмӕ алы арӕхстдзинад.
Copyright information for OssIBT2022