‏ Exodus 38

Иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕн

1Бецалел акъацийӕ сарӕзта иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕн. Уыд раст цыппаркъуымон — фондз ӕлмӕрины дӕргъмӕ дӕр ӕмӕ уӕрхмӕ дӕр, йӕ бӕрзӕнд та — ӕртӕ ӕлмӕрины. 2Йӕ цыппар тигъыл ын скодта фӕйнӕ сыкъайы, нывондхӕссӕнимӕ иу куыд уыдаиккой, афтӕ ӕмӕ йӕ иууылдӕр састӕрдта ӕрхуыйӕ.

3Скодта нывондхӕссӕны ӕппӕт дзауматӕ: дурынтӕ, фыййӕгтӕ, кӕхцытӕ, фыдистӕ ӕмӕ цӕхӕрисӕн кӕфойтӕ. Иууылдӕр сӕ скодта ӕрхуыйӕ. 4Нывондхӕссӕнӕн ӕрхуыйӕ скодта хызӕг, бынӕй йыл ӕй бафидар кодта, нывондхӕссӕнӕн йӕ астӕумӕ куыд ӕххӕссыдаид, афтӕ. 5Скодта цыппар цӕджы ӕмӕ сӕ бафидар кодта ӕрхуы хызӕгӕн йӕ цыппар къуымыл — нывондхӕссӕны хъилтӕн. 6Хъилтӕ скодта акъацийӕ ӕмӕ сӕ састӕрдта ӕрхуыйӕ, 7батъыста сӕ нывондхӕссӕны фӕйнӕфарс цӕгты, цӕмӕй йӕ хӕссӕн уа. Нывондхӕссӕн скодта фӕйнӕгӕй, мидӕгӕй афтид куыд уыдаид, афтӕ.

Ӕрхуы хихсӕн аг

8Уый фӕстӕ Бецалел ӕрхуыйӕ сарӕзта хихсӕн аг ӕмӕ йын скодта ӕрхуы суанцъы. Скодта сӕ, Фембӕлды Цатыры къӕсӕры раз чи лӕггад кодта, уыцы сылгоймӕгты ӕрхуы айдӕнтӕй.

Фембӕлды Цатыры кӕрт

9Бецалел скодта кӕрт. Йе’мбонд-ӕмбӕрзӕн, здыхт гӕнӕй уафт, хуссарӕрдыгӕй дӕргъмӕ уыди фондзыссӕдз ӕлмӕрины, 10ссӕдз цӕджындзыл ауыгъд. Цӕджындзтӕн уыди ссӕдз ӕрхуы бынӕнцайӕны. Цӕджындзтыл уыди ӕвзист къӕпсыртӕ ӕмӕ ӕвзист тӕлытӕ. 11Ӕмбонд-ӕмбӕрзӕн цӕгатӕрдыгӕй дӕр дӕргъмӕ уыди фондзыссӕдз ӕлмӕрины, ссӕдз цӕджындзыл ауыгъд, алы цӕджындзӕн дӕр — ӕрхуы бынӕнцайӕн. Цӕджындзтыл уыди ӕвзист къӕпсыртӕ ӕмӕ ӕвзист тӕлытӕ. 12Ныгуылӕнӕрдыгӕй ӕмбонд-ӕмбӕрзӕн уыди дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз ӕлмӕрины, дӕс цӕджындзыл ауыгъд; цӕджындзтӕн — дӕс бынӕнцайӕны, цӕджындзтыл — ӕвзист къӕпсыртӕ ӕмӕ ӕвзист тӕлытӕ. 13Кӕрты скӕсӕнӕрдыгӕй фарсӕн йӕ дӕргъ уыди дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз ӕлмӕрины. 14 15Кулдуары фӕйнӕфарс ӕмбонд-ӕмбӕрзӕнты дӕргъ — фӕйнӕ фынддӕс ӕлмӕрины, сӕ дыууӕ дӕр уыдысты ӕртыгай цӕджындзтыл ауыгъд, алы цӕджындзӕн дӕр — бынӕнцайӕн. 16Кӕрты ӕмбонд-ӕмбӕрзӕн иууылдӕр уыди здыхт гӕнӕй уафт, 17йӕ цӕджындзты бынӕнцайӕнтӕ та — ӕрхуыйӕ конд. Цӕджындзтыл — ӕвзист къӕпсыртӕ ӕмӕ ӕвзист тӕлытӕ, цӕджындзты цъуппытӕ — ӕвзистӕй астӕрд, цӕджындзтӕн се’ппӕтӕн дӕр — ӕвзист тӕлытӕ.

