‏ Ezekiel 25

1Дунедарӕг мын загъта: 2«Адӕймаджы фырт! Аммонӕгты ныхмӕ де’ргом сараз ӕмӕ пехуымпариуӕг кӕн сӕ ныхмӕ. 3Аммонӕгты фӕдонтӕн зӕгъ: „Байхъусут Дунедарӕг Хуыцауы ныхасмӕ! Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: Мӕ Кувӕндон кӕй фӕчъизи ис, Израилы зӕхх кӕй ныггӕныстон ӕмӕ иудейӕгтӕ хаст кӕй ӕрцыдысты, уыдӕттыл уӕхи худӕгӕй кӕй хӕссут, 4уый тыххӕй уын Ӕз уӕ зӕхх Скӕсӕны цӕрджытӕн исбонӕн ратдзынӕн, ӕмӕ дзы уыдон асадӕнтӕ скӕндзысты ӕмӕ сӕ цатыртӕ сӕвӕрдзысты. Уӕ дыргътӕ уын хӕрдзысты ӕмӕ уын уе’хсыр нуаздзысты. 5Раввайы сахарӕй теуаты хизӕнуат скӕндзынӕн, аммонӕгтӕн сӕ иннӕ сахартӕ ӕмӕ хъӕутӕй та — фосдарӕнтӕ лыстӕг фосӕн. Ӕмӕ уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый“.

6Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: „Израилы зӕххыл ӕлгъгӕнгӕйӕ, цинӕй кӕй радыстут, уӕ къухтӕй къӕрццӕмдзӕгъд кӕй кодтат ӕмӕ уӕ къӕхтӕй зӕхх кӕй хостат, 7уый тыххӕй уӕм Ӕз Мӕ къух сисдзынӕн ӕмӕ уӕ адӕмтӕн бастигъын кӕндзынӕн. Фесафдзынӕн уӕ адӕмтӕ ӕмӕ бӕстӕты’хсӕнӕй, ныддӕрӕн уӕ кӕндзынӕн, ӕмӕ уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый“.

Хуыцау тӕрхон кӕны моавӕгтӕн

8Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: „Моав ӕмӕ Сеир фидистӕгӕнгӕ афтӕ кӕй дзурынц, иудейӕгтӕ дӕр иннӕ адӕмтӕй ницӕмӕй хуыздӕр сты, зӕгъгӕ, 9уый тыххӕй Ӕз байгом кӕндзынӕн Моавы фидар арӕнтӕ, йӕ кӕрӕтты цы сахартӕ лӕууы ӕмӕ хъал кӕмӕй сты, уыдон: Бет-Йешимот, Баал-Меон ӕмӕ Кирйатаим. 10Моавы зӕхх дӕр аммонӕгты зӕххимӕ иумӕ Скӕсӕны адӕмтӕн ратдзынӕн, аммонӕгтӕн адӕмты’хсӕн сӕ кой дӕр куыннӕуал баззайа, афтӕ. 11Моавыл дӕр Мӕ тӕрхоны азар ныххуырсдзынӕн, ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый“.

Хуыцау тӕрхон кӕны едомӕгтӕн

12Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: „Едомӕгтӕ иудейӕгтӕй сӕ маст ӕгӕр ӕгъатырӕй кӕй истой, уымӕй стыр тӕригъӕд сарӕзтой. 13Уымӕ гӕсгӕ Ӕз, Дунедарӕг, Мӕ къух сисдзынӕн Едоммӕ ӕмӕ йын ныццӕгъддзынӕн йӕ адӕмы дӕр ӕмӕ йӕ фос дӕр, йӕхи та йын ныггӕныстон кӕндзынӕн. Теманӕй Деданы онг карды амӕттаг бауыдзысты иууылдӕр. 14Едомӕй Мӕ маст райсдзынӕн Мӕ адӕм Израилы къухӕй, Мӕ азар сыл ныххуырсдзысты уыдон, ӕмӕ уӕд едомӕгтӕ базондзысты, Ӕз Мӕ маст куыд фӕисын, уый“, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.

Хуыцау тӕрхон кӕны филистимӕгтӕн

15Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: „Филистимӕгтӕ иудейӕгтӕм ӕнӕуынон цӕстӕй кӕй кастысты ӕмӕ сӕм ӕдзух фыдзӕрдӕ даргӕйӕ, уыдонӕй суанг се сӕфты бон дӕр сӕ маст ӕгъатырӕй кӕй истой, 16уый тыххӕй Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: Мӕ къух сисдзынӕн филистимӕгтӕм — уыцы керетӕгтӕм, стӕй ма сӕ денджызгӕрӕтты чидӕриддӕр баззад, уыдоны се’ппӕты дӕр ныццӕгъддзынӕн. 17Ӕгъатырӕй сӕ райсдзынӕн Мӕ маст ӕмӕ сыл ныккалдзынӕн Мӕ азар. Мӕ маст сӕ куы райсон, уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый“».
Copyright information for OssIBT2022