Ezekiel 24
Згӕ аджы ӕмбисонд
1Фарӕстӕм азы дӕсӕм мӕйӕн йӕ дӕсӕм бон мын Дунедарӕг загъта: 2«Адӕймаджы фырт! Абоны бон дӕхимӕ ныффысс, уымӕн ӕмӕ тӕккӕ ацы бон Вавилоны паддзах ӕрхъула кӕндзӕн Йерусалимыл. 3Ацы хиваст адӕммӕ ӕмбисонды хуызы бартхъирӕн кӕн: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: аг ӕрӕвӕр ӕмӕ дзы дон ныккӕн, 4стӕй дзы ныккал дзидзайы хуыздӕр хӕйттӕ: сины стджытӕ ӕмӕ сгуытӕ, байдзаг ӕй кӕн ӕвзаргӕ стджытӕй — 5хӕрзхаст фысты дзидза ӕмӕ стджытӕй. Аджы бын-иу ӕндзаргӕ дӕр стджытӕй бакӕн ӕмӕ-иу аг рафыцын кӕн, йӕ мидӕг стджытӕ дзӕбӕх куыд стайой, афтӕ“». 6Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Додойаг у, тугныккалдӕй йемыдзаг чи у, уыцы сахар! Додойаг у, чи сызгӕ ӕмӕ йе згӕ кӕмӕн не ссыди, уыцы аг! Хай хайы фӕдыл исут йӕ хуылфӕй, хӕлттӕ сыл не’ппаргӕйӕ. 7Уымӕн ӕмӕ туг ныккалдтой ацы сахары цӕрджытӕ, уыимӕ зӕххыл нӕ, фӕлӕ айнӕг къӕдзӕхыл, ӕндӕра рыджы бын фӕуыдаид зӕххыл. 8Ӕз уыцы туг айнӕг къӕдзӕхыл уымӕн ныууагътон, цӕмӕй ма басусӕг уа, ӕмӕ Мӕ маст ссудза маст исыны охыл». 9Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Додойаг у, туг кӕм ныккалди, уыцы сахар! Ӕз скӕндзынӕн стыр арт; 10ды-иу ыл суг бафтау ӕмӕ йӕ тынгдӕр сцырын кӕн, дзидзатӕ куыд стайой, афтӕ. Стӕй, сӕ бас куы байсыса, уӕд стджытӕ дӕр стайдзысты. 11Ды-иу афтид аг зынджытыл ныууадз, цӕмӕй ссырхзынг уа йе’рхуы, атайа йӕ чъизи ӕмӕ ссӕуа йе згӕ. 12Ӕнӕпайда фыдӕбон! Не ссӕудзӕни йӕ чъизи, суанг арты бон дӕр ын ницы бауыдзӕн! 13Уый бӕрц ӕлгъаг у дӕ чъизи, ӕмӕ дӕ цасфӕнды куы сыгъдӕг кӕнон, уӕд дӕр чъизийӕ баззайдзынӕ ӕмӕ фидӕны дӕр не ссыгъдӕг уыдзынӕ, цалынмӕ дыл Мӕ азар нӕ ныххуырсон, уӕдмӕ. 14Афтӕ зӕгъын Ӕз, Дунедарӕг. Афон ӕрцӕудзӕн ӕмӕ Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн. Мӕ фӕнд нӕ аивдзынӕн, нӕ фӕтӕригъӕд кӕндзынӕн ӕмӕ нӕ ныббардзынӕн. Стӕрхон дын кӕндзынӕн, цы фӕндагыл лӕууыс ӕмӕ цы хъуыддӕгтӕ аразыс, уыдонмӕ гӕсгӕ», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.Пехуымпары бинойнаджы мӕлӕт — Йерусалимы сӕфты нысан
15Дунедарӕг мын загъта: 16«Адӕймаджы фырт! Дӕ цӕстытӕ кӕй уындӕй райынц, уый дын Ӕз ӕнӕнхъӕлӕджы байсдзынӕн, фӕлӕ-иу ды ма ску ӕмӕ ма ныхъхъарӕг кӕн, дӕ цӕстӕй иу сыг дӕр ма’рхауӕд. 17Ӕнӕдзургӕйӕ дзыназ, йӕ мардыл-иу ын богъ-богъ ма кӕн. Дӕ сарыхъ-иу стух дӕ сӕрыл, дӕ дзабыртӕ-иу дӕ къӕхтыл скӕн. Дӕ зачъе ма бамбӕрз, мардыкӕнды къӕбӕрӕй ма саход». 18Адӕмимӕ райсомӕй цы бон дзырдтон, уыцы бон изӕрӕй мӕ бинойнаг амард, ӕмӕ дыккаг бон ӕз бакодтон, куыд мын загъдӕуыд, афтӕ. 19Адӕм мӕ бафарстой: «Дӕ ацы митӕ цы амонынц, уый нын нӕ зӕгъдзынӕ?» 20Дзуапп сын радтон: «Дунедарӕг мын фехъусын кодта Йӕ ныхас, 21цӕмӕй ӕз Израилы адӕмӕн зӕгъон: „Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: Ӕз фӕчъизи кӕндзынӕн Мӕ Кувӕндон — уӕ хъомысы цӕджындз, уӕ цӕстырухс, уӕ удлӕууӕн. Уӕ фырттӕ ӕмӕ уӕ чызджытӕ та, сахары кӕй ныууагътат, уыдон, карды амӕттаг бауыдзысты“. 22Ӕмӕ уӕд сымах дӕр, ӕз куыд кодтон, афтӕ кӕндзыстут: уӕ зачъетӕ нӕ бамбӕрздзыстут, мардыкӕнды къӕбӕрӕй нӕ саходдзыстут, 23уӕ сарыхътӕ уыдзысты уӕ сӕртыл, уӕ дзабыртӕ — уӕ къӕхтыл; нӕдӕр кӕугӕ кӕндзыстут, нӕдӕр хъарӕг, фӕлӕ уӕ фыдракӕндты аххосӕй батайдзыстут уӕлхъӕдӕй ӕмӕ кӕрӕдзийы раз хъӕрздзыстут. 24Езекиел уын уыдзӕни нысан. Сымах кӕндзыстут, уый куыдӕриддӕр бакодта, афтӕ. Ӕмӕ уыл уыдӕттӕ куы’рцӕуой, уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг Хуыцау кӕй дӕн, уый». 25Ноджы ма мын Дунедарӕг загъта: «Адӕймаджы фырт! Сӕ хъару, сӕ цин ӕмӕ сӕ кад, сӕ цӕстырухс ӕмӕ сӕ удлӕууӕн, сӕ фырттӕ ӕмӕ сӕ чызджыты сын цы бон байсон, 26уыцы бон дӕм фӕзындзӕни, чи аирвӕзти, уыцы лигъдон ӕмӕ дын уац фехъусын кӕндзӕн. 27Ӕмӕ уыцы бон лигъдоны раз байгом уыдзӕн дӕ дзых ӕмӕ райдайдзынӕ дзурын — нал уыдзынӕ ӕгомыг. Ды сын суыдзынӕ нысан, ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый».
Copyright information for
OssIBT2022