‏ Ezekiel 28

Тӕрхон Тиры хирвӕссон паддзахӕн

1Дунедарӕг мын загъта: 2Адӕймаджы фырт! Зӕгъ Тиры хицауӕн: «Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: ды дӕхиуыл фервӕссыдтӕ ӕмӕ загътай: „Ӕз хуыцау дӕн ӕмӕ бадын хуыцауы бадӕны, фурды астӕу“. Афтӕмӕй, Хуыцау нӕ, фӕлӕ адӕймаг уӕвгӕйӕ, дӕ зонд Хуыцауы зонды ӕмвӕз ӕвӕрыс. 3Ды Даниилӕй зондджындӕр дӕ, ӕппӕт сусӕгтӕ дӕр дын ӕргом сты. 4Дӕ куырыхон зонды фӕрцы схъӕздыг дӕ ӕмӕ дӕ хӕзнадӕттӕ байдзаг кодтай сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзистӕй. 5Сӕудӕджеры куыст кӕнынмӕ хорз кӕй арӕхстӕ, уый фӕрцы сбирӕ кодтай дӕ исбон ӕмӕ дӕ бирӕ исӕй схъал дӕ. 6Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: дӕ зонд Хуыцауы зондимӕ иу ӕмвӕзыл кӕй ӕвӕрыс, 7уый тыххӕй дын Ӕз дӕ ныхмӕ ӕрбакӕндзынӕн ӕндӕрбӕстӕгты, адӕмты фыддӕрты, ӕмӕ уыдон сласдзысты сӕ кӕрдтӕ дӕ цӕхӕркалгӕ уӕлзондмӕ ӕмӕ дын фегад кӕндзысты дӕ диссаджы фидауц. 8Дӕлдзӕхмӕ дӕ ныппардзысты, ӕмӕ, тыхмард кӕй акӕнынц, уыдонау фурды астӕу амӕлдзынӕ. 9Ӕмӕ уӕд дӕ марӕджы раз дӕр, адӕймаг уӕвгӕйӕ, афтӕ зӕгъдзынӕ, мыййаг, ӕз хуыцау дӕн, зӕгъгӕ? 10Ды амӕлдзынӕ ӕндӕрбӕстӕгты къухӕй, ӕнӕсунӕттӕ куыд амӕлынц, афтӕ, уымӕн ӕмӕ афтӕ зӕгъын Ӕз, Дунедарӕг Хуыцау».

Хъарӕг Тиры паддзахыл

11Дунедарӕг мын загъта: 12«Адӕймаджы фырт! Хъарӕг кӕн Тиры паддзахыл ӕмӕ йын фехъусын кӕн: „Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы:

