‏ Ezekiel 27

Хъарӕг Тирыл

1Дунедарӕг мын загъта: 2Адӕймаджы фырт! Ды дӕр ныхъхъарӕг кӕн Тирыл! 3Зӕгъ Тирӕн, денджызмӕ рацӕуӕнтӕ чи бацахста ӕмӕ денджызы был цы бӕстӕтӕ ис, уыдонимӕ сӕудӕджер чи кӕны, уымӕн: афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Тир! Ды дӕхи схуыдтай алӕмӕты рӕсугъд. 4Денджызы астӕу лӕууыс — науӕнгӕс — хорз дӕ сфӕлыстой дӕ аразджытӕ, алцӕмӕй дӕр — ӕххӕст. 5Сениры кипарисӕй дын сарӕзтой дӕ чъилтӕ, Ливанӕй ласт кедрӕй дын ӕрцамадтой дӕ наухъилтӕ, 6башайнаг тулдзӕй дын донфыййӕгтӕ скодтой, тӕрс бӕласӕй дын сарӕзтой дӕ бандӕттӕ, сфӕлыстой дӕ киттимаг пылыстӕгӕй.

7Мысыраг нывӕфтыд гӕн хъуымацӕй уыдысты дӕ наупӕлӕзтӕ ӕмӕ дӕ тырыса, елишайаг ӕрвхуыз ӕмӕ сӕнт сырх хъуымӕцтӕй — дӕ уӕлӕдарӕс. 8Сидон ӕмӕ Арвады цӕрджытӕ дӕ бӕлӕгътӕрджытӕ уыдысты, къухӕй дӕсныйӕ дӕм чи уыд, уыдон та — дӕ наутӕрджытӕ. 9Гевалы хистӕртӕ, алы куыстмӕ дӕсны чи уыди, уыдон, куыстой дӕуӕн, цӕмӕй ӕхгӕд ӕрцӕуой дӕ хуынчъытӕ. Ӕрбацыдысты-иу дӕм алы наутӕ ӕмӕ денджызонтӕ сӕудӕджер кӕнынмӕ. 10Персайнӕгтӕ, лудӕгтӕ ӕмӕ путӕгтӕ уыдысты де’фсады хӕстонтӕ, дӕ систыл-иу дын уартытӕ ӕмӕ такатӕ ӕрцауыгътой — афтӕ-иу систой уӕлиау дӕ кад.

11Арвадӕгтӕ ӕд ӕфсад дӕ алыварс лӕууыдысты дӕ бырутыл, гаммадӕгтӕ — дӕ мӕсгуытыл. Дӕ алыварс-иу дӕ систыл сӕ уартытӕ ӕрцауыгътой, ӕмӕ-иу афтӕмӕй ноджы рӕсугъддӕр сдӕ.

12Дӕ исбонӕн ныккӕнӕн дӕр нӕ уыд, ӕмӕ дын Таршишы сахар дӕ базайрӕгты сӕрмӕ лӕвӕрдта ӕвзист, ӕфсӕйнаг, къала ӕмӕ зды. 13Йаван, Тувал ӕмӕ Мешехы цӕрджытӕ базар кодтой демӕ, дӕ базайрӕгты сӕрмӕ дын лӕвӕрдтой сӕ цагъарты, стӕй се’рхуы мигӕнӕнтӕ. 14Тогармайы сӕудӕджертӕ-иу дын уӕрдоныл ифтындзгӕ ӕмӕ саргъы бӕхтӕ ӕрбаластой. 15Демӕ базар кодтой Деданы сӕудӕджертӕ дӕр, стӕй денджызгӕрон сахартӕй бирӕтӕ. Ӕрбаластой-иу дын пылыстӕг ӕмӕ сау хъӕдӕрмӕг. 16Дӕ базайрӕгтӕн ныккӕнӕн кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ демӕ сӕудӕджер кодтой арамейӕгтӕ дӕр. Дӕ базайрӕгты ныхмӕ дын лӕвӕрдтой ӕрвхуыз зынаргъ дуртӕ, сӕнт сырх хъуымӕцтӕ, нывӕфтыд ӕмӕ лыстӕг гӕнӕй уафт хъуымӕцтӕ, кораллтӕ ӕмӕ лалтӕ. 17Демӕ базар кодтой Иудей ӕмӕ Израил. Дӕ базайрӕгты ныхмӕ дын лӕвӕрдтой Миннитӕй ласт мӕнӕу, легъуитӕ, мыд, оливӕйы сой ӕмӕ ӕвдадз.

