Ezekiel 16
Йерусалим — хӕзгул чи дары, ахӕм ус
1Дунедарӕг мын загъта: 2Адӕймаджы фырт! Йерусалимӕн йе’лгъаг митӕ йӕ цӕстмӕ бадар. 3Зӕгъ сын: «Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы Йерусалимӕн: ды сӕнтыстӕ ӕмӕ райгуырдтӕ Ханааны зӕххыл. Дӕ фыд амораг у, дӕ мад та — хеттаг. 4Цы бон райгуырдтӕ, уыцы бон дын дӕ бикъ дӕр нӕ ралыг кодтой, донӕй дӕр дӕ нӕ цӕхсадтой, не ссыгъдӕг кодтой, цӕххӕй дӕр дӕ нӕ байсӕрстой, хӕцъилты дӕр дӕ нӕ батыхтой. 5Ничи дын фӕтӕригъӕд кодта, цӕмӕй дын адӕттӕй исты сараза. Аппӕрстой дӕ тыгъд быдыры дӕ райгуырды бон, уымӕн ӕмӕ дыл ӕлгъ кодтой. 6Ӕз рацӕйцыдтӕн дӕ цурты ӕмӕ дӕ туджы мӕцгӕ куы федтон, уӕд дын загътон: „Кӕд дӕ туджы мӕцыс, уӕддӕр цӕр!“О, афтӕ дын загътон: „Кӕд дӕ туджы мӕцыс, уӕддӕр цӕр!“ 7Сбирӕ дӕ кодтон быдыры кӕрдӕгау. Ды байрӕзтӕ, сыстыр дӕ ӕмӕ дӕ хуыз скалдтай. Дӕ риутӕ фӕбӕрӕг сты, дӕ дзыкку ӕрдаргъ, фӕлӕ уыдтӕ мадард бӕгънӕг. 8Ӕз дӕ цурты рацӕйцыдтӕн ӕмӕ федтон, дӕ афон кӕй ӕрцыди, дӕ уарзты афон, уый. Уӕд Ӕз дӕ сӕрмӕ Мӕ уӕлӕфтау айтыгътон, дӕ бӕгънӕг буар дын ӕрӕмбӕрзтон, расомы дын кодтон ӕмӕ демӕ сарӕзтон фидыд, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — ӕмӕ Мӕн сдӕ. 9Ӕз дӕ донӕй цӕхсадтон, дӕ тугтӕ дын ӕрӕхсадтон ӕмӕ дӕ оливӕйы сойӕ байсӕрстон. 10Уый фӕстӕ дын дӕ уӕлӕ скодтон нывӕфтыд дарӕс, дӕ къӕхтыл — гогырӕ сӕракӕй дзабыртӕ, дӕ астӕу дын ӕрбатыхтон гӕн хъуымацӕй, зӕлдагӕй дӕ ӕрӕмбӕрзтон. 11Рӕсугъд дӕ сфӕлыстон, дӕ къухтыл дын бакодтон цонгдарӕнтӕ, дӕ хъуырыл та фӕрдгуытӕ. 12Дӕ фындзыл дын бакодтон цӕг, дӕ хъустыл — хъусцӕджытӕ, дӕ сӕрыл та дын ӕркодтон рӕсугъд кады худ. 13Дӕхи-иу сфӕлыстай сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзистӕй; лыстӕг гӕнӕй, зӕлдаг ӕмӕ нывӕфтыд хъуымӕцтӕй уыди дӕ дарӕс. Хордтай ӕвзаргӕ ссадӕй конд дзул, мыд ӕмӕ оливӕйы сой. Уыдтӕ ӕвӕджиауы рӕсугъд, ӕмӕ дын бантысти суанг паддзах суын дӕр. 14Дӕ рӕсугъды кой айхъуысти адӕмтыл, уымӕн ӕмӕ дыл Ӕз цы аив фӕлыст скодтон, уый мидӕг ӕнӕкъӕм уыди дӕ рӕсугъддзинад, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. 15Фӕлӕ ды, рӕсугъд кӕй дӕ, ууыл зӕрдӕ дардтай ӕмӕ, дӕ намысӕй пайдагӕнгӕйӕ, райдыдтай хӕтын. Дӕ цурты-иу чидӕриддӕр рацӕйцыд, уыдонимӕ хъахбай митӕ кодтай. 