Exodus 39
Сауджынты дарӕстӕ
1Ӕрвхуыз, игӕрхуыз ӕмӕ сӕнт сырх тӕбынӕй скодтой Ааронӕн дарӕстӕ, Уаз Цӕрӕны лӕггад кӕнынӕн, Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. 2Сыгъзӕрин ӕндахӕй, ӕрвхуыз, сӕнт сырх ӕмӕ игӕрхуыз тӕбынӕй ӕмӕ здыхт гӕнӕй бауафтой ефод. 3Уый тыххӕй сыгъзӕринӕй скодтой тӕнӕг уадздзӕгтӕ, уадздзӕгтӕй рауагътой ӕндӕхтӕ. Уыцы сыгъзӕрин ӕндӕхтӕй, ӕрвхуыз, сӕнт сырх ӕмӕ игӕрхуыз тӕбынӕй ӕмӕ лыстӕг гӕнӕй бауафтой нывӕфтыд раздарӕн. 4Ефоды дыууӕ кӕроныл бафидар кодтой уӕхскбостӕ. 5Ефодӕн йӕ астӕубос дӕр скодтой, йӕхӕдӕг цӕмӕй у, уымӕй: сыгъзӕрин ӕндахӕй, ӕрвхуыз, сӕнт сырх ӕмӕ игӕрхуыз тӕбынӕй ӕмӕ лыстӕг гӕнӕй, Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. 6Ӕрцамадтой оникс дуртӕ, мыхуырыл фыстытӕ куыд скъахынц, афтӕ сыл скъахтой Израилы фыртты нӕмттӕ, бавӕрдтой сӕ сыгъзӕрин фӕлгӕтты 7ӕмӕ сӕ бафидар кодтой ефоды уӕхскбостыл — Израилы фыртты мысынӕн, Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. 8Ефод цӕмӕй конд ӕрцыд, уымӕй скодтой риуылдарӕн дӕр — сыгъзӕрин ӕндахӕй, уыимӕ ӕрвхуыз, игӕрхуыз ӕмӕ сӕнт сырх тӕбынӕй ӕмӕ здыхт гӕнӕй уафт хъуымацӕй, нывӕфтыдтимӕ. 9Уый уыд цыппӕрдигъон, дӕргъмӕ дӕр ӕмӕ уӕрхмӕ дӕр — уылынг, дыдагъ уӕфтӕгӕй конд. 10Риуылдарӕныл бафидар кодтой зынаргъ дуртӕ — цыппар рӕнхъӕй. Фыццаг рӕнхъы уыдысты лал, топаз, изумруд; 11дыккаджы — малахит, сапфир, алмаси; 12ӕртыккаджы — гиацинт, агат, аметист; 13цыппӕрӕмы — хризолит, оникс, яшмӕ. Ӕвӕрд ӕрцыдысты сыгъзӕрин фӕлгӕтты. 14Зынаргъ дуртӕ нымадӕй уыдысты дыууадӕс, Израилы фыртты нӕмттимӕ: мыхуырыл фыстытӕ куыд скъахынц, афтӕ сыл къахт ӕрцыдысты Израилы дыууадӕс хӕдзарвӕндаджы нӕмттӕ, алы дурыл дӕр — иу ном. 15Риуылдарӕнӕн сыгъдӕг сыгъзӕринӕй баздыхтой зӕринбыд рӕхыстӕ, бӕндӕн куыд баздухынц, афтӕ. 16Скодтой дыууӕ сыгъзӕрин фӕлгӕты ӕмӕ дыууӕ сыгъзӕрин цӕджы ӕмӕ дыууӕ цӕджы бафидар кодтой риуылдарӕны дыууӕ къуымы. 17Дыууӕ зӕринбыд рӕхысбосы бафидар кодтой дыууӕ цӕгмӕ риуылдарӕны къуымты, 18рӕхысбосты иннӕ кӕрӕттӕ — ефоды уӕхскбосты дыууӕ фӕлгӕтмӕ разӕрдыгӕй. 19Ноджы ма скодтой дыууӕ сыгъзӕрин цӕджы ӕмӕ сӕ риуылдарӕны бинаг дыууӕ къуымыл мидӕджырдыгӕй — риуылдарӕн ефодыл кӕм бадт, уым — бафидар кодтой. 20Ноджы ма скодтой дыууӕ сыгъзӕрин цӕджы ӕмӕ сӕ бафидар кодтой ефоды раззаг хаймӕ, бынӕй, ефодӕн йӕ астӕубосы сӕрмӕ. 21Риуылдарӕны бинаг цӕгтӕ ефоды цӕгтимӕ бабастой ӕрвхуыз синагӕй, астӕубосы сӕрмӕ риуылдарӕн ефодыл ӕнгом куыд бада. Дунедарӕг афтӕ бафӕдзӕхста Моисейӕн. 