‏ Exodus 36

1Бецалел ӕмӕ Охолиав, стӕй, Уаз Цӕрӕн саразыны охыл Дунедарӕг куырыхон зонд ӕмӕ дӕсныйадӕй кӕй схайджын кодта, уыдон бакӕнӕнт, Дунедарӕг куыддӕриддӕр бафӕдзӕхста, афтӕ».

2Моисей фӕсидтис, Дунедарӕг куырыхон зонд кӕмӕн радта ӕмӕ кусын райдайынмӕ разӕнгард чи уыди, уыцы Бецалел ӕмӕ Охолиавмӕ, стӕй иннӕтӕм. 3Моисейӕ райстой, израилӕгтӕ Уаз Цӕрӕн саразынӕн цы мысайнӕгтӕ ӕрбахастой, уыдон ӕмӕ райдыдтой кусын. Ныр ӕм адӕм та алы райсом дӕр хастой ӕмӕ хастой бархи лӕвӕрттӕ.

4Уӕд Моисеймӕ ӕрбацыдысты, Уаз Цӕрӕн аразыны куыстытӕ чи кодта, уыдон 5ӕмӕ йын загътой: «Дунедарӕг кӕй бафӕдзӕхста, уыцы куыст бакӕнынӕн адӕм фагӕй фылдӕр хӕссынц». 6Моисейы бардзырдмӕ гӕсгӕ рӕсӕнуаты адӕмӕн фехъусын кодтой, цӕмӕй нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, мачиуал хӕсса йӕ мысайнӕгтӕ Уаз Цӕрӕнмӕ. Ӕмӕ сын сӕ нал истой. 7Фаг сӕм ӕрӕмбырд, цас хъуыди, уымӕй фылдӕр.

Фембӕлды Цатыр куыд сарӕзтой

8Цатыраразӕг ӕрмдӕснытӕ здыхт гӕн, стӕй ӕрвхуыз, сӕнт сырх ӕмӕ игӕрхуыз тӕбынӕй сцӕттӕ кодтой дӕс уӕфтӕджы. Уӕфтӕгтӕ аив сфӕлыстой херувимты нывӕфтыдтӕй. 9Уӕфтӕгтӕ уыдысты ӕмиӕстӕ: дӕргъмӕ — фӕйнӕ аст ӕмӕ ссӕдз ӕлмӕрины, уӕрхмӕ — фӕйнӕ цыппар.

10Алы фондз уӕфтӕджы дӕр кӕрӕдзимӕ бахуыдтой, ӕмӕ сӕ рауади дыууӕ егъау ӕмбӕрзӕны. 11 12Уыцы дыууӕ ӕмбӕрзӕнӕн сӕ фӕйнӕ тигъыл дӕргъмӕ бахуыдтой фӕйнӕ дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз ӕрвхуыз сӕхтӕджы, иу ӕмбӕрзӕны сӕхтӕджытӕ иннӕйы сӕхтӕджытӕн се’мных куыд фӕуой, афтӕ — дыууӕ ӕмбӕрзӕны баиу кӕнынӕн. 13Сарӕзтой дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз сыгъзӕрин къӕпсыры ӕмӕ уыдонӕй дыууӕ ӕмбӕрзӕны баиу кодтой, ӕмӕ сӕ рауади Уаз Цӕрӕн.

14Уый фӕстӕ тинтычъийӕ бауафтой иуӕндӕс уӕфтӕджы — Фембӕлды Цатыры цар ӕмбӕрзынӕн. 15Уӕфтӕгтӕ уыдысты ӕмиӕстӕ: сӕ дӕргъ — фӕйнӕ дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕлмӕрины, сӕ уӕрх та — фӕйнӕ цыппар ӕлмӕрины. 16Фондз уӕфтӕджы дзы иумӕ бахуыдтой, ӕхсӕз уӕфтӕджы — иумӕ. 17Цӕмӕй дыууӕ ӕмбӕрзӕны баиу кӕной, уый тыххӕй сын сӕ фӕйнӕ кӕроныл бахуыдтой фӕйнӕ дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз сӕхтӕджы. 18Сарӕзтой дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз ӕрхуы къӕпсыры — сӕхтӕджытӕ кӕрӕдзиуыл фӕхӕцынӕн, цӕмӕй дыууӕ ӕмбӕрзӕны баиу кӕной ӕмӕ сӕ иу царӕмбӕрзӕн рауайа. 19Цатыры царӕн ма скодтой ноджы иу ӕмбӕрзӕн — сырхахуырст фысдзӕрмттӕй, уый уӕлӕ та ӕрӕвӕрдтой иннӕ ӕмбӕрзӕн — гогырӕ сӕракӕй.

