‏ Ezekiel 10

Йерусалим арты амӕттаг баци

1Ӕз федтон: херувимты сӕрмӕ цы ӕрдынӕг уыд, уый сӕрмӕ зынди цыдӕр, сапфирӕй конд паддзахы бадӕны хуызӕн. 2Дунедарӕг, гӕн хъуымацӕй дарӕс кӕуыл уыд, уыцы лӕгӕн загъта: «Цӕлхыты’хсӕнты херувимты бынмӕ бацу, херувимты’хсӕнӕй дыууӕ армы дзаг зынджытӕ райс ӕмӕ сӕ сахарыл фехс». Уыцы лӕг мӕ разы херувимты бынмӕ бацыди. 3Ныр херувимтӕ та лӕууыдысты Кувӕндоны рахизфарс, ӕмӕ мидӕггаг кӕрт ӕврагъӕй байдзаг.

4Дунедарӕджы кад йӕхи систа херувимтӕй ӕмӕ ӕрӕнцади Кувӕндоны къӕсӕрыл, ӕмӕ Кувӕндон байдзаг ис ӕврагъӕй, кӕрт та — Дунедарӕджы кады тӕмӕнӕй. 5Херувимтӕн сӕ базырты уынӕр хъуысти суанг ӕддаг кӕртмӕ, уыцы уынӕр уыдис Ӕппӕтхъомысы хъӕлӕсы ӕнгӕс, Уый дзургӕ куы фӕкӕны, уӕд. 6Гӕн хъуымацӕй дарӕс кӕуыл уыд, уыцы лӕгӕн афтӕ куы бафӕдзӕхста, уад-цӕлхыты ӕхсӕн, херувимты астӕу цы зынг судзы, уымӕй райс, зӕгъгӕ, ӕмӕ уый куы бацыд ӕмӕ цалхы раз куы ӕрлӕууыд, 7уӕд херувимтӕй иу йӕ къух зынгмӕ бадардта, райста уыцы зынгӕй ӕмӕ дзы, гӕн хъуымацӕй дарӕс кӕуыл уыд, уыцы лӕгӕн йӕ ӕрмтты ӕрӕвӕрдта. Уый райста зынг ӕмӕ рацыди. 8Херувимтыл зынди адӕймаджы къухты хуызӕттӕ сӕ базырты бын.

9Ӕз федтон: херувимты раз лӕууы цыппар цалхы — алы херувимы раз дӕр иу цалх — хризолитау цӕхӕртӕ калдтой.

10Цыппар цалхы дӕр уыдысты иухуызон, цыма иу цалх иннӕйы мидӕг уыд, уыйау. 11Цӕугӕ-иу куы кодтой, уӕд сӕ бон уыди, херувимтӕн се’ргом кӕцырдӕм арӕзт уыди, уыцы цыппар фарсӕй кӕцыфӕндыйы’рдӕм дӕр цӕуын. Херувимтӕ-иу куы сызмӕлыдысты, уӕд-иу цӕлхытӕ сӕ бынаты иннӕрдӕм не’рзылдысты. Херувимтӕ цыдысты, се’ргом кӕцырдӕм арӕзт уыди, уыцырдӕм, цӕугӕ-цӕуын фӕстӕмӕ нӕ кастысты. 12Сӕ гуыртыл, сӕ чъылдымтыл, сӕ къухтыл, сӕ базыртыл, сӕ цӕлхытыл, цыппар цалхыл дӕр, алырдыгӕй уыди цӕстытӕ. 13Уыцы цӕлхытӕ, куыд фехъуыстон, афтӕмӕй схуындӕуыди уад-цӕлхытӕ. 14Херувимтӕй алкӕуыл дӕр уыди цыппар цӕсгомы: фыццаг цӕсгом — херувимы цӕсгом, дыккаг цӕсгом — адӕймаджы цӕсгом, ӕртыккаг — домбайы цӕсгом, цыппӕрӕм та — цӕргӕсы цӕсгом.

15Херувимтӕ хӕрдмӕ ссыдысты. Уыдон уыдысты, Кевары доны цур кӕй федтон, уыцы удгоймӕгтӕ. 16Херувимтӕ-иу куы сызмӕлыдысты, уӕд-иу цӕлхытӕ дӕр цыдысты семӕ, херувимтӕ-иу сӕ базыртӕ куы айтыгътой, зӕххӕй сӕхи хӕрдмӕ сисыны охыл, уӕд-иу сӕ нӕ фӕхицӕн сты цӕлхытӕ дӕр — уыдысты семӕ. 17Херувимтӕ-иу куы’рлӕууыдысты, уӕд-иу цӕлхытӕ дӕр лӕууыдысты, уыдон-иу сӕхи хӕрдмӕ куы систой, уӕд-иу цӕлхытӕ дӕр хӕрдмӕ ссыдысты, уымӕн ӕмӕ цӕлхыты мидӕг уыдис удгоймӕгты Уд.

18Дунедарӕджы кад Кувӕндоны къӕсӕрӕй иуварс айста йӕхи ӕмӕ ӕрлӕууыди херувимты сӕрмӕ. 19Херувимтӕ сӕ базыртӕ айтыгътой ӕмӕ мӕ разы сӕхи хӕрдмӕ систой зӕххӕй. Куы сызмӕлыдысты, уӕд цӕлхытӕ дӕр хӕрдмӕ ссыдысты семӕ. Ӕрлӕууыдысты Дунедарӕджы Кувӕндоны скӕсӕйнаг кулдуары цур, ӕмӕ Израилы Хуыцауы кад уыди сӕ сӕрмӕ. 20Адон уыдысты, Израилы Хуыцауы бадӕны бынмӕ Кевары доны цур кӕй федтон, уыцы удгоймӕгтӕ. Ӕмӕ ӕз базыдтон, херувимтӕ кӕй уыдысты, уый. 21Алкӕмӕн дӕр сӕ уыди цыппар цӕсгомы, алкӕмӕн дӕр — цыппар базыры, базырты бын та адӕймаджы къухты хуызӕттӕ. 22Сӕ цӕсгӕмттӕ дӕр уыдысты, Кевары доны цур цы цӕсгӕмттӕ федтон, уыдоны ӕнгӕс. Алчидӕр сӕ цыди, йе’ргом кӕдӕм арӕзт уыд, уыцырдӕм.
Copyright information for OssIBT2022