‏ Ezekiel 21

1Дунедарӕг мын загъта: 2«Адӕймаджы фырт! Де’ргом Йерусалимы’рдӕм сараз ӕмӕ Кувӕндоны ныхмӕ, стӕй Израилы бӕстӕйы ныхмӕ пехуымпариуӕг кӕн! 3Израилы зӕххӕн фехъусын кӕн: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: Ӕз сыстадтӕн дӕ ныхмӕ, Мӕ кард дӕм кӕрддзӕмӕй сласдзынӕн ӕмӕ дын дӕ адӕмы, растӕй, зылынджынӕй ныццӕгъддзынӕн. 4Мӕ кард йӕ кӕрддзӕмӕй ист ӕрцӕудзӕни, хуссарӕй цӕгатмӕ дӕм раст ӕмӕ зылынджынӕй чидӕриддӕр ис, уыдоны ныццӕгъдынмӕ. 5Ӕмӕ уӕд алы адӕймаг дӕр базондзӕн, Ӕз, Дунедарӕг, Мӕ кард йӕ кӕрддзӕмӕй кӕй сластон ӕмӕ фӕстӕмӕ йӕ бынатмӕ кӕй нал раздӕхдзӕн, уый.

6Адӕймаджы фырт! Дӕ цӕссыг кал, дӕ уӕрджытӕ хойгӕйӕ, додой кӕн ӕмӕ дзыназ сӕ разы. 7Цӕуыл дзыназыс, зӕгъгӕ дӕ куы фӕрсой, уӕд-иу сын дзуапп ратт: ‚Цы фыдуац ӕрбацӕуы, уый тыххӕй‘.

Алкӕмӕн дӕр асӕтдзӕни йӕ ныфс, уе’ппӕтӕн дӕр уӕ уӕнгтӕ ӕркӕлдзысты ӕмӕ уӕ зӕрдӕтӕ бамӕгуыр уыдзысты, фыр тӕссӕй бадонзоныг уыдзыстут. Ӕппӕт уыдӕттӕн ӕнӕрцӕугӕ нӕй, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау“».

8Дунедарӕг мын загъта: 9«Адӕймаджы фырт! Зӕгъ пехуымпар ныхас: „Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: кард уӕм ӕрбацӕуы, кард. У цыргъгонд ӕмӕ цӕхӕртӕ калы. 10Ахӕм цыргъ у бирӕты ныццӕгъдынӕн, цӕмӕй арвӕрттывдау цӕхӕртӕ кала! Ӕви Ӕз хъуамӕ цин бакӕнон, Мӕ адӕм иннӕ адӕмты мурмӕ дӕр кӕй нӕ дарынц, ууыл?

11Ӕз кард сӕрттивын кӕнын кодтон, цӕмӕй уый искӕй къухы бафта. Цыргъгонд ӕрцыд ӕмӕ тӕмӕнтӕ калы, марӕджы къухмӕ йӕ раттыны размӕ.

12Адӕймаджы фырт! Хъӕр кӕн ӕмӕ дзыназ, уымӕн ӕмӕ уыцы кард райстӕуыдзӕни Мӕ адӕмы ныхмӕ, уыимӕ Израилы ӕппӕт фӕтӕгты ныхмӕ. Уыдон карды амӕттаг бауыдзысты Мӕ адӕмимӕ. Дӕ уӕрджытӕ ныххой уӕдӕ!

13Рӕхджы Ӕз бафӕлвардзынӕн Мӕ адӕмы, ӕмӕ суанг Иудейы паддзах дӕр Мӕ азарӕй нӕ фервӕздзӕн“, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.

14Ды та, адӕймаджы фырт, пехуымпариуӕг кӕн, дӕ армытъӕпӕнтӕ кӕрӕдзиуыл ӕрцӕвгӕйӕ. Фӕдывӕр ӕмӕ, зӕгъ, фертывӕр уыдзӕни карды тых, йӕ амӕттаг кӕй кӕна, уыдоны ныхмӕ, уыимӕ стыр паддзахы ныхмӕ, ӕмӕ сӕ арф ныррӕхойдзӕн. 15Цӕмӕй адӕм схъомпал уой ӕмӕ сӕ бирӕ фӕцагъды уа, уый тыххӕй сын алы сахары кулдуармӕ дӕр сӕ ныхмӕ ӕрӕвӕрдзынӕн ӕвзидгӕ кард. Уый цӕхӕртӕ калдзӕнис арвӕрттывдау, цыргъгонд ӕрцӕудзӕн адӕмы цӕгъдынмӕ.

16Бавдӕл, кард, ӕмӕ цӕв рахизӕрдӕм кӕнӕ галиуӕрдӕм — дӕ ком кӕцырдӕм здӕха, уыцырдӕм. 17Ӕз дӕр Мӕ армытъӕпӕнтӕ кӕрӕдзиуыл ӕрцӕвдзынӕн, ӕмӕ уӕд ссӕудзӕни Мӕ маст. Афтӕ зӕгъын Ӕз, Дунедарӕг!»

