‏ Ezekiel 17

Ӕмбисонд кедры цъупп ӕмӕ сӕнӕфсир бӕласы тыххӕй

1Дунедарӕг мын загъта: 2«Адӕймаджы фырт! Израилӕгтӕн зӕгъ уыци-уыци, радзур сын ӕмбисонд. 3Зӕгъ сын: Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: стыр цӕргӕс, фӕтӕнбазыр, даргъсис, хъуынджын ӕмӕ хъулон, ӕрбатахти Ливанмӕ ӕмӕ кедры цъупп стыдта. 4Ӕвзонг къалиутӕн ратыдта сӕ уӕллагдӕр ӕмӕ йӕ ахаста сӕудӕджерты зӕхмӕ, сӕудӕджертӕн сӕ сахармӕ. 5Уый фӕстӕ уыцы зӕххы мӕрӕй систа нӕмыг ӕмӕ йӕ ныссагъта бӕзнаг мӕры, стыр доны былгӕрон, донхӕрис садзӕгау. 6Уый сырӕзт ӕмӕ сси сӕнӕфсир бӕлас, уӕрӕхкъабуз ӕмӕ ныллӕг, йӕ къалиутӕ ӕртасыдысты цӕргӕсы’рдӕм, йӕ уидӕгтӕ дӕр уыдысты цӕргӕсӕн йӕ базырты бын. Афтӕмӕй сӕнӕфсир бӕлас суагъта талатӕ ӕмӕ фӕйнӕрдӕм айтыгъта йӕ къалиутӕ. 7Ноджы ма уыд ӕндӕр стыр цӕргӕс дӕр, фӕтӕнбазыр ӕмӕ хъуынджын. Ӕмӕ йӕм ацы сӕнӕфсир бӕлас аздӕхта йӕ уидӕгтӕ ӕмӕ йӕм айвӕзта йӕ къалиутӕ. Кӕм ӕй ныссагъдӕуыд, уыцы бынат ын цас дон лӕвӕрдта, уымӕй фылдӕр ын лӕвӕрдта цӕргӕс. 8Бӕлас ныссагъдӕуыд бӕзнаг мӕры, стыр доны былгӕрон, цӕмӕй айтындза йӕ къалиутӕ ӕмӕ радта дыргъ — суа диссаджы сӕнӕфсир бӕлас. 9Израилӕгтӕн фехъусын кӕн: Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: „Цы’нхъӕлмӕ кӕсы уыцы бӕласмӕ? Йӕ бындзарӕй йӕ срӕдувдзысты, йӕ дыргътӕ йын ӕртондзысты, ӕмӕ бахус уыдзӕни. Цы’взонг талатӕ суагъта, уыдон иууылдӕр бахус уыдзысты. Уый йӕ бындзарӕй стонынӕн стыр хъару ӕмӕ бирӕ адӕмы сӕр нӕ бахъӕудзӕн. 10Фӕлӕ йӕ кӕд ныссагъдӕуыд, уӕддӕр ын ницы бантысдзӕн. Бахуыскъ уыдзӕни, куыддӕр ыл скӕсӕйнаг дымгӕ ӕрбадыма, афтӕ. Бахуыскъ уыдзӕни, цы бынаты ӕрзад, уым“».

