Ezekiel 14
Хуыцауы дзуапп, гуымирытӕм чи кувы, уыдонӕн
1Израилы хистӕртӕ мӕм цалдӕр лӕгӕй ӕрбацыдысты ӕмӕ мӕ разы ӕрбадтысты. 2Дунедарӕг мын загъта: 3«Адӕймаджы фырт! Ацы адӕм сӕ зӕрдӕ сӕ гуымирытӕн куы снывонд кодтой, фыдракӕндтӕ аразыныл сӕ чи ӕфтауы, уыдоны сӕ рӕбинаг куы бакодтой, уӕд ма сын Ӕз цавӕр дзуапп хъуамӕ раттон? 4Уымӕ гӕсгӕ сын фехъусын кӕн: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: Израилы адӕмӕй исчи йӕ зӕрдӕ гуымирытӕн куы снывонд кӕна, фыдракӕндтӕ аразыныл ӕй чи ӕфтауы, уыдоны йӕ рӕбинаг куы бакӕна ӕмӕ афтӕмӕй пехуымпармӕ дзуапп курӕг куы бацӕуа, уӕд ын Ӕз уый бӕрц гуымирытимӕ цавӕр дзуапп хъуамӕ раттон? 5Израилы адӕм бамбарӕнт, сӕ гуымирыты аххосӕй Мын ӕцӕгӕлӕттӕ кӕй систы, уый“. 6Уымӕ гӕсгӕ Израилы адӕмӕн фехъусын кӕн: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: уӕ гуымирытӕй уе’ргом аздахут ӕмӕ уе’ппӕт ӕлгъаг митӕ ныууадзут. 7Уымӕн ӕмӕ Израилы адӕмӕй ӕмӕ се’хсӕн цӕрӕг ӕрцӕуӕггӕгтӕй исчи Мӕнӕй йе’ргом куы аздаха ӕмӕ гуымирытыл ӕнувыд куы суа, йӕ фыдбылызӕн тӕригъӕды куы бафта ӕмӕ афтӕмӕй пехуымпармӕ куы’рбацӕуа, Мӕнӕй дзы дзуапп ракурыны охыл, уӕд уымӕн Ӕз, Дунедарӕг, цавӕр дзуапп хъуамӕ раттон? 8Ӕз Ме’ргом уыцы адӕймаджы ныхмӕ сараздзынӕн ӕмӕ йын йӕ кой ӕмбисондӕн куыд хӕссой, ахӕм ми йын бакӕндзынӕн. Мӕ адӕмы’хсӕнӕй фӕхъӕудзӕн, ӕмӕ уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый. 9Пехуымпар сайды куы фӕуа, ӕмӕ йын цыма Ӕз, Дунедарӕг, афтӕ бацамыдтон, уыйау уыцы адӕймагӕн исты куы зӕгъа, уӕд пехуымпармӕ дӕр Мӕ къух сисдзынӕн, Мӕ адӕмы, Израилы’хсӕнӕй йӕ фесафдзынӕн. 10Сӕ дыууӕ дӕр фӕазымджын уыдзысты: дзуапп курӕджы азым цас уа, уыйас уыдзӕни пехуымпары азым дӕр, 11цӕмӕй Израилы адӕм Мӕнӕй се’ргом мауал аздахой, сӕ фыдракӕндтӕй сӕхи мауал фӕчъизи кӕной, фӕлӕ суой Мӕ адӕм, Ӕз та уон сӕ Хуыцау“», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.Хуыцау Йерусалимыл ныххуырсдзӕни Йӕ тӕрхоны азар
12Дунедарӕг мын загъта: 13«Адӕймаджы фырт! Искӕцы зӕхх Мӕ разы куы фӕтӕригъӕдджын уа, йӕ зӕрдӕ Мыл куы сива ӕмӕ йӕм Ӕз Мӕ къух куы сисон, йӕ хойраг ын куы скуынӕг кӕнон ӕмӕ йыл стонг заман куы бафтауон, йӕ адӕмы дӕр ӕмӕ йын йӕ фос дӕр сафын куы байдайон, 14ӕмӕ уыцы зӕххыл мӕнӕ ацы ӕртӕ лӕджы куы разыной — Ной, Даниил ӕмӕ Иов, уӕд уыдон дӕр сӕ рӕстады фӕрцы фервӕзын кӕндзысты ӕрмӕстдӕр сӕхи удтӕ, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. — 15Кӕнӕ уыцы зӕхмӕ тугдзых сырдтӕ куы барвитин, цӕмӕй йын уыдон йӕ сывӕллӕтты бабын кӕной, куы сафтид уаид ӕмӕ дзы сырдты тӕссӕй цъиуызмӕлӕг куынӕуал уаид, 16уӕд, сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — ацы ӕртӕ лӕджы нӕдӕр сӕ фыртты фервӕзын кодтаиккой, нӕдӕр сӕ чызджыты, фӕлӕ ӕрмӕстдӕр сӕхи удтӕ, зӕхх та ӕдзӕрӕг быдыр фестадаид. 17Кӕнӕ Ӕз уыцы зӕхх карды амӕттаг куы бакодтаин ӕмӕ бардзырд куы раттаин: „Мӕнӕ кард, ацы зӕххыл ацу!“, адӕмӕй, фосӕй сӕ куы ныццагътаин, 18уӕд, сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — ацы ӕртӕ лӕджы нӕдӕр сӕ фыртты, нӕдӕр сӕ чызджыты фервӕзын кодтаиккой — сӕхи удтӕ ӕрмӕстдӕр. 19Кӕнӕ уыцы зӕххыл емынӕ куы ныххуырстаин, фыр мӕстӕй дзы туджы зӕйтӕ куы ауагътаин, адӕм ӕмӕ фосы туг калгӕйӕ, 20уӕд, сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — уыдоны’хсӕн Ной, Даниил ӕмӕ Иов нӕдӕр сӕ фыртты фервӕзын кодтаиккой, нӕдӕр сӕ чызджыты. Сӕ рӕстады фӕрцы фервӕзын кодтаиккой ӕрмӕстдӕр сӕ удтӕ. 21Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: Мӕ цыппар ӕфхӕрды — кард, стонг, тугдзых сырдтӕ ӕмӕ емынӕ — куы ныххуырсон Йерусалимыл, йӕ адӕм ӕмӕ йын йӕ фосы куы ныццӕгъдон, 22уӕд ма йӕ фырттӕ ӕмӕ йӕ чызджытӕй аирвӕздзысты иуӕй-иутӕ, ӕмӕ сӕ уырдыгӕй рахуындӕуыдзӕн. Уыдон уӕм рацӕудзысты, ӕмӕ сын сымах фендзыстут сӕ уаг ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕ, ӕмӕ уӕд, Йерусалимыл цы бӕллӕхтӕ ныххуырстон, уыдоны тыххӕй маст нал кӕндзыстут. 23Адон фӕрцы басабыр уыдзыстут, сӕ уаг ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕ сын куы фенат, уӕд, ӕмӕ базондзыстут, Йерусалимӕн ӕппӕт уыдӕттӕ хуымӕтӕджы кӕй нӕ бакодтон, уый», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.
Copyright information for
OssIBT2022