Ezekiel 19
Хъарӕг Израилы сӕфт паддзӕхтыл
1«Ды та хъарӕг сис Израилы паддзӕхтыл: 2„Дӕ мад цы домбай уыди, уастӕн!Куы царди домбӕйттӕн сӕ астӕу.
Ӕвзонг домбӕйтты цур
йӕ лӕппынты куы хаста.
3Сӕ иуы слӕууын кодта уалынмӕ йӕ къӕхтыл,
ӕмӕ тыхджын домбайӕ агӕпп ласта уый;
ныттыдта-иу йӕ амӕттаджы: сахуыр,
уый адӕмы ныхъуырдта.
4Адӕмты’хсӕн айхъуысти йӕ кой,
ӕмӕ сӕ хъоргъы’ппӕрст ӕрцыди,
рӕхысбастӕй йӕ акодтой Мысырмӕ.
5Йӕ мад ӕм каст ӕнхъӕлмӕ, фӕлӕ федта,
куыд бацарӕфтыд йе’нхъӕлцау,
уӕд райста уый йӕ лӕппынтӕй ӕндӕры,
ӕмӕ йын уый тыхджын домбай куы басгуыхт.
6Тыхджын домбай куы басгуыхти йӕ лӕппын,
ӕрцарди домбӕйтты ӕхсӕн;
уый сахуыр ис йӕ амӕттаджы ахсын
ӕмӕ ныхъуырдта адӕмы.
7Ныппырх-иу кодта адӕмтӕн сӕ фидӕрттӕ,
сӕ сахартӕ дӕр афтӕ.
Йӕ рыхынӕй ныггӕныстон ис
ацы зӕхх ӕд хъӕутӕ.
8Фӕлӕ йӕ ныхмӕ сыстадысты уӕд
йӕ алфамбылай бӕстӕты цӕрджытӕ.
Сӕ ахсӕн хыз ыл баппӕрстой,
ӕмӕ сӕ хъоргъы’ппӕрст ӕрцыди.
9Рӕхысбастӕй йӕ къалатийы бакодтой,
Вавилоны паддзахмӕ йӕ аластой;
уыцы ран ӕй ахӕстоны баппӕрстой,
цӕмӕй йӕ рыхын Израилы хӕхтӕй
макуыуал райхъуыса.
10Донбыл сагъд сӕнӕфсиры талайау — дӕ мад,
донарӕхы фӕрцы — къабузджын, дыргъджын.
11Йӕ къалиутӕ — фидар,
паддзӕхты лӕдзгуытӕн дӕр бӕззыдысты.
Йӕ зӕнг ӕврӕгъты онг схӕццӕ,
ӕд бирӕ къабузтӕ фӕлгӕсыди бӕрзондӕй.
12Фӕлӕ йӕ, мӕстӕй судзгӕйӕ, срӕдывтой бындзарӕй
ӕмӕ йӕ афӕлдӕхтой зӕххыл,
йӕ дыргъ куы бахус скӕсӕйнаг дымгӕмӕ.
Йӕ фидар къалиутӕ ӕрсастысты, ныххус сты,
аныхъуырдта сӕ арт.
13Ныр ӕй ныссагъдӕуыд ӕдзӕрӕг ран —
ӕнӕдон ӕмӕ хус зӕххыл.
14Йӕ зӕнг, йӕ къалиутыл ын
сирвӕзт пиллон арт,
йӕ дыргътӕ йын аныхъуырдта.
Паддзахы лӕдзӕгӕн чи сбӕзза,
ахӕм фидар къалиу ыл нал баззад“.
Ай хъарӕг у ӕмӕ баззайдзӕни хъарӕджы номыл».
Copyright information for
OssIBT2022