‏ Exodus 33

Дунедарӕг зӕгъы, цӕмӕй Йӕ адӕм Синайӕ ацӕуой

1Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Сыст ардыгӕй, Мысыры зӕххӕй кӕй ракодтай, уыцы адӕмимӕ, ӕмӕ ацӕут, Авраам, Исаак ӕмӕ Йаковӕн, сомы ракӕнгӕйӕ, сӕ байзӕддагӕн ӕй ратдзынӕн, зӕгъгӕ, зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдтон, уыцы зӕхмӕ. 2Мӕ зӕды уын арвитдзынӕн уӕ разӕй ӕмӕ фӕсурдзынӕн ханаанӕгты, аморӕгты, хеттӕгты, периззӕгты, хиввӕгты ӕмӕ йевусӕгты. 3Цӕугӕут, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕцӕй хъары, уыцы зӕхмӕ. Ӕцӕг, Мӕхӕдӕг нӕ ацӕудзынӕн уемӕ, науӕд уӕ бабын кӕндзынӕн фӕндагыл, уымӕн ӕмӕ хиваст адӕм стут».

4Адӕм уыцы тызмӕг ныхас куы фехъуыстой, уӕд ныккуыдтой ӕмӕ, хъынцъымгӕнгӕ, фӕлындӕнтӕ сӕ уӕлӕйӕ рафтыдтой.

5Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Израилӕгтӕн фехъусын кӕн, сымах, зӕгъ, хиваст адӕм стут, ӕмӕ уемӕ куы рараст уон, уӕд уӕ цӕсты фӕныкъуылдмӕ ныццӕгъддзынӕн. Уӕ фӕлындӕнтӕ уал рафтаут, Ӕз та ахъуыды кӕндзынӕн, цы уын бакӕнон, ууыл». 6Израилӕгтӕ Хоревы хохрӕбын рафтыдтой сӕ фӕлындӕнтӕ.

Фембӕлды Цатыр Моисей ӕвӕры рӕсӕнуаты ӕдде

7Уӕдӕй фӕстӕмӕ-иу Моисей рӕсӕнуатӕй дӕрддзӕф ран сӕвӕрдта цатыр, ӕмӕ йӕ хуыдта Фембӕлды Цатыр. Исчи-иу Дунедарӕджы бафӕрсинаг куы уыд, уӕд-иу Моисей рӕсӕнуатӕй ацыди Фембӕлды Цатырмӕ. 8Уырдӕм-иу куы фӕцӕйцыд, уӕд-иу адӕм та лӕууыдысты сӕ цатырты раз ӕмӕ кастысты йӕ фӕдыл, цалынмӕ-иу уый Фембӕлды Цатырмӕ бацыди, уӕдмӕ. 9Моисей-иу Цатырмӕ куы бацыд, уӕд-иу мигъы цӕджындз йӕхи бынмӕ ӕруагъта, ӕрлӕууыд-иу Цатыры къӕсӕрыл, ӕмӕ-иу Дунедарӕг ныхас кодта Моисеимӕ. 10Адӕм-иу Цатыры къӕсӕрыл мигъы цӕджындз куы федтой, уӕд-иу иууылдӕр зӕххыл ныддӕлгом сты сӕ цатырты раз. 11Дунедарӕг та Моисеимӕ ныхас кодта лӕгӕй-лӕгмӕ, адӕймаг адӕймагимӕ куыд фӕдзуры, афтӕ. Уый фӕстӕ-иу Моисей рӕсӕнуатмӕ ӕрбаздӕхт. Фӕлӕ-иу Нуны фырт Йешуа, Моисейы кӕстӕриуӕггӕнӕг, баззади Цатыры, уырдыгӕй никуыдӕм цыд.

12Моисей Дунедарӕгӕн загъта: «Бафӕдзӕхстай мын ацы адӕмы дарддӕр акӕнын, фӕлӕ мын мемӕ кӕй рарвитдзынӕ, уый кой не скодтай. Афтӕ мын куы загътай, дӕ ном дын зонын ӕмӕ Мын ӕхцон дӕ, зӕгъгӕ. 13Гъемӕ кӕд афтӕ у, уӕд мын бацамон Дӕ фӕндӕгтӕ, цӕмӕй Дӕ базонон ӕмӕ Дӕуӕн фӕндон хъуыддӕгтӕ кӕнон. Мӕнӕ ацы адӕм дӕр Дӕу адӕм куы сты!» 14Дунедарӕг ын дзуапп радта: «Ӕз Мӕхӕдӕг цӕудзынӕн уемӕ ӕмӕ дын ӕххуыс кӕндзынӕн». 15Моисей загъта: «Кӕд Дӕхӕдӕг нӕ уыдзынӕ немӕ, уӕд нӕ ма цӕуын кӕн ардыгӕй. 16Ӕз ӕмӕ Дӕ адӕм цӕмӕй базондзыстӕм, ӕхцон Дын стӕм, уый? Ӕрмӕстдӕр, немӕ кӕй рацыдтӕ, уымӕй нын равдисдзынӕ, зӕххы цъарыл нӕ иннӕ адӕмтӕй хъулон кӕй кӕныс, уый». 17Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Дӕ курдиат дын сӕххӕст кӕндзынӕн, уымӕн ӕмӕ Мын ӕхцон дӕ. Ӕз дын зонын дӕ ном».

Моисей хаты Дунедарӕгмӕ, цӕмӕй йын равдиса Йӕ кад

18Моисей бахатыди Дунедарӕгмӕ: «Фенын мын кӕн Дӕ кад!» 19Дунедарӕг загъта: «Ме’ппӕт кад дӕр дын дӕ цурты рацӕуын кӕндзынӕн. Раргом дын кӕндзынӕн Дунедарӕджы ном. Кӕмӕн Мӕ фӕнды Мӕ хорзӕх раттын, уымӕн ӕй ратдзынӕн, батӕригъӕд кӕнын Мӕ кӕмӕн фӕнды, уымӕн батӕригъӕд кӕндзынӕн». 20Ноджы ма загъта: «Мӕ цӕсгоммӕ ӕрбакӕсын дӕ бон не суыдзӕн. Мӕн фенӕг адӕймагӕн удӕгасӕй баззайӕн нӕй. 21Фӕлӕ ам, Мӕнмӕ ӕввахс, иу бынат ис — слӕуу-ма уым, къӕдзӕхыл. 22Мӕ кад дӕ цурты куы рацӕйцӕуа, уӕд дӕ къӕдзӕхы скъуыды слӕууын кӕндзынӕн ӕмӕ дӕ Мӕ къухӕй бамбӕрздзынӕн. Куы аивгъуыйон, 23уӕд Мӕ къух айсдзынӕн, ӕмӕ Мын фендзынӕ Мӕ чъылдым, Мӕ цӕсгом та Мын нӕ фендзынӕ».
Copyright information for OssIBT2022