Exodus 30
Будсудзӕн нывондхӕссӕн
1Акъацийӕ сараз будсудзӕн нывондхӕссӕн. 2Уӕд цыппаркъуымон — ӕлмӕрины йас дӕргъмӕ дӕр ӕмӕ уӕрхмӕ дӕр, йӕ бӕрзӕнд — дыууӕ ӕлмӕрины. Скӕн ын сыкъатӕ дӕр, нывондхӕссӕнимӕ иу куыд уой, афтӕ. 3Састӕр ӕй сыгъдӕг сыгъзӕринӕй: йӕ сӕр, йӕ фӕрстӕ алырдыгӕй ӕмӕ йӕ сыкъатӕ, стӕй йын йӕ алыварс ӕрзил сыгъзӕрин мӕскъ. 4Сараз дыууӕ сыгъзӕрин цӕджы ӕмӕ сӕ бафидар кӕн мӕсчъы бын, нывондхӕссӕны фӕйнӕфарс, цӕмӕй йӕ хӕссынӕн сӕ мидӕг хъилтӕ акӕнӕн уа. 5Хъилтӕ скӕн акъацийӕ ӕмӕ сӕ састӕр сыгъзӕринӕй. 6Нывондхӕссӕн ӕрӕвӕр, Фидыды Чырын цы мидӕмбӕрзӕны аууон ис, уый раз, йӕ сӕры бакомкоммӕ. Фидыды Чырыны сӕрмӕ-иу дӕм Ӕз раргом уыдзынӕн. 7Аарон ыл буд судзӕд алы райсом, цырагъдарӕны цырӕгътӕ-иу куы барӕвдз кӕна, уый фӕстӕ, 8стӕй алы изӕр, цырӕгътӕ-иу куы ссудза, уӕд. Дунедарӕджы раз уӕм буд сыгъд цӕуӕд ӕдзухдӕр, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ. 9Ӕцӕг-иу нывондхӕссӕныл мадӕр нӕфӕтчиаг буд ӕрӕвӕрут, мадӕр — иууылсудзинаг нывонд, мадӕр — хойраджы хуын, мадӕр — сӕн. 10Аарон ӕрвылаз ӕххӕст кӕнӕд нывондхӕссӕн ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау — йӕ сыкъатӕ-иу ын ссыгъдӕг кӕныны охыл сахорӕд тӕригъӕды нывонды тугӕй. Уыцы ӕгъдау ӕххӕст кӕнын хъӕудзӕн ӕрвылаз, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ. Нывондхӕссӕн Дунедарӕджы раз у иууылсыгъдӕг». 11Дунедарӕг Моисейӕн загъта: 12«Израилӕгты сфыст куы аразай, уӕд-иу сӕ алчидӕр йӕхи номыл раттӕд фиддон Дунедарӕгӕн, цӕмӕй сыл сфысты аххосӕй мацы бӕллӕх ӕрцӕуа. 13– 14Алы израилаг нӕлгоймаг дӕр, ссӕдзаздзыдӕй уӕлӕмӕ, фидӕд ӕвзисты шекелы ӕмбис, кувӕндоны шекелтӕй нымайгӕйӕ. Шекелы ис ссӕдз герайы. Уыцы шекелы ӕмбис — мысайнаг Дунедарӕгӕн. 15Дунедарӕгӕн уӕхи тыххӕй мысайнаг куы дӕттат, уӕд хъӕздыг шекелы ӕмбисӕй фылдӕр ма дӕттӕд, мӕгуыр та шекелы ӕмбисӕй къаддӕр. 16Уыцы фиддон-иу израилӕгтӕй райс ӕмӕ йӕ хардз кӕн Фембӕлды Цатыры лӕггады. Ӕмӕ уый фӕрцы Дунедарӕджы зӕрдыл лӕудзысты Израилы адӕм — уӕ царды аргъ фыст кӕй ӕрцыди, уый».Хихсӕн ӕрхуы аг
