Exodus 37
Фидыды Чырын
1Бецалел акъацийӕ сарӕзта Фидыды Чырын, йӕ дӕргъ — дыууӕ ӕлмӕрины ӕмӕ ӕрдӕг, йӕ уӕрх — ӕлмӕрин ӕмӕ ӕрдӕг, йӕ бӕрзӕнд дӕр — ӕлмӕрин ӕмӕ ӕрдӕг. 2Мидӕгӕй дӕр ӕмӕ йӕ ӕдде дӕр састӕрдта сыгъдӕг сыгъзӕринӕй, стӕй йын йӕ алыварс ауагъта сыгъзӕрин мӕскъ. 3Сарӕзта цыппар сыгъзӕрин цӕджы, йӕ цыппар фисынӕн, дыууӕ цӕджы — ӕмных фӕрстӕй иуы дыууӕ фисыныл, дыууӕ та — иннӕйы дыууӕ фисыныл бафтауынӕн. 4Акъацийӕ скодта дыууӕ хъилы ӕмӕ сӕ састӕрдта сыгъзӕринӕй. 5Хъилтӕ — Фидыды Чырын хӕссынӕн — йӕ фӕйнӕфарс цӕгты батъыста. 6Фидыды Чырынӕн скодта сӕр сыгъдӕг сыгъзӕринӕй, йӕ дӕргъ — дыууӕ ӕлмӕрины ӕмӕ ӕрдӕг, йӕ уӕрх та — ӕлмӕрин ӕмӕ ӕрдӕг. 7– 8Сыгъзӕринӕй рацагъта дыууӕ херувимы, Фидыды Чырынӕн йӕ фӕйнӕ кӕроныл, ӕмӕ сиу сты йемӕ. 9Херувимтӕн сӕ базыртӕ уыдысты хӕрдмӕ тыгъд ӕмӕ афтӕмӕй ӕмбӕрзтой Фидыды Чырыны сӕр, сӕ цӕсгӕмттӕ уыдысты кӕрӕдзимӕ арӕзт, се’ргом та — Чырыны сӕры’рдӕм.Кувинаг дзулты фынг
10Бецалел акъацийӕ сарӕзта фынг, йӕ дӕргъ — ӕлмӕрин ӕмӕ ӕрдӕг, йӕ уӕрх — ӕлмӕрин, йӕ бӕрзӕнд — ӕлмӕрин ӕмӕ ӕрдӕг. 11Састӕрдта йӕ сыгъдӕг сыгъзӕринӕй, стӕй йын йӕ алыварс ауагъта сыгъзӕрин мӕскъ. 12Фынджы кӕрӕтты скодта армытъӕпӕны бӕрзӕндӕн сис ӕмӕ йыл сыгъзӕрин мӕскъ ауагъта. 13Сарӕзта цыппар сыгъзӕрин цӕджы ӕмӕ сӕ бафидар кодта фынджы цыппар фисыныл, йӕ цыппар къахыл, 14– 15уадздзӕгтӕ къӕхтыл кӕм ӕндзӕвынц, уымыты. Акъацийӕ скодта дыууӕ хъилы ӕмӕ сӕ састӕрдта сыгъзӕринӕй, стӕй хъилтӕ цӕгты батъыста, фынг хӕссынӕн. 16Ӕппынфӕстаг фынгӕн сыгъдӕг сыгъзӕринӕй скодта мигӕнӕнтӕ: къустӕ ӕмӕ куыситӕ — хӕрздӕфгӕнӕнтӕн, хъуыраутӕ ӕмӕ хъалацтӕ та — сӕнӕн.Сыгъзӕрин цырагъдарӕн
17Бецалел сыгъдӕг сыгъзӕринӕй рацагъта цырагъдарӕн, йе’ппӕт хӕйттӕ дӕр — йӕ зӕнг, йӕ къалиутӕ ӕмӕ йӕ къусгӕндтӕ, уыдоны бын — тымбылӕгтӕ ӕмӕ дидинсыфтӕ — уыдысты иу ӕнӕхъӕн къӕрттӕй конд. 18Цырагъдарӕныл уыд ӕхсӕз къалиуы: ӕртӕ къалиуы — иуӕрдыгӕй, ӕртӕ — иннӕрдыгӕй. 19Алы къалиуыл дӕр уыд ӕртӕ къусгонды, миндал-ӕхсӕры дидинкъусчы хуызӕттӕ, ӕд тымбылӕгтӕ ӕмӕ ӕд дидинсыфтӕ. 20Цырагъдарӕнӕн йӕ зӕнгыл уыди цыппар къусгонды, миндал-ӕхсӕры дидинкъусчы хуызӕттӕ, ӕд тымбылӕгтӕ ӕмӕ ӕд дидинсыфтӕ. 21Фыццаг дыууӕ къалиуы бынмӕ — тымбылӕг, дыккаг дыууӕ къалиуы бынмӕ — тымбылӕг, ӕртыккаг дыууӕ къалиуы бынмӕ дӕр — тымбылӕг; афтӕ хъуамӕ уа цырагъдарӕны ӕхсӕз къалиуы бынмӕ дӕр. 22Цырагъдарӕн ӕнӕхъӕнӕй дӕр — ӕд къусгӕндтӕ, ӕд тымбылӕгтӕ, ӕд дидинсыфтӕ, ӕд къалиутӕ ӕмӕ ӕд зӕнг — уыди сыгъдӕг сыгъзӕринӕй цагъд. 23Бецалел ын скодта авд цырагъы, стӕй сыгъдӕг сыгъзӕринӕй ӕртыскӕн ӕмӕ фыййӕгтӕ. 24Йе’ппӕт дзауматимӕ йыл бахардз кодта сыгъдӕг сыгъзӕрины талант.Будсудзӕн нывондхӕссӕн, сӕрдӕн сой ӕмӕ хӕрздӕфгӕнӕн
25Бецалел акъацийӕ сарӕзта будсудзӕн нывондхӕссӕн. Уый уыд раст цыппаркъуымон — ӕлмӕрины йас дӕргъмӕ дӕр ӕмӕ уӕрхмӕ дӕр, йӕ бӕрзӕнд та — дыууӕ ӕлмӕрины. Цы сыкъатӕ йын скодта, уыдон нывондхӕссӕнимӕ уыдысты иу. 26Састӕрдта йӕ сыгъдӕг сыгъзӕринӕй: йӕ сӕр, йӕ фӕрстӕ алырдыгӕй ӕмӕ йӕ сыкъатӕ, стӕй йын йӕ алыварс ауагъта сыгъзӕрин мӕскъ. 27Сарӕзта дыууӕ сыгъзӕрин цӕджы ӕмӕ сӕ бафидар кодта мӕсчъы бын, нывондхӕссӕны фӕйнӕфарс, цӕмӕй йӕ хӕссынӕн сӕ мидӕг хъилтӕ акӕнӕн уа. 28Хъилтӕ скодта акъацийӕ ӕмӕ сӕ састӕрдта сыгъзӕринӕй. 29Бецалел ма ноджы сцӕттӕ кодта уаз сӕрдӕн сой, стӕй дӕсны арӕзт ӕмӕ сыгъдӕг хӕрздӕфгӕнӕн.
Copyright information for
OssIBT2022