Ezekiel 15
Судзгӕ сӕнӕфсир бӕлас — Израилы фидӕны нысан
1Дунедарӕг мын загъта: 2«Адӕймаджы фырт! Сӕнӕфсир бӕлас хъӕды ӕппӕт бӕлӕстӕй цӕмӕй хуыздӕр у, йӕ къалиутӕ дӕр цас хуыздӕр сты? 3Исты дзаумайӕн дзы лыггаг райсынц, мыййаг? Зӕгъӕм, къӕбӕлӕн — исты йыл ӕрцауындзынмӕ? 4Нӕ, фӕлӕ арты сыгъд ӕрцӕуы. Йӕ дыууӕ кӕроны куы бавзалы вӕййынц ӕмӕ йӕ астӕуыл арт куы сирвӕзы, уӕд ма цӕмӕн фӕбӕззы? 5Ӕнӕхъӕн куы уыд, уӕд дӕр куы ницӕмӕн бӕззыд, уӕд ма, арт ӕй куы аныхъуырдта ӕмӕ куы бавзалы ис, уӕд цӕмӕн бӕззы? 6Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: хъӕды бӕлӕсты’хсӕн сӕнӕфсир бӕласы зӕнг арты куыд басыгътон, афтӕ Йерусалимы цӕрджыты дӕр арты басудздзынӕн. 7Ме’ргом сӕ ныхмӕ сараздзынӕн, ӕмӕ иу артӕй раирвӕздзысты, фӕлӕ сӕ иннӕ арт аныхъуырдзӕн, ӕмӕ сымах базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый — Ме’ргом сӕ ныхмӕ куы саразон, уӕд. 8Ӕз ацы зӕхх федзӕрӕг кӕндзынӕн, сӕ зӕрдӕ Мыл кӕй сивтой, уый тыххӕй», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.
Copyright information for
OssIBT2022