11Дунедарӕг мын загъта: 12«Ӕгоммӕгӕс адӕмы бафӕрс, уый цы нысан кӕны, уый, зӕгъ, нӕ зонут? Афтӕ сын зӕгъ: „Мӕнӕ Вавилоны паддзах ӕрбацыд Йерусалиммӕ, ӕрцахста паддзахы ӕмӕ йӕ дӕлдӕрты ӕмӕ сӕ акодта йӕхимӕ, Вавилонмӕ. 13Ныр паддзахы мыггагӕй та равзӕрста ӕндӕры, йемӕ сарӕзта фидыд ӕмӕ йын ард бахӕрын кодта. Стӕй йемӕ акодта уыцы бӕстӕйы тыхджынты, 14цӕмӕй йын уыцы паддзахад уа коммӕгӕс ӕмӕ йӕхиуыл дӕр мауал схӕца, йӕ фидыд дӕр ма фехала. 15Фӕлӕ уыцы паддзах йӕ ныхмӕ сыстад. Мысырмӕ арвыста минӕвӕрттӕ, цӕмӕй йын раттой бӕхтӕ ӕмӕ бирӕ адӕм. Ӕцӕг ын ницы бантысдзӕн. Нӕ аирвӕздзӕн, уыдӕттӕ чи аразы, уый. Йӕ фидыд чи фехӕлдта, уый куыд хъуамӕ аирвӕза?“» 16«Сомы кӕнын, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — уый амӕлдзӕни, паддзахӕй йӕ чи сӕвӕрдта, уыцы паддзахы сахары, Вавилоны, уымӕн ӕмӕ ахызт йӕ ардбахӕрды сӕрты ӕмӕ фехӕлдта йӕ фидыд. 17Фараон йе стыр хъомыс ӕмӕ йӕ бирӕ адӕмимӕ йӕ фарсмӕ не’рбалӕудзӕн, бирӕты ныццӕгъдыны охыл ууыл ӕрхъула кӕнынӕн сыджытбыру куы самадӕуа ӕмӕ хӕцӕн мӕсыг куы сарӕзтӕуа, уӕд. 18Уый ахызт йӕ ардбахӕрды сӕрты ӕмӕ фехӕлдта йӕ фидыд, радта дзырд ӕмӕ йӕ нӕ сӕххӕст кодта. Гъемӕ нӕ аирвӕздзӕн».

19Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Сомы кӕнын! Мӕ ардбахӕрды сӕрты Мын кӕй ахызт ӕмӕ Мын Мӕ фидыд кӕй фехӕлдта, уый тыххӕй йыл йӕ азым ныххуырсдзынӕн. 20Мӕ ахсӕн хыз ыл баппардзынӕн, ӕмӕ бахаудзӕн Мӕ къӕппӕджы, ӕмӕ йӕ Ӕз ӕрбакӕндзынӕн Вавилонмӕ ӕмӕ йын стӕрхон кӕндзынӕн, йӕ зӕрдӕ Мыл кӕй сивта, уый тыххӕй. 21Вавилоны ӕрдонгтӕй лидзынмӕ чи фӕуа, уыдон иууылдӕр карды амӕттаг бауыдзысты, чи ма сӕ баззайа, уыдон та ныххӕлиу уыдзысты фӕйнӕрдӕм. Ӕмӕ уӕд базондзыстут, афтӕ Ӕз — Дунедарӕг — кӕй загътон, уый».

Израилы фидӕны паддзах

22Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Ӕз ратондзынӕн бӕрзонд кедры цъупп, йӕ уӕллаг къалиуты ӕвзонгдӕр, ӕмӕ йӕ ныссадздзынӕн бӕрзонд ӕмӕ цытджын хохыл. 23Ныссадздзынӕн ӕй Израилы бӕрзонд хохыл, ӕмӕ уый айтындздзӕн йӕ къалиутӕ ӕмӕ ӕрхӕсдзӕни дыргъ. Уый суыдзӕн егъау кедр, ӕмӕ йӕ быны, йӕ къалиуты аууоны, цӕрдзысты алымыггаг мӕргътӕ. 24Уӕд ӕппӕт бӕлӕстӕ дӕр базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый. Ӕз ӕрныллӕг кӕнын бӕрзонд бӕлас ӕмӕ сбӕрзонд кӕнын ныллӕг бӕлас, сыфтӕрджын бӕлас бахуыскъ кӕнын ӕмӕ хуыскъ бӕласыл цъӕх сыфтӕр рауадзын. Ӕз — Дунедарӕг — бакӕндзынӕн, цы загътон, уый».
Copyright information for OssIBT2022