17Дунедарӕг Моисейӕн загъта: 18«Сараз хихсӕн ӕрхуы аг ӕмӕ йын скӕн ӕрхуы суанцъы. Ӕрӕвӕр ӕй Фембӕлды Цатыр ӕмӕ нывондхӕссӕны’хсӕн ӕмӕ дзы дон ныккӕн. 19Аарон ӕмӕ-иу дзы йӕ фырттӕ сӕ къухтӕ ӕмӕ сӕ къӕхтӕ ныхсӕнт, 20Фембӕлды Цатырмӕ цӕугӕйӕ, кӕнӕ уазлӕггад кӕныны фӕдыл, Дунедарӕгӕн арты нывонд ӕрхӕссынӕн, нывондхӕссӕнмӕ куы’рбаввахс уой, уӕд. 21Сӕ къухтӕ ӕмӕ-иу сӕ къӕхтӕ ныхсӕнт, науӕд амӕлдзысты. Уый у мыггагмӕйы уагӕвӕрд Ааронӕн йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕн дӕр, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ».Сӕрдӕн сой
22Дунедарӕг Моисейӕн загъта: 23«Райс ӕппӕты хуыздӕр хӕрздӕфгӕнӕнтӕй: тӕдзгӕ миррӕ — фондзсӕдӕ шекелы, хӕрздӕфгӕнӕг корицӕ — дыууӕ хатты къаддӕр, дыууӕсӕдӕ фӕндзай шекелы, хӕрздӕфгӕнӕг хъӕз дӕр — дыууӕсӕдӕ фӕндзай шекелы, 24хӕрздӕфгӕнӕг касси — фондзсӕдӕ шекелы, кувӕндоны шекелтӕй нымайгӕйӕ, стӕй оливӕйы сой — иу гин. 25Уыдон арӕхстгай иумӕ сызмӕнт ӕмӕ афтӕмӕй скӕн уаз сӕрдӕн сой. 26Байсӕрд дзы Фембӕлды Цатыр, Фидыды Чырын, 27фынг йе’ппӕт дзауматимӕ, цырагъдарӕн йе’ппӕт дзауматимӕ, будсудзӕн нывондхӕссӕн, 28иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕн йе’ппӕт дзауматимӕ, хихсӕн аг йӕ суанцъыимӕ. 29Снывонд сӕ кӕн иууылдӕр, ӕмӕ срухс уыдзысты. Уый фӕстӕ сыл-иу цыдӕриддӕр бандзӕва, уый дӕр уыдзӕни уаз. 30Байсӕрд Аарон ӕмӕ йӕ фыртты дӕр ӕмӕ Мын сӕ снывонд кӕн, цӕмӕй суой Мӕ сауджынтӕ. 31Израилӕгтӕн та Мӕ номӕй зӕгъ: уый уын уыдзӕни уаз сӕрдӕн сой фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ. 32Ӕндӕр дзы мачи цӕуӕд сӕрст. Уый хуызӕн сӕрдӕн ма кӕнут уӕхицӕн — уаз уын уӕд. 33Ахӕм сӕрдӕн чи сараза ӕмӕ дзы ӕндӕр искӕй чи байсӕрда, уый йӕ адӕмӕй фӕхъӕудзӕн».Хӕрздӕфы нывонд
34Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Райс хӕрздӕфгӕнӕнтӕ: натаф, шехелет, хелбена, стӕй се’ппӕты бӕрц сыгъдӕг буд. 35Уыдон арӕхстгай иумӕ сызмӕнт, цӕмӕй сӕ рауайа судзинаг хӕрздӕфгӕнӕн; цӕхх дӕр ма йыл акӕн. Хъуамӕ уа сыгъдӕг ӕмӕ уаз. 36Фӕхты сӕ лыстӕг ныххой ӕмӕ сӕ ӕрӕвӕр Фидыды Чырыны раз, Фембӕлды Цатыры мидӕг, Мӕхи дӕм кӕм ӕргом кӕндзынӕн, уым. Уыцы хӕрздӕфгӕнӕн уын уыдзӕни иууылуаз. 37Ахӕм хӕрздӕфгӕнӕн мачи саразӕд йӕхицӕн, уымӕн ӕмӕ уый у Дунедарӕджы уаз хай. 38Чи сараза ӕмӕ йӕм чи басмуда, уый йӕ адӕмӕй фӕхъӕудзӕн».
Copyright information for
OssIBT2022