20Цатыры къултӕ саразынӕн акъацийӕ скодтой фӕлгӕттӕ: 21сӕ дӕргъ — фӕйнӕ дӕс ӕлмӕрины, сӕ уӕрх та — ӕлмӕрин ӕмӕ ӕрдӕг. 22Алы фӕлгӕт дӕр арӕзт ӕрцыд, ӕмных ӕвӕрд дыууӕ амадхъӕды баиу кӕнгӕйӕ. Цатыры къулты фӕлгӕттӕ иууылдӕр афтӕ сарӕзтой. 23Хуссарварс къулӕн скодтой ссӕдз фӕлгӕты 24ӕмӕ дыууиссӕдз ӕвзист бынӕнцайӕны, алы фӕлгӕтӕн дӕр — дыууӕ, йӕ дыууӕ амадхъӕдӕн. 25Цӕгатварс къулӕн дӕр скодтой ссӕдз фӕлгӕты 26ӕмӕ дыууиссӕдз ӕвзист бынӕнцайӕны, алы фӕлгӕтӕн дӕр — дыууӕ. 27Цатыры фӕстаг, ныгуылӕнварс цы къул уыди, уымӕн скодтой ӕхсӕз фӕлгӕты, 28Цатыры фӕстаг дыууӕ фисынӕн та — фӕйнӕ фӕлгӕты. 29Уыцы дыууӕ фӕлгӕты бынӕй уыдысты саджилгонд, сӕрӕй та, фыццаг цӕгыл ӕфтыдӕй — ӕнӕхъӕн. Афтӕмӕй, фӕстаг дыууӕ фисынӕн конд ӕрцыди фӕйнӕ фӕлгӕты. 30Уыцы аст фӕлгӕтӕн уыди ӕхсӕрдӕс ӕвзист бынӕнцайӕны, алы фӕлгӕтӕн дӕр — дыууӕ.

31Акъацийӕ скодтой уӕладзӕнтӕ, фондз уӕладзӕны — Цатырӕн йӕ иу фарсы фӕлгӕттӕ баиу кӕнынӕн, 32фондз — йӕ иннӕ фарсы фӕлгӕттӕ баиу кӕнынӕн, фондз та — йӕ фӕстаг фарсы фӕлгӕттӕ баиу кӕнынӕн, ныгуылӕнӕрдыгӕй. 33Алы къулӕн дӕр йӕ астӕуккаг уӕладзӕн тъыст ӕрцыди фӕлгӕтты’хсӕнты — къулӕн йӕ иу кӕронӕй йӕ иннӕ кӕронмӕ. 34Фӕлгӕттӕ састӕрдтой сыгъзӕринӕй, сӕ фӕрсчытыл сын бафидар кодтой сыгъзӕрин цӕгтӕ, хъилтӕ дзы батъыссынӕн, ӕмӕ уӕладзӕнтӕ дӕр састӕрдтой сыгъзӕринӕй.

35Бауӕфтой мидӕмбӕрзӕн — ӕрвхуыз, сӕнт сырх ӕмӕ игӕрхуыз тӕбын ӕмӕ здыхт гӕнӕй. Херувимты нывӕфтыд сурӕттӕй йӕ сфӕлыстой. 36Дуарӕмбӕрзӕнӕн скодтой цыппар акъаци цӕджындзы, састӕрдтой сӕ сыгъзӕринӕй, бакодтой сыл сыгъзӕрин къӕпсыртӕ ӕмӕ сын рацагътой цыппар ӕвзист бынӕнцайӕны. 37Цатырмӕ бацӕуӕнӕн дӕр бауафтой дуарӕмбӕрзӕн. Уыд алыхуызон — ӕрвхуыз, сӕнт сырх ӕмӕ игӕрхуыз тӕбын ӕмӕ здыхт гӕнӕй. 38Скодтой йын фондз цӕджындзы къӕпсыртимӕ, цъуппытӕ ӕмӕ тӕлытӕ састӕрдтой сыгъзӕринӕй, цӕджындзтӕн скодтой фондз ӕрхуы бынӕнцайӕны.
Copyright information for OssIBT2022