‏ Ezekiel 12

Рагуац уацары тыххӕй

1Дунедарӕг мын загъта: 2«Адӕймаджы фырт! Ды цӕрыс хиваст адӕмы’хсӕн. Ис сын цӕстытӕ уынынӕн, фӕлӕ нӕ уынынц, ис сын хъустӕ дӕр хъусынӕн, фӕлӕ нӕ хъусынц — хивӕнд адӕм сты. 3Фӕлӕ ды, адӕймаг, ӕрӕмбырд кӕн дӕ дзауматӕ дӕ цӕрӕнбынат аивыны охыл ӕмӕ уыдоны раз боныгон ӕрцӕр ӕндӕр ран. Чи зоны ӕмӕ уӕд бамбарой, куыд хивӕнд сты, уый. 4Боныгон-иу дӕ дзауматӕ уыдоны раз рахӕсс, дӕ цӕрӕнбынат аивыны охыл, изӕры та уыдоны раз рацу, хаст адӕм куыд рацӕйцӕуынц, афтӕ. 5Куыд дӕ уыной, афтӕ-иу къул батон ӕмӕ-иу дӕ дзауматӕ къахыры уылты рахӕсс. 6Сӕ разы-иу дӕ уаргъ сӕккой кӕн ӕмӕ-иу ӕй талынджы рахӕсс. Дӕ цӕсгом-иу бамбӕрз, зӕхх куыннӕ уынай, афтӕ, уымӕн ӕмӕ дӕ Ӕз Израилы адӕмӕн сӕвӕрдтон нысанӕн».

7Ӕз бакодтон, куыд мын загъдӕуыд, афтӕ. Мӕ дзауматӕ мӕ цыма мӕ цӕрӕнбынат аивынӕн хъӕуынц, афтӕ сӕ боныгон рахастон, изӕры та мӕ къухӕй къул батыдтон, адӕм мӕ куыд уыной, афтӕ сӕккой кодтон мӕ уаргъ ӕмӕ йӕ изӕрдалынгты рахастон.

8Райсомӕй мын Дунедарӕг загъта: 9«Адӕймаджы фырт! Израилы хиваст адӕм дын, мыййаг, нӕ дзырдтой, уый цы ми кӕныс, зӕгъгӕ? 10Зӕгъ сын: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: ацы рагуац у Йерусалимы хицауы ныхмӕ, стӕй, уым чи цӕры, Израилы уыцы адӕмы ныхмӕ“.

11Ноджы сын зӕгъ: „Уӕ нысан ӕз дӕн: Израилы адӕмыл ӕрцӕудзӕн, ӕз цы сарӕзтон, уый: хаст ӕрцӕудзысты, уацары сӕ акӕндзысты. 12Сӕ сӕргъы цы хицау лӕууы, уый дӕр талынджы йе’ккоймӕ сисдзӕни йӕ уаргъ ӕмӕ рацӕудзӕн. Къул батондзысты, цӕмӕй йӕ ууылты ракӕной. Уый бамбӕрздзӕни йӕ цӕсгом, ӕмӕ ацы зӕхх йӕ цӕстытӕй нӕ фендзӕн. 13Ӕз ыл Мӕ ахсӕн хыз баппардзынӕн, ӕрцахсдзынӕн ӕй ӕмӕ йӕ акӕндзынӕн Вавилонмӕ, халдейаг зӕхмӕ, фӕлӕ йӕ уый нӕ фендзӕни. Уым амӕлдзӕн. 14Йӕ алыварс цыдӕриддӕр ӕххуысгӕнджытӕ ис, уыдон ӕмӕ йын йе’фсӕдтӕ ӕппӕт дымгӕтӕм ныддардзынӕн, фӕсте сӕм кардӕй ӕвзиддзынӕн. 15Алы бӕстӕты, алы адӕмты’хсӕн сӕ куы ныххӕлиу кӕнон, уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый. 16Ӕрмӕст сын сӕ чысыл хай бахиздзынӕн кардӕй, стонгӕй ӕмӕ емынӕйӕ, цӕмӕй, цы адӕмтӕм фӕцӕуой, уыдонӕн се’лгъаг миты тыххӕй радзурой. Ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый“».

17Дунедарӕг та мын загъта: 18«Адӕймаджы фырт! Тӕрсгӕ-ризгӕйӕ хӕр дӕ къӕбӕр ӕмӕ катайгӕнгӕйӕ нуаз дӕ дон. 19Ацы бӕстӕйы адӕмӕн зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йерусалимы цӕрджытӕн Израилы адӕмы тыххӕй: сӕ къӕбӕр тӕрсгӕ-ризгӕйӕ хӕрдзысты ӕмӕ сӕ дон катайгӕнгӕ нуаздзысты, уымӕн ӕмӕ зӕхх йӕ цӕрджыты фыдракӕндты аххосӕй ӕнӕхай фӕуыдзӕни йӕ бӕркадӕй. 20Адӕмарӕх сахартӕ ныггӕныстон уыдзысты, зӕхх ӕдзӕрӕг быдыр фестдзӕн, ӕмӕ уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый“».

Рагуац сӕххӕст уыдзӕн ӕнӕмӕнг

21Дунедарӕг мын загъта: 22«Адӕймаджы фырт! Уый уӕм цавӕр ӕмбисонд фӕзынд Израилы зӕххыл, дзӕвгар рӕстӕджы фӕстӕ цӕстылуайӕнтӕ нал уыдзӕни, зӕгъгӕ? 23Израилы адӕмӕн зӕгъ: „Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: Ӕз кӕрон скӕндзынӕн уыцы ӕмбисондӕн, ӕмӕ йӕ ничиуал дзурдзӕн Израилы адӕмӕй“. Ноджы сын зӕгъ: „Алы цӕстылуайӕнӕн дӕр йӕ сӕххӕсты афон ӕрхӕстӕг. 24Уымӕн ӕмӕ Израилы адӕмы’хсӕн мӕнг цӕстылуайӕнтӕ ӕмӕ фӕлывд рагуацтӕ нал уыдзӕн. 25Афтӕ зӕгъын Ӕз, Дунедарӕг, ӕмӕ Мӕ ныхас сӕххӕст уыдзӕн, аргъӕвӕн ын нал ис. Хиваст адӕм, сымах заманы загътон Ӕз Мӕ ныхас, ӕмӕ йӕ сӕххӕст кӕндзынӕн“», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.

26Дунедарӕг мын загъта: 27«Адӕймаджы фырт! Израилы адӕм дзурынц дӕуӕй: „Цы цӕстылуайӕн федта, уый сӕххӕст уыдзӕн дзӕвгар рӕстӕджы фӕстӕ, пехуымпариуӕг дард фидӕны тыххӕй кӕны“. 28Уымӕ гӕсгӕ сын зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: Мӕ ныхӕстӕй иу дӕр дарддӕр нал аргъӕвдзынӕн. Цы зӕгъон, уый сӕххӕст уыдзӕн“», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.
Copyright information for OssIBT2022