16Дӕ дарӕстӕ райстай ӕмӕ дзы дӕхицӕн сарӕзтай хӕзгулрӕвдауӕн къуыбыртӕ, ӕмӕ уымыты хъахбай митӕ кодтай дӕ хӕзгултимӕ; ахӕм хабар уымӕй размӕ никуыма ӕрцыд, стӕй сомбоны дӕр нал ӕрцӕудзӕн. 17Ды райстай, Ӕз дын кӕй радтон, уыцы фӕлындӕнтӕ, Мӕ сыгъзӕрин ӕмӕ Ме’взистӕй конд, дӕхицӕн дзы скодтай нӕлгоймаджы сурӕттӕ ӕмӕ хъахбай митӕ кодтай семӕ. 18Райстай дӕ нывӕфтыд дарӕстӕ дӕр ӕмӕ дзы уыдоны сфӕлыстай. Сӕ разы-иу сын ӕрӕвӕрдтай Мӕ сой ӕмӕ Мӕ буд. 19Цы хойраг дын лӕвӕрдтон, цы ӕвзаргӕ ссадӕй конд дзул, оливӕйы сой ӕмӕ дӕ мыдӕй хастон, уыдон дӕр-иу сын сӕ разы ӕрӕвӕрдтай ӕхцон хӕрздӕфы охыл. Афтӕ уыди уый, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. — 20Цы фырттӕ ӕмӕ Мын чызджытӕ ныййардтай, уыдоны-иу сын нывондӕн ӕрхастай, цӕмӕй сӕ уыдон аныхъуырой. Хъахбай кӕй уыдтӕ, уый дын ӕгъгъӕд нӕ уыди, 21фӕлӕ-иу Мын Мӕ цоты дӕр аргӕвстай ӕмӕ-иу сӕ арты нывондӕн ӕрхастай гуымирытӕн! 22Де’лгъаг ӕмӕ хъахбай митӕ кӕнгӕйӕ, никуы ӕрымысыдтӕ, де’взонджы бонты мадард бӕгънӕг кӕй уыдтӕ ӕмӕ дӕ туджы кӕй мӕцыдтӕ, уый. 23Сар дӕ сӕр кӕны де’ппӕт фыдракӕндты фӕстӕ! — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. — 24– 25Ды дӕхицӕн сарӕзтай хъахбайдзинады къуыбыртӕ — алы фӕз ӕмӕ алы тигъыл, фегад кодтай дӕ рӕсугъддзинад. Дӕ цурты-иу чидӕриддӕр рацӕйцыди — дӕ къӕхтӕ-иу ныххӕлиу кодтай, ӕмӕ афтӕмӕй сбирӕ сты дӕ хъахбай митӕ. 26Ды ӕнӕуаг митӕ кодтай мысырӕгтимӕ, дӕ сыхаг уӕйыгӕнгӕс адӕмимӕ, дӕ хъахбай митӕ сбирӕ сты, ӕмӕ Мӕ смӕсты кодтай. 27Ӕмӕ Дӕм мӕнӕ Ӕз Мӕ къух систон, дӕ зӕххы хай дын фӕкъаддӕр кодтон ӕмӕ дӕ радтон, ӕнӕуынон кӕмӕн уыдтӕ, уыцы филистимаг чызджыты къухтӕм, фӕлӕ суанг уыдон дӕр фефсӕрмы сты де’нӕуаг митӕй. 28Ассириӕгтимӕ дӕр хъахбай митӕ кодтай, уымӕн ӕмӕ ӕфсис нӕ зыдтай, фӕлӕ дын уый дӕр фаг нӕ уыди. 29Ханааны зӕххӕй халдейаг зӕххы онг бирӕ хъахбай митӕ фӕкодтай, фӕлӕ дын уым дӕр бафсис нал уыди. 30Дӕ монцты арты куыннӕ басыгъдтӕ, ӕппӕт уыдӕттӕ куы кодтай, уӕд, ӕнӕфсис хъахбай! — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. — 31Алы фӕз ӕмӕ алы тигъыл дӕхицӕн хӕзгулрӕвдауӕн къуыбыртӕ куы сарӕзтай, уӕд ды хӕтаг сылы хуызӕн нӕ уыдтӕ, уымӕн ӕмӕ лӕвӕрттӕ нӕ истай. 32Ды-иу хъахбай сылау суазӕг кодтай ӕцӕгӕлӕтты. 33Хӕтаг сылтӕн лӕвӕрттӕ фӕкӕнынц, ды та дӕхӕдӕг кодтай лӕвӕрттӕ де’ппӕт хӕзгултӕн, ӕмӕ-иу сӕ афтӕмӕй балхӕдтай, цӕмӕй дӕм алырдыгӕй цӕуой ӕмӕ демӕ ӕнӕуаг митӕ кӕной. 34Хӕтаг сылтӕй фыддӕр фӕдӕ: дӕ фӕдыл ничи зылд ӕмӕ дын лӕвӕрттӕ ничи кодта. Ды дӕхӕдӕг кодтай лӕвӕрттӕ, иннӕ хӕтаг сылты хъауджыдӕр.Аккаг ӕфхӕрд
