Ezekiel 22
Йерусалим — фыдгӕнджыты сахар
1Дунедарӕг мын загъта: 2«Адӕймаджы фырт! Тугамӕст сахарӕн тӕрхонгӕнинаг дӕ ӕви нӕ? Йе’ппӕт ӕлгъаг митӕ йын радзур. 3Фехъусын ын кӕн: Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: „Мӕнӕ, йӕхи фыдӕнӕн йӕ адӕмы туг чи калы ӕмӕ, цӕмӕй йӕхи фӕчъизи кӕна, уый тыххӕй гуымирытӕ чи аразы, уыцы сахар! 4Ды тугныккалды азымджын фӕдӕ, цы гуымирытӕ сарӕзтай, уыдонӕй фӕчъизи дӕ ӕмӕ дӕ азары бон ӕрбаввахс кодтай, дӕ рӕстӕг нымад у. Адӕмтӕн дӕ хынджылӕггаг скӕндзынӕн, фидис дын кӕндзысты алы бӕстӕтӕ. 5Фидис дын кӕндзысты хӕстӕг ӕмӕ дард адӕмтӕ, уымӕн ӕмӕ фӕчъизи кодтай дӕ ном, о знӕт сахар! 6Израилы фӕтӕгтӕ дӕм бацыдысты ӕмӕ, йӕ бон кӕмӕн цас уыди, уый бӕрц туг ныккалдтой. 7Дӕ цӕрджытӕ ӕлгъ кӕнынц сӕ ныййарджытыл, ӕфхӕрынц ӕрцӕуӕггаджы, сидзӕры ӕмӕ идӕдзы. 8Ды Мын Мӕ уаз ӕгъдӕуттӕ ницӕмӕ дарыс, Мӕ сабаты уагӕвӕрдтӕ Мын фӕчъизи кӕныс. 9Дӕ хахуыргӕнджыты аххосӕй адӕмы туг ныккӕлы, дӕ кувӕн къуыбыртыл гуымирытӕн хаст нывӕндтӕ хӕрынц, дӕ мидӕг алы ӕлгъаг митӕ аразынц. 10Де’хсӕн ис, йӕ фыды чи фегад кӕны, ахӕмтӕ: йӕ усимӕ йын ӕмуат ӕрцӕуынц; сӕ устытӕн батых кӕнынц се’рвылмӕйон туг цӕуыны заман. 11Чи йӕ хионы усимӕ ӕлгъаг ми аразы, чи йӕ чындзы фӕчъизи кӕны, чи та йӕ хойӕн, фыдӕй иу кӕимӕ у, уымӕн тых кӕны. 12Дӕ гӕртамхорты аххосӕй адӕмы туг ныккӕлы. Ӕфстау дӕттыс пайда райсыны охыл, тыхӕй байсыс дӕ хионы исбон, Мӕн та ферох кодтай, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. 13Ныр Ӕз Мӕ армытъӕпӕнтӕ кӕрӕдзиуыл ӕрцавтон, кӕрӕф кӕй разындтӕ ӕмӕ де’хсӕн туг кӕй кӕлы, уый тыххӕй. 14Дӕ ныхмӕ куы рацӕуон, уыцы бонты дӕм фаг ныфс ӕмӕ фаг хъару разындзӕн, цӕмӕй ма фӕцудай? Ӕз, Дунедарӕг, куыд загътон, афтӕ бакӕндзынӕн. 15Алы бӕстӕты, алы адӕмты’хсӕн дӕ ныххӕлиу кӕндзынӕн ӕмӕ кӕрон скӕндзынӕн де’нӕуаг митӕн. 16Уӕд фелгъаг уыдзынӕ адӕмты цӕсты ӕмӕ базондзынӕ, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый“». 17Дунедарӕг мын загъта: 18«Адӕймаджы фырт! Израилы адӕм Мӕнӕн сыгъдонӕй уӕлдай нал сты. Се’ппӕт дӕр, куынцгомы кӕй бавӕрдӕуыд, уыцы къала, ӕрхуы, ӕфсӕн ӕмӕ здыйы, ӕвзисты згъӕрсыгъдоны хуызӕн систы. 19Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: уе’ппӕт дӕр сыгъдоны хуызӕн кӕй систут, уый тыххӕй уӕ Ӕз ӕрӕмбырд кӕндзынӕн Йерусалимы. 20Куынцгомы иумӕ ӕвзист, ӕрхуы, ӕфсӕн ӕмӕ къала куыд бавӕрынц ӕмӕ сыл арт куыд бандзарынц, стайын сӕ кӕныны охыл, афтӕ уӕ Ӕз, фыр мӕстӕй судзгӕйӕ, ӕрӕмбырд кӕндзынӕн, куынцгомы уӕ бавӕрдзынӕн ӕмӕ уӕ стайын кӕндзынӕн. 21Ӕрӕмбырд уӕ кӕндзынӕн ӕмӕ уыл Мӕ карз пиллонӕй бафу кӕндзынӕн, ӕмӕ атайдзыстут Мӕ пиллоны мидӕг. 22Куынцгомы ӕвзист куыд атайы, афтӕ атайдзыстут Мӕ карз пиллоны мидӕг ӕмӕ уӕд базондзыстут, Мӕ азар уыл Ӕз, Дунедарӕг, кӕй ныххуырстон, уый».Бӕстӕйы разамонджыты азым
23Дунедарӕг мын загъта: 24«Адӕймаджы фырт! Ацы бӕстӕйӕн зӕгъ: ды афтӕ фӕчъизи дӕ, ӕмӕ дыл Ӕз Мӕ азар ныххуырсдзынӕн, къӕвда дӕр дын нал ратдзынӕн. 25Йӕ фӕтӕгтӕ сты йӕ амӕттаджы ӕргӕвдӕг рыхгӕ домбайы хуызӕн; уыдон ныхъуырынц адӕмы, байсынц ын сӕ исбон ӕмӕ сӕ хӕзнатӕ. Уыдоны аххосӕй бӕстӕ идӕдзтӕй байдзаг ис. 26Йӕ сауджынтӕ Мын халынц Ме’Гъдау, фӕчъизи Мын кӕнынц Мӕ уаз ӕгъдӕуттӕ, уаз цы у, уый нӕ иртасынц, уаз цы нӕу, уымӕй; сыгъдӕг ӕмӕ ӕнӕсыгъдӕг кӕрӕдзийӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц, уый нӕ амонынц, ӕлгъ кӕнынц Мӕ сабаты уагӕвӕрдтыл, нӕ Мӕ нымайынц. 27Йе’лдӕрттӕ сты йӕ амӕттаджы скъӕфӕг бирӕгъау. Архайынц туг ныккалыныл, адӕмы бабын кӕныныл ӕмӕ афтӕмӕй сбонджын уӕвыныл. 28Йӕ пехуымпартӕ кӕнынц цӕстфӕливӕн митӕ, сӕ цӕстылуайӕнтӕ — мӕнг, сӕ рагуацтӕ — фӕлывд. Уыдон дзурынц: „Уый Дунедарӕг Хуыцау загъта“, афтӕмӕй та Дунедарӕг ницы загъта. 29Адӕм дӕр ӕфхӕрынц кӕрӕдзи, стигъынц ӕмӕ тухӕнӕй марынц мӕгуыр ӕмӕ гӕвзыччы, ӕнӕхъуаджы ӕфхӕрынц ӕрцӕуӕггаджы. 30Агуырдтон сӕм ахӕм лӕджы, сахары быру кӕм ракӕлы, уым а бӕстӕйы сӕрвӕлтау чи ӕрлӕууа ӕмӕ йӕ чи самайа, цӕмӕй йӕ Ӕз ма бабын кӕнон, фӕлӕ не ссардтон. 31Уымӕ гӕсгӕ сыл Ӕз Мӕ маст ныккалдзынӕн, Мӕ масты пиллонӕй сӕ бабын кӕндзынӕн, сӕ митӕ сын сӕхи сӕрыл ныххуырсдзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.
Copyright information for
OssIBT2022