Ezekiel 2
Езекиел сси пехуымпар
1Ахӕм уыди, Дунедарӕджы кады хуызӕг кӕм раргом, уыцы цӕстылуайӕн. Уый фенгӕйӕ, зӕххыл ныддӕлгом дӕн ӕмӕ фехъуыстон кӕйдӕр хъӕлӕс. Загъта мын: «Адӕймаджы фырт! Слӕуу дӕ къӕхтыл. Ӕз дзурдзынӕн демӕ». 2Ӕмӕ мемӕ куы дзырдта, уӕд ӕз схайджын дӕн Удӕй, ӕмӕ мӕ Уый слӕууын кодта мӕ къӕхтыл. Уӕд фехъуыстон мемӕ Дзурӕджы. 3Загъта мын: «Адӕймаджы фырт! Ӕз дӕ ӕрвитын израилӕгтӕм, хивастӕй Мӕ ныхмӕ чи сыстад, уыцы змӕнтджытӕм. Сӕ фыдӕлтау суанг абоны онг фыдракӕндтӕ кӕнынц Мӕ разы. 4Хивӕнд ӕмӕ цъаммар сты ацы адӕм, ӕмӕ сӕм мӕнӕ Ӕз дӕу ӕрвитын. Зӕгъ сын: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау!“ 5Чи зоны, ӕмӕ дӕм байхъусой, чи зоны та — нӕ, уымӕн ӕмӕ ӕгоммӕгӕс адӕм сты, фӕлӕ уадз ӕмӕ зоной, се’хсӕн пехуымпар кӕй уыд, уый. 6Ды сын, адӕймаг, мадӕр сӕхицӕй тӕрс, мадӕр сӕ ныхӕстӕй. Сындзытӕ ӕмӕ дын каконтау куы уой ӕмӕ семӕ къӕдздымтимӕ цӕрӕгау куы цӕрай, уӕддӕр-иу сын ма фӕтӕрс сӕ ныхӕстӕй, дӕ ныфс-иу ма асӕттӕд сӕ разы, уымӕн ӕмӕ уыдон сты ӕгоммӕгӕс адӕм. 7Чи зоны, ӕмӕ дӕм байхъусой, чи зоны та — нӕ, уымӕн ӕмӕ ӕгоммӕгӕс адӕм сты; фӕлӕ-иу сын ды уӕддӕр зӕгъ Мӕ ныхӕстӕ. 8Байхъус, адӕймаг, цы дын зӕгъын, уымӕ. Ацы ӕгоммӕгӕс адӕмау хивӕнд ма у. Дӕ дзых байгом кӕн ӕмӕ бахӕр, цы дын раттон, уый». 9Ӕз акастӕн ӕмӕ федтон: къух радардӕуыд мӕнӕрдӕм, къухы та — тухгӕ чиныг. 10Уый мын ӕй райхӕлдта мӕ разы, ӕмӕ ӕз федтон — чиныгыл дыууӕрдыгӕй дӕр фыст: «хъарӕг, хъӕрзын ӕмӕ додой».
Copyright information for
OssIBT2022