Вавилоны паддзахы кард

18Дунедарӕг мын загъта: 19«Адӕймаджы фырт! Сныв кӕн, Вавилоны паддзахы кард кӕуылты цӕудзӕн, ахӕм дыууӕ фӕндаджы. Сӕ дыууӕ дӕр уыцы иу зӕххӕй хъуамӕ рацӕуой. Сӕ райдианы сын сныв кӕн амонӕн, алкӕцы дӕр сӕ цы сахармӕ цӕуы, уый амонынӕн. 20Фӕндӕгтӕй иуыл кард цӕудзӕн аммонӕгты сахар Раввамӕ, иннӕуыл та — Иудеймӕ, Йерусалимы фидармӕ. 21Уымӕн ӕмӕ Вавилоны паддзах ӕрлӕудзӕни дыууӕ фӕндаджы райдиан ӕмӕ дӕсны фӕрсын райдайдзӕн: хӕлттау цӕгъддзӕни йӕ фаттӕ, фӕрсдзӕни йӕ хӕдзарон хуыцаугӕндты, игӕрмӕ кӕсдзӕни. 22Йӕ рахиз къухӕй Йерусалимы хал сисдзӕн. Йерусалимы раз ӕрӕвӕрдзӕн йӕ сисфӕлдахӕн гӕрзтӕ. Тохы хъӕр ныккӕндзӕн ӕмӕ сисфӕлдахӕн гӕрзтӕ байсдзӕн кулдуары цурмӕ, йӕ батонынмӕ. Сахары ныхмӕ самайдзӕн сыджытбыру ӕмӕ хӕцӕн мӕсыг сараздзӕн. 23Иузӕрдион ыл кӕй уыдзысты, уый тыххӕй йын ард чи бахордта, уыцы адӕм ацы дӕсныфӕрсӕн схондзысты мӕнг. Фӕлӕ сын Вавилоны паддзах ӕрымысдзӕн сӕ ард ӕмӕ сын сӕ сахар байсыныл ныллӕудзӕн. 24Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: уӕ азым уӕхӕдӕг кӕй ӕрымысыдыстут, уӕ фыдракӕндтӕ ӕмӕ уӕ тӕригъӕдтӕ кӕй раргом сты, уый тыххӕй сымах бахаудзыстут уӕ фыдгулы къухтӕм. 25Дӕуӕн дӕр, Израилы ӕнаккаг фӕтӕг, фыдгӕнӕг, абон ралӕууыд дӕ тӕригъӕдты фӕстаг бон! 26Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: Сис дӕ сарыхъ ӕмӕ дӕ кады худ — нал дӕ бахъӕудзысты. Ныллӕг сбӕрзонд уыдзӕн, бӕрзонд та ӕрныллӕг уыдзӕн. 27Сӕфт, сӕфт, сӕфт! Ацы сахарӕн йе сӕфт ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ афтӕ уыдзӕн, цалынмӕ уыцы сахар кӕй у, уый ӕрцӕуа, уӕдмӕ, ӕмӕ йӕ уӕд ратдзынӕн уымӕн.

28Адӕймаджы фырт, пехуымпариуӕг кӕн ӕмӕ фехъусын кӕн: Дунедарӕг афтӕ зӕгъы аммонӕгты ӕмӕ сӕ фидисты тыххӕй: кард йӕ кӕрддзӕмӕй ласт ӕрцыди марынӕн, арвӕрттывдау цӕхӕртӕ калынӕн. 29Дӕ пехуымпартӕ дын мӕнг цӕстылуайӕнтӕ кӕй ӕвдисынц ӕмӕ дын фӕлывд дӕсныфӕрсӕнтӕ кӕй кӕнынц, уый тыххӕй ды дӕр бахаудзынӕ, сӕ сӕртӕ кӕмӕн акъуырдӕуыд, уыцы ӕнаккӕгты хыгъдмӕ. Сӕ тӕригъӕдты фӕстаг бон ралӕууыд. 30Дӕ кард нытътъысс йӕ кӕрддзӕмы. Тӕрхон дын кӕндзынӕн, кӕм дӕ рафӕлдыстӕуыди, цы зӕххыл сӕнтыстӕ, уым. 31Ныххуырсдзынӕн дыл Мӕ маст, Мӕ масты пиллӕйттӕ дыл ныккалдзынӕн ӕмӕ дӕ ратдзынӕн, марын ахуыр чи у, уыцы агъуыд адӕмы къухтӕм. 32Ды арты амӕттаг бауыдзынӕ, дӕ туджы бын фӕуыдзӕни зӕхх. Хъуыды дӕр дӕ ничиуал ӕркӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ уый загътон Ӕз, Дунедарӕг».
Copyright information for OssIBT2022