Ezekiel 11
Хуыцау тӕрхон кӕны адӕмы фӕтӕгтӕн
1Хуыцауы Уд мӕ систа ӕмӕ мӕ бакодта Дунедарӕджы Кувӕндоны скӕсӕйнаг кулдуармӕ. Кулдуары цур лӕууыди фондз ӕмӕ ссӕдз лӕджы. Се’хсӕн сын федтон Аззуры фырт Иазанийы ӕмӕ Бенайайы фырт Пелатиайы, адӕмы фӕтӕгты. 2Дунедарӕг мын загъта: «Адӕймаджы фырт! Ацы адӕм аразынц фыдвӕндтӕ, фыдбылызы уынаффӕтӕ кӕнынц ацы сахары. 3Уыдон зӕгъынц, „Хӕдзӕрттӕ аразыны афон тагъд нӕма ӕрцӕудзӕн. Ацы сахар у аг, мах та — дзидза“. 4Уымӕ гӕсгӕ пехуымпариуӕг кӕн сӕ ныхмӕ, адӕймаджы фырт». 5Дунедарӕджы Уд мыл ӕртыхсти ӕмӕ мын загъта: «Зӕгъ сын: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: Израилы адӕм, Ӕз уын уӕ ныхӕстӕ ӕмӕ уӕ хъуыдытӕ зонын. 6Сымах ацы сахары бирӕты фӕмардтат, йӕ уынгтӕ байдзаг сты мӕрдтӕй. 7Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: сахары мидӕг кӕй амардтат, уыдон сты дзидза, сахар та — аг. Фӕлӕ сымах Ӕз уырдыгӕй ракӕндзынӕн. 8Кардӕй тӕрсут, ӕмӕ уӕ Ӕз карды амӕттаг бакӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. — 9Сахарӕй уӕ ракӕндзынӕн ӕмӕ уӕ ӕцӕгӕлӕтты къухтӕм ратдзынӕн, тӕрхоны азар уыл ныххуырсдзынӕн. 10Сымах карды цӕфӕй амӕлдзыстут, Ӕз уын Израилы зӕххыл стӕрхон кӕндзынӕн, ӕмӕ уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый. 11Ацы сахар сымахӕн аг не суыдзӕн, сымах та дзы нӕ уыдзыстут дзидза. Израилы зӕххыл уын стӕрхон кӕндзынӕн, 12ӕмӕ уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый. Уымӕн ӕмӕ Мын сымах Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Мӕ амындтытӕ не’ххӕст кодтат, фӕлӕ, уӕ алыварс цы адӕмтӕ ис, уыдоны ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ цардыстут“». 13Ӕз пехуымпариуӕг куыд кодтон, афтӕ амарди Бенайайы фырт Пелатиа. Уӕд ӕз зӕххыл ныддӕлгом дӕн ӕмӕ хъӕрӕй сдзынӕзтон: «О Дунедарӕг Хуыцау! Ау, бынтондӕр бабын кӕндзынӕ, Израилы адӕмӕй ма чи аирвӕзти, уыдоны?»Хаст адӕмӕн зӕрдӕвӕрд
14Дунедарӕг мын загъта: 15«Адӕймаджы фырт! Йерусалимы цӕрджытӕ де’фсымӕртӕн, дӕ хӕстӕджытӕн ӕмӕ ӕппӕт Израилы адӕмӕн дзурынц, Дунедарӕгӕй, дам, дард цӕрут, ацы зӕхх, дам, махӕн лӕвӕрд у исбонӕн. 16Фӕлӕ-иу сын зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: кӕд сӕ ӕндӕр адӕмтӕм фӕсырдтон ӕмӕ сӕ ӕндӕр бӕстӕтыл ныххӕлиу кодтон, уӕддӕр сын Ӕз Мӕхӕдӕг Кувӕндон уыдзынӕн, кӕдӕм фӕцыдысты, уыцы зӕххыты“. 17Уый фӕстӕ-иу зӕгъ: „Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: Ӕз уӕ ӕрӕмбырд кӕндзынӕн иннӕ адӕмтӕй, раздахдзынӕн уӕ, цы зӕххытыл ныххӕлиу стут, уырдыгӕй, ӕмӕ уын ратдзынӕн Израилы зӕхх. 18Ӕмӕ куы ӕрбаздӕхой, уӕд ын йе’лгъӕгтӕ ӕмӕ йӕ цъаммардзинӕдтӕ иууылдӕр сӕ бындзарӕй срӕдувдзысты. 19Ӕз сын иу зӕрдӕ ратдзынӕн, ног уд сын бавӕрдзынӕн сӕ мидӕг. Сӕ риуӕй сын дур зӕрдӕ стондзынӕн ӕмӕ сын дзы цардӕгас зӕрдӕ бавӕрдзынӕн, 20цӕмӕй Мын ӕххӕст кӕной Мӕ уагӕвӕрдтӕ, нымайой ӕмӕ ӕххӕст кӕной Ме’гъдӕуттӕ. Уыдон суыдзысты Мӕ адӕм, Ӕз та уыдзынӕн сӕ Хуыцау. 21Фӕлӕ йӕ зӕрдӕ йе’лгъаг гуымирытӕ аразынӕн чи снывонд кӕна, уыдонӕн сӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафиддзынӕн“, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау». 22Херувимтӕ сӕ базыртӕ айтыгътой, ӕмӕ уыдонимӕ сӕхи хӕрдмӕ систой цӕлхытӕ дӕр. Израилы Хуыцауы кад уыди сӕ сӕрмӕ. 23Дунедарӕджы кад йӕхи систа сахарӕй ӕмӕ ӕрӕнцад, сахарӕй скӕсӕнӕрдӕм цы хох ис, уый сӕрмӕ. 24Мӕн та Хуыцауы Удӕй лӕвӕрд цӕстылуайӕны Уд систа, ӕмӕ мӕ ахаста халдейаг зӕхмӕ, хаст адӕммӕ. Ам мӕ цӕстылуайӕн фӕцыдӕр ис. 25Уӕд хаст адӕмӕн радзырдтон, Дунедарӕг мын цы раргом кодта, уый.
Copyright information for
OssIBT2022