‏ Ezekiel 26

Хуыцау тӕрхон кӕны Тиры сахарӕн

1Нӕ ахасты иуӕндӕсӕм азы дыууадӕсӕм мӕйӕн йӕ фыццаг бон мын Дунедарӕг загъта: 2«Адӕймаджы фырт! Тир Йерусалимы тыххӕй афтӕ кӕй дзырдта: „Ӕгъа! Дзӕбӕх куы ныппырх ис, адӕмты кулдуар кӕй хонынц, уыцы сахар! Ныр мӕ амӕттаг бауыдзӕн. Уый ныггӕныстон, ӕз та схъӕздыг уыдзынӕн“, — 3уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы Тирӕн: „Ӕз дӕ ныхмӕ сыстдзынӕн, Тир, ӕмӕ дын дӕ ныхмӕ бирӕ адӕмты сыстын кӕндзынӕн, денджыз йӕ уылӕнтӕ куыд сисы, афтӕ. 4Уыдон Тиры систӕ ныппырх кӕндзысты, йӕ мӕсгуытӕ йын ныддӕрӕн кӕндзысты. Ӕз ын йӕ хӕлддзӕгтӕ дӕр ныххафдзынӕн ӕмӕ йӕ гомгӕрцц къӕдзӕх фестын кӕндзынӕн. 5Денджызы астӕу кӕсагахсӕн хызтӕ кӕм хус кӕнынц, ахӕм бынат фестдзӕни, уымӕн ӕмӕ афтӕ загътон Ӕз, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. — Адӕмтӕ дӕ хӕлӕттаг фӕкӕндзысты. 6Денджызы былгӕрон дын цы чызджытӕ цӕрынц, уыдон та карды амӕттаг бауыдзысты. Ӕмӕ уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый“».

7Уымӕн ӕмӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Тир, дӕ ныхмӕ дын цӕгатӕрдыгӕй ӕрбакӕндзынӕн Вавилоны паддзах, паддзӕхты паддзах Навуходоносоры, йе стыр ӕфсадимӕ, ӕд бӕхтӕ, ӕд уӕрдӕттӕ ӕмӕ ӕд бӕхджынтӕ, ӕнӕнымӕц ӕфсадимӕ. 8Уый карды амӕттаг бакӕндзӕни, денджызгӕрӕтты дын цы дӕлбар сахартӕ ис, уыдон, дӕ ныхмӕ дын сараздзӕни хӕцӕн мӕсгуытӕ ӕмӕ самайдзӕни сыджытбыру, ӕрӕвӕрдзӕн цӕлхытыл тулгӕ стыр уартытӕ. 9Дӕ быруты раз дын сӕвӕрдзӕни сисфӕлдахӕн гӕрзтӕ ӕмӕ дын дӕ мӕсгуытӕ фехалдзӕн йе’фсӕн мӕцъистӕй. 10Йӕ бӕхты къӕхты рыджы бын фӕуыдзынӕ, дӕ бырутӕ нынкъуысдзысты уӕрдонджынты хъӕрахст ӕмӕ уӕрдӕтты гыбар-гыбурӕй, дӕ кулдуарыл дӕм, чи ныппырх ис, ахӕм сахармӕ цӕуӕгау куы фӕцӕйцӕуа, уӕд. 11Йӕ бӕхты сӕфтджытӕй дын бассӕндзӕни дӕ уынгтӕ, дӕ адӕмы дын кардӕй ныццӕгъддзӕн, дӕ хъомысы цыртдзӕвӕнтӕ та дын афӕлдахдзӕн зӕххыл. 12Дӕ исбон дын ратӕлӕт кӕндзысты, байсдзысты дын дӕ базайрӕгтӕ, ракалдзысты дӕ систӕ, фехалдзысты дӕ рӕсугъд хӕдзӕрттӕ, дӕ дуртӕ, дӕ бӕлӕстӕ ӕмӕ дын дӕ сыджыт та денджызы ныккалдзысты. 13Ӕз дын дӕ зарджыты уынӕр бамынӕг кӕндзынӕн, нал хъуысдзӕни дӕ хъисфӕндырты цагъд дӕр. 14Айнӕг къӕдзӕх дӕ фестын кӕндзынӕн, кӕфахсӕн хызтӕ хусгӕнӕн бынат суыдзынӕ ӕмӕ ногӕй арӕзт никуыуал ӕрцӕудзынӕ, уымӕн ӕмӕ афтӕ загътон Ӕз, Дунедарӕг, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау».

15Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы Тиры сахарӕн: «Куы ныппырх уай, уӕд дӕ уынӕрӕй, дӕ цӕфты хъӕрзынӕй денджызы был сакъадӕхтӕ нынкъуысдзысты! 16Бӕстыхицӕуттӕ рахиздзысты сӕ бадӕнтӕй, раппардзысты сӕ пӕлӕзтӕ, раласдзысты сӕ нывӕфтыд дарӕстӕ. Ризӕг сыл бахӕцдзӕн, тӕрсгӕ-ризгӕйӕ ӕрбаддзысты зӕххыл ӕмӕ алы уысм дӕр стъӕлфдзысты, ӕвирхъау тас сыл бафтаудзӕни дӕ хъысмӕт. 17Сисдзысты дыл хъарӕг:

„Уӕ, куыд бабын дӕ, кадджын сахар,
денджызонты цӕрӕн бынат!
Денджызы астӕу хъомысджын куы уыдтӕ —
цы дӕхӕдӕг, цы дӕ цӕрджытӕ.
Денджызгӕрон адӕмтӕ
ӕмризӕджы куы рызтысты дӕ разы.
18Ныр дӕ сӕфты бон
куы нынкъуысыдысты денджызгӕрон бӕстӕтӕ,
ӕвирхъау тас сыл куы бахӕцыд
дӕ сӕфты азармӕ кӕсгӕйӕ“».

19Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Ӕдзӕрӕг сахартау дӕ куы сафтид кӕнон, денджыз дыл куы ныххуырсон ӕмӕ дӕ йӕ бирӕ уылӕнтӕ сӕ быны куы фӕкӕной, 20уӕд дӕ ныппардзынӕн дӕлдзӕх бӕстӕм, незаманты чи амарди, уыцы адӕммӕ. Ӕрӕвӕрдзынӕн дӕ, мыггагмӕйы ӕдзӕрӕг рӕтты халдих чи у, зӕххы уыцы ӕрфыты, дӕлдзӕх бӕстӕм чи ныццыд, уыдонимӕ, цӕмӕй дӕ мидӕг макуыуал мачи ӕрцӕра. Зӕххыл цӕргӕйӕ ма чи баззайа, уыдонӕн та раргом кӕндзынӕн Мӕ кад. 21Дӕуӕй скӕндзынӕн фыд азары цӕвиттон. Агурдзысты ма дӕ, фӕлӕ дӕ мыггагмӕ дӕр нал ссардзысты», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.
Copyright information for OssIBT2022