Алцӕмӕй ӕххӕст уыдтӕ ды,
ӕвидигӕ — дӕ уӕлзонд,
тӕмӕнкалгӕ — дӕ фидауц.
13Хуыцауы дыргъдоны, Едемы, цардтӕ.
Дӕ дарӕстӕ — зынаргъ дуртӕй фӕлыст:
лал, топаз, алмаси, хризолит ӕмӕ ониксӕй,
стӕй яшмӕйӕ, сапфирӕй, малахитӕй, изумрудӕй.
Уыдысты се’ппӕт дӕр сыгъзӕрин фӕлгӕтты ӕвӕрд
ӕмӕ дӕ уӕлӕ’фтыд;
цӕттӕ уыдысты де сфӕлдысты бонмӕ.
14Дӕу байсӕрстӕуыд,
цӕмӕй суай хъахъхъӕнӕг херувим.
Хуыцауы уаз хохыл ӕрӕвӕрдтон Ӕз дӕу,
ӕмӕ цӕхӕркалгӕ дурты астӕу
ды рацу-бацу кодтай.
15Ӕнӕкъӕм уыдтӕ дӕ алы фӕндагыл,
куы дӕ сфӕлдыстӕуыд, уыцы бонӕй фӕстӕмӕ,
фӕлӕ рацыди рӕстӕг,
ӕмӕ дӕ мидӕг разынди фыддзинад.
16Дӕ базайрӕгтӕн нал уыди ныккӕнӕн,
ӕмӕ ды байдзаг дӕ фыдракӕндтӕй,
тӕригъӕд ракодтай.
Фӕчъизи дӕ, ӕмӕ дӕ Ӕз
Хуыцауы хохӕй раппӕрстон,
цӕхӕркалгӕ дурты’хсӕнӕй
фӕсырдтон дӕу — хъахъхъӕнӕг херувимы.
17Дӕ фидауцӕй схъал дӕ,
дӕ цытуарзагӕй байсӕфтай дӕ уӕлзонд.
Ӕмӕ дӕ Ӕз ӕрӕппӕрстон зӕхмӕ,
паддзӕхты раз дӕ фӕхудинаг кодтон.
18Дӕ бирӕ ӕнаккаг митӕй,
дӕ фӕлывд сӕудӕджеры куыстӕй
дӕ уаз бынӕттӕ фегад кодтай ды.
Дӕ сахарыл дын бандзардзынӕн арт,
ӕмӕ дӕ уый аныхъуырдзӕн:
сау фӕнык дӕ фестын кӕндзынӕн зӕххыл,
чи дӕм кӕса, ӕппӕт уыдоны раз.
19Чи дӕ зыдта, уыдон стыр тасы бафтдзысты,
дӕ азармӕ кӕсгӕйӕ.
Дӕ хъысмӕт алкӕуыл ӕвирхъау тас ӕфтаудзӕн,
бабын уыдзынӕ мыггагмӕ“».

Тӕрхон Сидоны сахарӕн

20Дунедарӕг мын загъта: 21«Адӕймаджы фырт! Де’ргом сараз Сидоны’рдӕм ӕмӕ пехуымпариуӕг кӕн йӕ ныхмӕ. 22Зӕгъ ын Мӕ номӕй: „Мӕхи дыл ныххуырсдзынӕн, Сидон, ӕмӕ дӕ адӕмы’хсӕн скадджын уыдзынӕн. Мӕ тӕрхоны амӕттаг уӕ куы бакӕнон ӕмӕ уын Мӕ уаз ном куы раргом кӕнон, уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый. 23Ӕз дыл ныххуырсдзынӕн емынӕ, дӕ уынгтӕ дын туджы бын фӕкӕндзынӕн, ӕмӕ мӕрдтӕй байдзаг уыдзысты, уымӕн ӕмӕ дӕм алырдыгӕй кард ӕвзиддзӕни. Уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый. 24Ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ Израилы адӕмӕн нал уыдзӕни, рӕхойӕг какон сындзау, бӕхсындзау ӕй чи тыхсын кӕна ӕмӕ йыл ӕлгъ чи кӕна, ахӕм сыхӕгтӕ“. Ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг Хуыцау кӕй дӕн, уый».

Израил сӕдас уыдзӕн йӕ фыдгултӕй

25Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: «Израилы адӕм цы адӕмты’хсӕн ныххӕлиу сты, уырдыгӕй сӕ куы ӕрӕмбырд кӕнон, уӕд сын уыцы адӕмты раз раргом кӕндзынӕн Мӕ уаз ном, ӕмӕ ногӕй ӕрцӕрдзысты, кӕддӕр Мӕ цагъар Йаковӕн цы зӕхх радтон, ууыл. 26Цӕрдзысты йыл ӕдасӕй. Сараздзысты хӕдзӕрттӕ, ныссадздзысты сӕндӕттӕ, ӕмӕ йыл ӕдасӕй цӕрдзысты, уымӕн ӕмӕ Ӕз стӕрхон кӕндзынӕн, алырдыгӕй сӕм саузӕрдӕ чидӕриддӕр дардта, уыдонӕн. Ӕмӕ уӕд Израилы адӕм базондзысты, Ӕз Дунедарӕг, сӕ Хуыцау, кӕй дӕн, уый».
Copyright information for OssIBT2022