22Ефоды бын дарынӕн бауафтой пӕлӕз, ӕгасӕй дӕр — ӕрвхуыз тӕбынӕй. 23Пӕлӕзы астӕуӕй скодтой къӕртт — сӕрыл ӕркӕнынӕн. Йӕ кӕрӕттӕ йын фидар бахуыдтой, цӕмӕй ма скъуыйа. 24Пӕлӕзы фӕччийыл кӕрӕй-кӕронмӕ ӕрвхуыз, игӕрхуыз ӕмӕ сӕнт сырх тӕбынӕй скодтой гранат фӕткъуыйы хуызӕн тымбылӕгтӕ, 25уыдоны’хсӕнты та ӕрцауыгътой сыгъзӕрин дзӕнгӕрджытӕ. 26Фӕччийыл кӕрӕй-кӕронмӕ ӕхсӕнмӕ-ӕхсӕнты — дзӕнгӕрӕг ӕмӕ тымбылӕг, дзӕнгӕрӕг ӕмӕ тымбылӕг. Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, уымӕ гӕсгӕ ахӕм дарӕсы кӕнгӕ у уаз куыст. 27– 28– 29Ноджы ма Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн гӕнӕй бауафтой хӕдӕттӕ, сарыхъ ӕмӕ сӕрылбӕттӕнтӕ, здыхт гӕнӕй та — цыбыр хӕлӕфтӕ, уыимӕ ма Ааронӕн здыхт гӕнӕй ӕмӕ ӕрвхуыз, игӕрхуыз, стӕй сӕнт сырх тӕбынӕй бауафтой нывӕфтыд рон. Афтӕ бафӕдзӕхста Дунедарӕг Моисейӕн. 30Сыгъдӕг сыгъзӕринӕй скодтой уаз уадздзаг ӕмӕ, мыхуырыл фыстытӕ куыд скъахынц, афтӕ йыл ныффыстой: «Дунедарӕджы уаз хай». 31Бакодтой йыл ӕрвхуыз синаг, сарыхъыл ӕй разӕрдыгӕй бабӕттыны тыххӕй. Афтӕ бафӕдзӕхста Дунедарӕг Моисейӕн.Фембӕлды Цатыр арӕзт фӕци
32Ӕппынфӕстаг Фембӕлды Цатыр саразыны куыстытӕ иууылдӕр фесты. Израилӕгтӕ бакодтой, Дунедарӕг Моисейӕн цыдӕриддӕр бафӕдзӕхста, уый. 33Моисеймӕ ӕрбахастой Цатыр — йӕ уӕфтӕгтӕ ӕд ӕппӕт дзауматӕ: къӕпсыртӕ, фӕлгӕттӕ, хъилтӕ, цӕджындзтӕ, бынӕнцайӕнтӕ; 34царӕмбӕрзӕнтӕ: сырхахуырст фысдзӕрмттӕй конд царӕмбӕрзӕн ӕмӕ гогырӕ сӕракӕй конд мидӕмбӕрзӕн, 35Фидыды Чырын, йӕ хӕссӕн хъилтӕ, йӕ сӕр, 36фынг йе’ппӕт дзауматӕ ӕмӕ, Мӕ разы ӕвӕрд цы дзултӕ хъуамӕ уой, уыдонимӕ, 37сыгъдӕг сыгъзӕринӕй конд цырагъдарӕн ӕд цырӕгътӕ, ӕппӕт дзауматӕ ӕмӕ сой, 38сыгъзӕрин нывондхӕссӕн, сӕрдӕн сой, буд, Цатыры дуарӕмбӕрзӕн, 39ӕрхуы нывондхӕссӕн ӕмӕ йӕ ӕрхуы хызӕг, йӕ хӕссӕн хъилтӕ ӕмӕ йе’ппӕт дзауматӕ, хихсӕн аг йӕ суанцъыимӕ, 40кӕрты ӕмбонд-ӕмбӕрзӕнтӕ, йӕ цӕджындзтӕ ӕд бынӕнцайӕнтӕ, стӕй кӕрты дуарӕмбӕрзӕн, бӕндӕнтӕ, михтӕ ӕмӕ Фембӕлды Цатыры лӕггадӕн хъӕугӕ ӕппӕт мигӕнӕнтӕ, 41Уаз Цӕрӕны лӕггад кӕнынӕн дарӕстӕ — алчер Аарон ӕмӕ йӕ сауджын фырттӕн. 42Израилӕгтӕ Цатыр саразыны ӕппӕт куыстытӕ дӕр бакодтой, Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. 43Моисей федта, адӕм Дунедарӕджы фӕдзӕхст кӕй сӕххӕст кодтой, ӕппӕт куыстытӕ дӕр кӕй фесты, уый ӕмӕ сын раарфӕ кодта.
Copyright information for
OssIBT2022