Exodus 40
Фембӕлды Цатыр ӕрӕвӕрыны тыххӕй амындтытӕ
1Дунедарӕг Моисейӕн загъта: 2«Фыццаг мӕйы фыццаг бон ӕрӕвӕр Фембӕлды Цатыр. 3Бахӕсс Фидыды Чырын ӕмӕ йӕ мидӕмбӕрзӕнӕй сӕхгӕн. 4Бахӕсс фынг ӕмӕ йыл йӕ дзауматӕ иууылдӕр ӕрӕвӕр. Ӕрбахӕсс цырагъдарӕн ӕмӕ йыл йӕ цырӕгътӕ ӕрӕвӕр. 5Сыгъзӕрин нывондхӕссӕн — будсудзӕн — ӕрӕвӕр Фидыды Чырыны раз. Фембӕлды Цатыры бацӕуӕныл ӕрцауындз дуарӕмбӕрзӕн. 6Йӕ къӕсӕры ракомкоммӕ йын ӕрӕвӕр иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕн. 7Цатырӕй нывондхӕссӕны’хсӕн ӕрӕвӕр хихсӕн аг ӕмӕ дзы дон ныккӕн. 8Цатырӕн йӕ алыварс скӕн кӕрт ӕмӕ кӕрты бацӕуӕныл ӕрцауындз дуарӕмбӕрзӕн. 9Райс сӕрдӕн сой ӕмӕ дзы байсӕрд Цатыр, уыимӕ, Цатыры цыдӕриддӕр ис, уыдон ӕмӕ Дунедарӕгӕн снывонд кӕн Цатырӕн йӕхи дӕр, стӕй йе’ппӕт дзауматӕ дӕр, ӕмӕ уӕд уаз уыдзысты. 10Байсӕрд иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕн йе’ппӕт дзауматимӕ. Нывондхӕссӕн снывонд кӕн Дунедарӕгӕн, ӕмӕ суыдзӕн иууылуаз. 11Байсӕрд хихсӕн аг йӕ суанцъыимӕ ӕмӕ йӕ снывонд кӕн Дунедарӕгӕн. 12Аарон ӕмӕ йӕ фыртты ӕрбакӕн Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ ӕмӕ сӕ донӕй цӕхс. 13Аароныл скӕн уаз дарӕс ӕмӕ йӕ байсӕрд, срухс ӕй кӕн, ӕмӕ суа Мӕ сауджын. 14Йӕ фыртты дӕр ын ӕрбакӕн ӕмӕ сыл скӕн хӕдӕттӕ. 15Сӕ фыды сын куыд байсӕрстай, афтӕ уыдоны дӕр байсӕрд, цӕмӕй суой Мӕ сауджынтӕ. Уыцы байсӕрсты фӕрцы сӕ байзӕддӕгтӕ дӕр уыдзысты сауджынтӕ — мыггагмӕ, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ».Фембӕлды Цатыры ӕрӕвӕрд
16Моисей бакодта, Дунедарӕг ын куыддӕриддӕр бафӕдзӕхста, афтӕ. 17Израилӕгтӕ Мысырӕй куы рацыдысты, уымӕн йӕ дыккаг азы фыццаг мӕйы фыццаг бон Уаз Цӕрӕн ӕвӕрд ӕрцыд. 18Ӕрцарӕзта йӕ Моисей: ӕрӕвӕрдта бынӕнцайӕнтӕ, уыдоныл ӕрсагъта фӕлгӕттӕ, фӕлгӕттӕ кӕрӕдзимӕ бафидар кодта хъилтӕй, ныффидар кодта цӕджындзтӕ, 19Цатыры сӕрыл ӕрытыдта ӕмбӕрзӕн, ууыл та — дыккаг ӕмбӕрзӕн, — Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. 20Уый фӕстӕ Моисей Фидыды Чырыны нывӕрдта Дунедарӕджы фӕдзӕхстытӕ, хъилтӕ сӕ бынӕтты бакодта ӕмӕ Чырынӕн йӕ сӕр ӕрӕвӕрдта йӕ уӕлӕ. 21Стӕй Фидыды Чырын бахаста ӕмӕ, Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ йӕ мидӕмбӕрзӕнӕй сӕхгӕдта. 22Фембӕлды Цатыры, цӕгатӕрдыгӕй, мидӕмбӕрзӕны цур, ӕрӕвӕрдта фынг 23ӕмӕ фынгыл, Дунедарӕджы раз, равӕрдта дзултӕ, Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. 24Фембӕлды Цатыры, хуссарӕрдыгӕй, фынджы бакомкоммӕ, ӕрӕвӕрдта цырагъдарӕн 25ӕмӕ йыл Дунедарӕджы раз сӕвӕрдта цырӕгътӕ, Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. 26Сыгъзӕрин нывондхӕссӕн ӕрӕвӕрдта Фембӕлды Цатыры, мидӕмбӕрзӕны раз, 27ӕмӕ йыл басыгъта хӕрздӕф буд, Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. 28Цатыры бацӕуӕныл ӕрцауыгъта дуарӕмбӕрзӕн. 29Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ ӕрӕвӕрдта иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕн ӕмӕ йыл ӕрхаста иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ хойраджы хуынтӕ, Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. 30Цатырӕй нывондхӕссӕны’хсӕн ӕрӕвӕрдта хихсӕн аг ӕмӕ дзы дон ныккодта. 31Уым Моисей, Аарон ӕмӕ Аароны фырттӕ ӕхсадтой сӕ къухтӕ ӕмӕ сӕ къӕхтӕ, 32Фембӕлды Цатырмӕ кӕнӕ-иу нывондхӕссӕнмӕ куы цыдысты, уӕд, Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. 33Моисей Цатыры алыварс скодта кӕрт ӕмӕ кӕрты бацӕуӕныл ӕрцауыгъта дуарӕмбӕрзӕн. Ууыл Моисей фӕци Фембӕлды Цатыр аразыны ӕппӕт куыстытӕ дӕр. 34– 35Уӕд ӕврагъ ӕрӕмбӕрзта Фембӕлды Цатыр, ӕмӕ Цатыр Дунедарӕджы кадӕй байдзаг ис. Уый тыххӕй Моисейы бон нӕ уыди Цатырмӕ бацӕуын. 36Ӕврагъ-иу Цатырӕй йӕхи хӕрдмӕ куы систа, уӕд-иу Израилы адӕм араст сты сӕ радон балцы, 37йӕхи хӕрдмӕ куынӕ иста, уӕд та никуыдӕм цыдысты — ӕнхъӕлмӕ кастысты, ногӕй та йӕхи кӕд сисдзӕн, уымӕ. 38Боныгон Цатыры сӕрмӕ лӕууыди Дунедарӕджы ӕврагъ, ӕхсӕвы та уыцы ӕврагъы мидӕг сыгъди арт, ӕмӕ йӕ уыдтой ӕппӕт израилӕгтӕ дӕр. Афтӕ уыд алы хатт дӕр, израилӕгтӕ-иу фӕндагыл куы уыдысты, уӕд.
Copyright information for
OssIBT2022