35Уымӕ гӕсгӕ, хъахбай сыл, ӕрбайхъус Дунедарӕджы ныхасмӕ! 36Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: де’фсарм кӕй бахордтай ӕмӕ, ӕнӕуаг митыл бафтгӕйӕ, дӕ хӕзгултӕ ӕмӕ де’ппӕт гуымирытимӕ хъахбай митӕ кӕй кодтай, дӕ цоты сын нывондӕн кӕй хастай, 37уый тыххӕй дын Ӕз ӕрӕмбырд кӕндзынӕн де’ппӕт хӕзгулты дӕр, дӕхи кӕмӕй рӕвдыдтай ӕмӕ кӕй уарзтай, уыдоны, стӕй, де сӕфт кӕмӕй уыдтай, уыдоны. Алырдыгӕй дӕм сӕ ӕрбакӕндзынӕн ӕмӕ дӕ фӕаллайаг кӕндзынӕн сӕ разы, ӕмӕ дын уыдон дӕ худинагмӕ кӕсдзысты. 38Ӕз дӕуӕн, хъахбай устытӕ ӕмӕ туг ныккалджытӕ цы тӕрхоны аккаг сты, ахӕм тӕрхон рахӕсдзынӕн — фыр мӕстӕй судзгӕйӕ ӕмӕ зӕрдӕхсайгӕйӕ Ӕз дӕу тугкалӕн мӕлӕты амӕттаг бакӕндзынӕн. 39Ратдзынӕн дӕ знӕгты къухтӕм, ӕмӕ дын уыдон фехалдзысты дӕ хӕзгулрӕвдауӕн къуыбыртӕ, ныппырх дын кӕндзысты дӕ уаз къуыппытӕ, дӕ уӕлӕйӕ дын раппардзысты дӕ дарӕстӕ, байсдзысты дын дӕ фӕлындӕнтӕ ӕмӕ дӕ ныууадздзысты мадард бӕгънӕгӕй. 40Уый фӕстӕ дӕ ныхмӕ ӕрӕмбырд кӕндзысты адӕмы, ӕмӕ дӕ уыдон амардзысты дуртӕй ӕмӕ дӕ акъӕртт кӕндзысты сӕ кӕрдтӕй. 41Дӕ хӕдзӕрттӕ дын басудздзысты ӕмӕ дын стӕрхон кӕндзысты бирӕ сылгоймӕгты раз. Афтӕмӕй кӕрон скӕндзынӕн дӕ хъахбай митӕн, ӕмӕ лӕвӕрттӕ нал уардзынӕ. 42Уӕд дӕм Мӕ маст ссӕудзӕни. Мӕ зӕрдӕ дӕм нал ӕхсайдзӕн, ӕмӕ ӕрсабыр уыдзынӕн, нал мӕсты кӕндзынӕн. 43Фӕлӕ, де’взонджы бонтӕ кӕй не’рымысыдтӕ ӕмӕ Мӕ ӕппӕт адӕттӕй кӕй мӕсты кодтай, уый тыххӕй дын Ӕз дӕ митӕ дӕхи ныхмӕ фӕкӕндзынӕн, цӕмӕй де’ппӕт ӕлгъӕгты фӕстӕ ӕнӕфсарм митӕ мауал кӕнай, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. 44Ӕмбисӕндтӕй чи фӕдзуры, уый зӕгъдзӕни дӕуӕй: „Чызг — йӕ мады халдих“. 45Ды фӕдӕ дӕ мады’рдӕм — йӕ мой ӕмӕ йӕ сабиты чи ныууагъта. Ноджы ма фӕдӕ дӕ хоты’рдӕм — сӕ сӕрыхицӕутты ӕмӕ сӕ сабиты чи ныууагъта. Дӕ мад хеттаг у, дӕ фыд та — амораг. 46Дӕ хистӕр хо у Самари, йӕ чызджытимӕ цӕры дӕ галиуфарс, дӕ кӕстӕр хо та у Содом, йӕ чызджытимӕ цӕры дӕ рахизфарс. 47Фӕлӕ уыдоны ӕлгъаг митау нӕ уыдысты дӕ митӕ, уыдӕттӕ дын фаг нӕ уыдысты, ды уыдонӕй фӕфыддӕр дӕ. 48Сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Дунедарӕг, — Ды дӕ чызджытимӕ цытӕ кодтай, уыдӕттӕ дӕ хо Содом нӕдӕр йӕхӕдӕг кодта, нӕдӕр сӕ йӕ чызджытӕ кодтой. 