Exodus 32
Сыгъзӕрин уӕныг
1Израилы адӕм бынӕй бирӕ фенхъӕлмӕ кастысты Моисейы ӕрыздӕхынмӕ хохӕй. Куынӕ ӕмӕ куынӕ зындис, уӕд ӕрӕмбырд сты Ааронмӕ ӕмӕ дзы ӕрдомдтой: «Нӕ разӕй чи цӕуа, ахӕм хуыцау нын сараз, науӕд нӕ Мысырӕй чи ракодта, уыцы лӕг — Моисей — цы баци, уымӕн ницы зонӕм». 2Аарон сын загъта: «Уӕ устытӕ, уӕ фырттӕ ӕмӕ уӕ чызджытӕн сӕ хъусцӕджытӕ рафтаут ӕмӕ сӕ ардӕм ӕрбахӕссут». 3Адӕм сӕ хъусцӕджытӕ рафтыдтой ӕмӕ сӕ Ааронмӕ ӕрбахастой. 4Аарон сӕ райста, стайын сӕ кодта ӕмӕ сӕ джиппыуагъд уӕныг сарӕзта. Уӕд адӕм загътой: «Мӕнӕ дӕ хуыцау, Израил! Мысыры зӕххӕй дӕ уый ракодта!» 5Аарон уый куы федта, уӕд уӕныджы раз нывондхӕссӕн сарӕзта ӕмӕ загъта: «Райсом Дунедарӕджы бӕрӕгбон у!» 6Дыккаг бон райсомӕй адӕм ӕрхастой иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ. Стӕй ӕрбадтысты хӕрд ӕмӕ нозтыл, уый фӕстӕ сыстадысты ӕмӕ хъазт сарӕзтой. 7Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Цӕугӕ бынмӕ! Сӕнӕуаг сты дӕ адӕм — Мысырӕй кӕй ракодтай, уыдон. 8Цы фӕндагыл цӕуын сын бафӕдзӕхстон, уымӕй ӕгӕр тагъд фӕзылдысты! Сӕхицӕн скодтой сыгъзӕрин уӕныг ӕмӕ йӕм бакуывтой, ӕрхастой йын нывӕндтӕ. Загътой: „Мӕнӕ дӕ хуыцау, Израил! Мысыры зӕххӕй дӕ уый ракодта!“» 9Дунедарӕг ма ноджыдӕр загъта Моисейӕн: «Куыд кӕсын, афтӕмӕй ацы адӕм тынг хиваст сты. 10Мацы Мӕ бадом! Мӕ маст сыл ныххуырсдзынӕн ӕмӕ сӕ бабын кӕндзынӕн — дӕуӕй та рантысын кӕндзынӕн стыр адӕм». 11Фӕлӕ Моисей лӕгъстӕ кӕнын байдыдта Дунедарӕгӕн, йӕ Хуыцауӕн: «О Дунедарӕг! Цӕй тыххӕй судзы Дӕ маст Дӕ адӕммӕ — Мысыры зӕххӕй Де стыр хъару, Де стыр хъомысы фӕрцы кӕй ракодтай, уыдонмӕ? 12Цӕмӕн Дӕ хъуамӕ зӕгъой мысырӕгтӕ, уыцы адӕмы сӕ фыдбылызӕн акодта Мысырӕй — хӕхты сӕ бабын кодта, зӕххы цъарӕй сӕ фесӕфта, зӕгъгӕ? Бауром Дӕ судзгӕ маст ӕмӕ Дӕ адӕмы бахиз фыдбылызӕй. 13Ӕрхъуыды кӕн, дӕ цагъартӕ Авраам, Исаак ӕмӕ Израилӕн куыд расомы кодтай, уый, — Ды расомы кодтай Дӕхицӕй, сӕ байзӕддаг сын арвы стъалытау кӕй сбирӕ кӕндзынӕ, зӕрдӕ сын цы зӕххӕй бавӕрдтай, уый дӕр сын сӕ байзӕддӕгтӕн мыггагмӕ кӕй ратдзынӕ фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн». 14Ӕмӕ Дунедарӕг Йӕ фӕнд аивта — Йӕ адӕммӕ цы бӕллӕхӕй ӕвзыста, уый амӕттаг сӕ нал фӕкодта. 15Моисей фӕзылд ӕмӕ дӕлӕмӕ фӕуырдыг кодта. Йӕ къухты хаста Фидыды дыууӕ къӕйдуры — дыууӕрдыгӕй дӕр сыл фыстытӕ. 16Уыцы къӕйдуртӕ Хуыцау Йӕхӕдӕг скодта, къӕйдуртыл фыстытӕ дӕр Хуыцау Йӕхӕдӕг скъахта. 17Йешуайӕн адӕмы уынӕр йӕ хъустыл ауад ӕмӕ Моисеймӕ дзуры: «Хӕстон уынӕр хъуысы рӕсӕнуатӕй». 18Моисей йын афтӕ: «Уый нӕдӕр уӕлахиздзауты хъӕр уыдзӕни, нӕдӕр — бӕрзӕйсаст адӕмы ӕрдиаг. Зарын уайы мӕ хъустыл». 