18Дӕ базайрӕгтӕн, дӕ исбонӕн ныккӕнӕн кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ демӕ сӕудӕджер кодта Дамаск. Уӕй дын кодта хелбойнаг сӕн ӕмӕ цахайраг къуымбил. 19Ведан ӕмӕ Йаваны байзӕддаг, Узалы цӕрджытӕ, дӕ базайрӕгты сӕрмӕ дӕуӕн лӕвӕрдтой куырдадзы цагъд ӕфсӕн, ноджы ма лавры сыф ӕмӕ ӕндӕр хъацӕнтӕ.

20Деданы цӕрджытӕ дын уӕй кодтой зынаргъ базӕмбӕрзӕнтӕ саргъы бӕхты рӕвдзӕн. 21Демӕ сӕудӕджер кодтой Арави ӕмӕ Кедары ӕппӕт ӕлдӕрттӕ. Уӕй дын кодтой уӕрыччытӕ, фырытӕ ӕмӕ цӕутӕ. 22Демӕ базар кодтой Сава ӕмӕ Раамайы сӕудӕджертӕ. Дӕ базайрӕгты сӕрмӕ дын лӕвӕрдтой сӕ хуыздӕр базайрӕгтӕ: алы ӕвдадз, налхъуыт-налмастӕ ӕмӕ сыгъзӕрин. 23Демӕ базар кодтой Харан, Канне, Еден, Сава, Ассири ӕмӕ Килмады сӕудӕджертӕ. 24Дӕ базартӕм дын уӕймӕ ластой зынаргъ дарӕстӕ, ӕрвхуыз пӕлӕзтӕ, нывӕфтыд хъуымӕцтӕ ӕмӕ гауызтӕ, стӕй фидар бӕндӕнтӕ.

25Таршишаг наутӕ дын систы сӕудӕджергӕнӕг чырӕтӕ.

Тынг сбонджын ӕмӕ скадджын дӕ ды денджызы астӕу.
26Дӕ чематӕрджытӕ дӕ фурды астӕумӕ батардтой,
скӕсӕйнаг уад дӕ фурды астӕу ныппырх кодта.
27Де сӕфты бон дӕ исбон, дӕ денджызонтӕ,
дӕ наутӕрджытӕ, дӕ науӕмпъузджытӕ,
дӕ сӕудӕджертӕ ӕмӕ дӕ хӕстонтӕ —
дӕ адӕм иууылдӕр денджызы бын фӕуыдзысты.
28Дӕ наутӕрджыты цъӕхахстӕй
дӕ сыхаг адӕмтӕ ныккӕрздзысты.
29Наутӕрджытӕ се’ппӕт дӕр рахиздзысты сӕ наутӕй —
денджызонӕй, наутӕрӕгӕй зӕххыл ӕрлӕудзысты.
30Дзагхъӕлӕсӕй дыл ныккӕудзысты
ӕмӕ хъарӕг кӕндзысты;
сӕ сӕртыл рыг байзӕрдзысты
ӕмӕ сӕхи рыджы ӕвдулдзысты.
31Сау дыл дардзысты:
адасдзысты сӕ сӕртӕ,
сӕхъистӕ скӕндзысты сӕ уӕлӕ,
хъыггӕнгӕ дыл зӕрдӕрхалӕн хъарӕг сисдзысты.
32Сӕ сӕфты бон дыл сисдзысты хъарӕг:
„Фурды астӕу Тиры хуызӕн чи бабын ис!“

33Денджызты сӕудӕджер кӕнгӕйӕ, ды бирӕ адӕмты ӕфсӕстай.
Ныккӕнӕн дын цы исбонӕн нӕ уыд,
уымӕй-иу сыхаг паддзӕхты схъӕздыг кодтай.
34Фӕлӕ дӕ ныр ныппырх кодтой денджызы уылӕнтӕ,
де’ппӕт исбон, де’ппӕт адӕм
фурды бын куы фесты.
35Денджызгӕрон сахартыл ӕвирхъау тас куы бахӕцыд,
куы ныккӕрзыдтой паддзӕхтӕ,
сӕ цӕсгомы хуыз куы фӕцыд.
36Иннӕ адӕмты сӕудӕджертӕ та дыл
куы кӕнынц ӕхситт,
ӕвирхъау тас куы’фтауы алкӕуыл дӕ хъысмӕт —
ды бабын дӕ мыггагмӕ».
Copyright information for OssIBT2022