18Кулдуары дуарӕмбӕрзӕн уыд алыхуызон ӕндӕхтӕй уафт — здыхт гӕн, стӕй ӕрвхуыз, игӕрхуыз ӕмӕ сӕнт сырх тӕбынӕй, уыди ссӕдз ӕлмӕрины дӕргъӕн. Йӕ бӕрзӕнд уыди фондз ӕлмӕрины, кӕрты ӕмбонд-ӕмбӕрзӕны хуызӕн. 19Кулдуарӕн уыди цыппар цӕджындзы, ӕрхуы бынӕнцайӕнтӕ сын. Цӕджындзтыл уыди ӕвзист къӕпсыртӕ, сӕ цъуппытӕ уыдысты ӕвзистӕй астӕрд, кӕрӕдзимӕ та баст цыдысты ӕвзист уистӕй. 20Уаз Цӕрӕны ӕмӕ кӕрты ӕмбонд-ӕмбӕрзӕны михтӕ иууылдӕр уыдысты ӕрхуыйӕ конд.

Уаз Цӕрӕн саразыны хӕрдзтӕ

21Мӕнӕ Фембӕлды Цатыр саразыны хӕрдзтӕ. Моисейы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ сӕ бахыгътой левиттӕ, сауджын Аароны фырт Итамар сӕ сӕргъы, афтӕмӕй. 22Цатыр саразыны ӕппӕт хъуыддӕгтӕ та кӕнгӕ бакодта, Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ Бецалел, Хуры фырт Урийы фырт, Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй. 23Йемӕ ӕмгуыст кодта Ахисамахы фырт Охолиав — Даны хӕдзарвӕндагӕй, нывӕфтауӕг, стӕй ӕрвхуыз, игӕрхуыз ӕмӕ сӕнт сырх тӕбынӕй ӕмӕ гӕнӕй нывӕфтыд хъуымӕцтӕ уафӕг ӕрмдӕсны.

24Уаз Цӕрӕн йе’ппӕт дзауматимӕ саразынӕн нывондаг сыгъзӕрин бахъуыди фараст ӕмӕ ссӕдз таланты ӕмӕ авдсӕдӕ ӕртын шекелы, кувӕндоны шекелтӕй нымайгӕйӕ.

25Адӕмы сфыст саразыны тыххӕй цы ӕвзист ӕрӕмбырд, уымӕн йӕ бӕрц уыди сӕдӕ таланты ӕмӕ мин авдсӕдӕ ӕвдай фондз шекелы, кувӕндоны шекелтӕй нымайгӕйӕ. 26Ӕхсӕзсӕдӕ ӕртӕ мин фондзсӕдӕ фӕндзай лӕгӕй, ссӕдзаздзыдтӕй уӕлӕмӕ йӕхи чи сфыста, уыдонӕй алкӕмӕй дӕр ист ӕрцыд ӕвзисты шекелы ӕмбис, кувӕндоны шекелтӕй нымайгӕйӕ. 27Уаз Цӕрӕны цӕджындзты ӕмӕ йӕ мидӕмбӕрзӕны цӕджындзты бынӕнцайӕнтӕн бахъуыди ӕвзисты сӕдӕ таланты, сӕдӕ бынӕнцайӕнӕн — сӕдӕ таланты, иу бынӕнцайӕнӕн — иу талант. 28Ӕвзисты мин авдсӕдӕ ӕвдай фондз шекелӕй та цӕджындзтӕн скодтой къӕпсыртӕ ӕмӕ уистӕ, стӕй састӕрдтой цӕджындзты цъуппытӕ.

29Нывондаг ӕрхуыйы бӕрц уыди дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз таланты ӕмӕ дыууӕ мин цыппарсӕдӕ шекелы. 30Уымӕй конд ӕрцыдысты Фембӕлды Цатырмӕ бацӕуӕны цӕджындзты бынӕнцайӕнтӕ, ӕрхуы нывондхӕссӕн йӕ хызӕг ӕмӕ йе’ппӕт дзауматимӕ, 31кӕрты ӕппӕт цӕджындзты бынӕнцайӕнтӕ, кулдуары цӕджындзты бынӕнцайӕнтӕ, стӕй Цатыры ӕмӕ кӕрты ӕмбонд-ӕмбӕрзӕны ӕппӕт михтӕ.
Copyright information for OssIBT2022