19Рӕсӕнуатмӕ куы ӕрӕввахс сты, уӕд Моисей федта уӕныг, федта кафӕг адӕмы. Йӕ маст рафыхти Моисейӕн ӕмӕ, йӕ къухы цы къӕйдуртӕ уыд, уыдон хохы рӕбын зӕххыл ныццавта, ӕмӕ ныппырх сты. 20Джиппыуагъд уӕныджы арты басыгъта, йӕ сыгъдон ын лыстӕг ныммур кодта ӕмӕ йӕ доны ныккалдта, стӕй уыцы дон израилӕгтӕн бануазын кодта. 21Моисей Аароны фӕрсы: «Ацы адӕм дын цы ракодтой, цӕмӕн сӕ баппӕрстай ахӕм стыр тӕригъӕды?» 22Аарон ын загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, ме’лдар, ма мӕсты кӕн. Ацы адӕм фыд ракӕнынмӕ ӕмхиц сты, уый зоныс. 23Баййардтой мӕ, скӕн, дам, нын, нӕ разӕй чи цӕуа, ахӕм хуыцау, науӕд, дам, нӕ Мысырӕй чи ракодта, уыцы лӕг — Моисей — цы баци, уымӕн ницы зонӕм. 24Ӕз сын загътон, сыгъзӕрин фӕлындӕнтӕ уӕ кӕуыл ис, уыдон сӕ рафтауӕнт ӕмӕ сӕ мӕнмӕ раттӕнт, зӕгъгӕ. Радтой мӕм сӕ, арты сӕ баппӕрстон, ӕмӕ сӕ стӕй рауад ацы уӕныг». 25Моисей федта: адӕм сӕхи фӕнд атардтой, ӕмӕ сын Аарон сӕ ных нӕ бакъуырдта, фӕлӕ сӕ фыдгулты цӕсты бафтыдта. 26Рӕсӕнуаты дуарыл ӕрлӕууыди Моисей ӕмӕ загъта: «Дунедарӕджы фарс чи у, уыдон-ма мӕ размӕ рацӕуӕнт!» Левийы байзӕддӕгтӕ иууылдӕр ӕрӕмбырд сты йӕ размӕ. 27Моисей сын загъта: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Хуыцау. Алчидӕр уӕ йӕ кард райсӕд ӕмӕ рӕсӕнуатыл ӕрзилӕд иу дуарӕй иннӕ дуары онг, ӕмӕ уӕ алчидӕр амарӕд йе’фсымӕры, йе’мбалы, йӕ хионы». 28Левийы байзӕддӕгтӕ бакодтой, Моисей сын куыд загъта, афтӕ, ӕмӕ уыцы бон адӕмӕй фӕцагъды ис ӕртӕ мины бӕрц. 29Моисей сын ноджы загъта: «Ацы бон сымах уӕхи снывонд кодтат Дунедарӕгӕн уазлӕггад кӕнынӕн: ничи уӕ бавгъау кодта Уымӕн йӕ фырты дӕр ӕмӕ йе’фсымӕры дӕр, ӕмӕ Дзы арфӕгонд стут!» 30Дыккаг бон Моисей адӕмӕн афтӕ: «Стыр тӕригъӕд ракодтат. Цӕуон ӕмӕ ссӕуон Дунедарӕгмӕ, кӕд уӕ сраст кӕнин». 31Аздӕхти Дунедарӕгмӕ ӕмӕ Йын загъта: «О Дунедарӕг! Ацы адӕм стыр тӕригъӕд ракодтой. Сӕхицӕн сыгъзӕринӕй скодтой хуыцау. 32Ныббар сын сӕ тӕригъӕд. Кӕд сын нӕ барыс, уӕд та Дӕ курын, ӕмӕ мӕ ном дӕр фесаф, кӕм ӕй ныффыстай, Дӕ уыцы чиныгӕй ▼▼Ацы ран цӕуы царды чиныджы кой. Уым фыст сты, Хуыцау Йӕ адӕмыл кӕй банымадта, уыдоны нӕмттӕ.
». 33Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Ӕз Мӕ Чиныгӕй фесафдзынӕн, Мӕ ныхмӕ тӕригъӕд чи ракӕна, уыдоны. 34Ныр цу ӕмӕ адӕмы акӕн, кӕдӕм дын загътон, уырдӕм. Мӕ зӕд цӕудзӕни дӕ разӕй. Мӕ разы чи фӕтӕригъӕдджын, уыдоны та, бафхӕрыны бон куы ралӕууа, уӕд бафхӕрдзынӕн». 35Дунедарӕг Израилы адӕмы бафхӕрдта, Аарон сын цы уӕныг скодта, уый тыххӕй.
Copyright information for
OssIBT2022