49Мӕнӕ дӕ хо Содом ӕмӕ йӕ чызджыты азым: хъал, фырӕфсӕст ӕмӕ ӕвдӕлон. Дӕ хо никуы баххуыс кодта мӕгуыр ӕмӕ гӕвзыккӕн. 50Схъал сты ӕмӕ Мӕ разы ӕлгъаг митӕ кодтой, ӕмӕ Ӕз уыдӕттӕ куы федтон, уӕд сыл Мӕхи атигъ кодтон. 51Самарийы тӕригъӕдтӕ дӕр дӕу тӕригъӕдтӕн се’мбисы бӕрц нӕ баисты. Де’лгъаг митӕй амбылдтай дӕ хоты, ӕмӕ, ды цы’лгъаг митӕ кодтай, уыдоны раз дӕ хотӕ дӕуӕй растдӕр разындысты. 52Уӕдӕ хӕсс дӕ худинаджы гакк. Дӕ хотӕн уыцы хорзы бацыдтӕ, ӕмӕ дӕхи уыдонӕй тынгдӕр фӕаллайаг кодтай дӕ тӕригъӕдты фӕрцы, уымӕ гӕсгӕ дӕ хотӕ дӕуӕй растдӕр разындысты. Уӕдӕ дӕ цӕсгом судзӕд ӕфсӕрмӕй, ӕмӕ хӕсс дӕ худинаджы гакк, дӕ хотӕ та сраст уӕнт. 53Фӕлӕ Ӕз аивдзынӕн Содом ӕмӕ йӕ чызджыты хъысмӕт, Самари ӕмӕ йӕ чызджыты хъысмӕт, стӕй уыдонимӕ дӕ хъысмӕт дӕр, 54цӕмӕй хӕссай дӕ худинаджы гакк ӕмӕ фефсӕрмы уай, цыдӕриддӕр ракодтай, уыдӕттӕй, адонӕн та суай ныфсы хос. 55Дӕ хотӕ — Содом ӕмӕ йӕ чызджытӕ, стӕй Самари ӕмӕ йӕ чызджытӕ, раздӕры заман куыд уыдысты, афтӕ суыдзысты фӕстӕмӕ. Ды дӕр дӕ чызджытимӕ раздӕры хуызӕн суыдзынӕ. 56Дӕ хъал бонты заман дӕ хо Содомӕн йӕ кой дӕр никуы скодтай, 57фӕлӕ уалынмӕ раргом сты де’наккаг хъуыддӕгтӕ, ӕнӕуынон кӕмӕн уыдтӕ, уыцы арамейаг чызджытӕ ӕмӕ сӕ алыварс цӕрджытӕ, стӕй филистимаг чызджытӕ дӕуӕн алырдыгӕй фидистӕ куы кодтой, уӕды заманау. 58Де’нӕуаг ӕмӕ де’лгъаг миты тыххӕй адӕттӕ ӕвзарыс, — зӕгъы Дунедарӕг. 59Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: Ӕз дын дӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафиддзынӕн: Мӕ сомыйыл Мын дӕхи атигъ кодтай ӕмӕ фехӕлдтай нӕ фидыд. 60Фӕлӕ Ӕз ӕрхъуыды кӕндзынӕн, де’взонджы бонты демӕ цы фидыд сарӕзтон, уый ӕмӕ та демӕ ногӕй сфидар кӕндзынӕн Мӕ фидыд — мыггагмӕйы фидыд. 61Ӕмӕ ӕрымысдзынӕ дӕ митӕ ӕмӕ ныфсӕрмы уыдзынӕ, дӕ хоты хистӕрӕй, кӕстӕрӕй дӕхимӕ куы ӕрбакӕнай ӕмӕ сӕ дӕуӕн чызджытӕн куы раттон, уӕд. Ӕцӕг, уый нӕ фыццаг фидыды фӕрцы нӕ уыдзӕн. 62Ӕз та демӕ ногӕй сфидар кӕндзынӕн Мӕ фидыд, ӕмӕ уӕд базондзынӕ, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый. 63Ӕз дын ныббардзынӕн, цыдӕриддӕр ракодтай, уыдӕттӕ, ӕмӕ сӕ уӕд ӕрымысдзынӕ ӕмӕ ныфсӕрмы уыдзынӕ, ӕмӕ фыр ӕфсӕрмӕй дӕ дзых байгом кӕнын дӕр нал бафӕраздзынӕ», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.
Copyright information for
OssIBT2022