‏ Ezekiel 29

Тӕрхон Мысырӕн

1Дӕсӕм азы
Ома паддзах Цедекиайы хицауиуӕджы дӕсӕм аз.
дыууадӕсӕм мӕйӕн йӕ дыууадӕсӕм бон мын Дунедарӕг загъта:
2«Адӕймаджы фырт! Де’ргом аздах фараоны, Мысыры паддзахы’рдӕм, ӕмӕ пехуымпариуӕг кӕн фараон ӕмӕ ӕппӕт Мысыры ныхмӕ. 3Фехъусын ын кӕн: „Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: фараон, Мысыры паддзах, стыр кӕфхъуындар, Ӕз сыстдзынӕн дӕ ныхмӕ! Нилы донӕфтӕны бадыс ӕмӕ дзурыс, ай мӕ цӕугӕдон у, мӕхицӕн ӕй сарӕзтон, зӕгъгӕ. 4Фӕлӕ дӕ Ӕз ӕрцахсдзынӕн ӕнгуырӕй ӕмӕ дӕ сӕппардзынӕн дӕ цӕугӕдонӕй, Нилы ӕппӕт кӕсӕгтӕ дын дӕ хӕрвыл ӕрцауындздзынӕн, афтӕмӕй. 5Нилы ӕппӕт кӕсӕгтимӕ дӕ фехсдзынӕн ӕдзӕрӕг ран, тыгъд быдыры, ӕмӕ дыл уым ничи бамӕт кӕндзӕн, ничи дӕ баныгӕндзӕн. Хъӕддаг сырдтӕн ӕмӕ мӕргътӕн дӕ бахӕрын кӕндзынӕн. 6Ӕмӕ уӕд Мысыры цӕрджытӕ иууылдӕр базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый.

Ды Израилы адӕмӕн разындтӕ хъӕзӕй конд лӕдзӕгау:
7куы дыл ныххӕцыдысты, уӕд афастӕ ӕмӕ сын сын се уӕхсчытӕ ныррӕхуыстай; куы дыл ӕрӕнцой кодтой, уӕд асастӕ, ӕмӕ сӕ къӕхтӕ фӕдыдӕгътӕ сты.

8Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: мӕнӕ дӕм Ӕз кард сисдзынӕн, ныццӕгъддзынӕн дын дӕ адӕмы дӕр ӕмӕ дӕ фос дӕр. 9Мысыры зӕхх ӕдзӕрӕг тыгъд быдыр фестдзӕн, ӕмӕ уӕд Мысыры адӕм базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый.

Ды, фараон, афтӕ загътай, Нил мӕн у, мӕхицӕн ӕй сарӕзтон, зӕгъгӕ.
10Фӕлӕ Ӕз Ме’ргом сараздзынӕн дӕ цӕугӕдӕтты ныхмӕ ӕмӕ Мысыры зӕхх фестын кӕндзынӕн гӕныстон сыгъд быдыр, Мигдолӕй Сиенейы онг, суанг Эфиопийы арӕны онг. 11Дыууиссӕдз азы дӕргъы дзы ничиуал ӕрцӕрдзӕни, налдӕр ыл адӕймаджы къах ӕрлӕудзӕн, налдӕр — фосы къах. 12Дыууиссӕдз азы дӕргъы уыдзӕни ӕдзӕрӕг йӕ алыварс бӕстӕтау, йӕ сахартӕ дӕр — гӕныстон, йӕ алыварс бӕстӕты сахартау. Ӕз мысырӕгты алы бӕстӕты, алы адӕмтыл ныххӕлиу кӕндзынӕн.

13Уымӕн ӕмӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: мысырӕгтӕ цы адӕмты’хсӕн ныххӕлиу уой, уым сыл дыууиссӕдз азы куы рацӕуа, уӕд сӕ Ӕз ӕрӕмбырд кӕндзынӕн. 14Уацарӕй сӕ фӕстӕмӕ раздахдзынӕн сӕ фыдыуӕзӕгмӕ, Патросы зӕхмӕ, ӕмӕ уым лӕмӕгъ паддзахад суыдзысты. 15Сӕ паддзахад иннӕ паддзахӕдтӕй уыдзӕни лӕмӕгъдӕр, ӕмӕ уӕд иннӕ адӕмтӕм ӕнӕввӕрсон цӕстӕй нал кӕсдзысты. Ӕз сӕ ӕрӕлхъивдзынӕн, цӕмӕй иннӕ адӕмты мауал ӕфхӕрой. 16Уӕдӕй фӕстӕмӕ сӕ бон нал бауыдзӕн Израилы адӕмӕн мӕнг ныфсытӕ ӕвӕрын. Мӕ адӕм нал фӕрӕдидзысты ӕмӕ сыл нал баууӕнддзысты, цӕмӕй мауал фӕазымджын уой, ӕмӕ уӕд мысырӕгтӕ базондзысты, Ӕз Дунедарӕг Хуыцау кӕй дӕн, уый“».

Паддзах Навуходоносор бацахсдзӕни Мысыр

17Нӕ ахасты авд ӕмӕ ссӕдзӕм азы фыццаг мӕйӕн йӕ фыццаг бон мын Дунедарӕг загъта: 18«Адӕймаджы фырт! Вавилоны паддзах Навуходоносор Тиры сахарыл куы ӕртыхст, уӕд тынг бакусын кодта йе’фсадӕн. Фыргуыстӕй сӕ сӕртӕ сцӕгӕр сты ӕмӕ сӕ уӕхсчытӕ стугӕрхӕмттӕ сты. Фӕлӕ Навуходоносор Тиры ныхмӕ цы хъазуатон куыст бакодта, уый тыххӕй нӕдӕр йӕхӕдӕг райста хӕрзиуӕг, нӕдӕр йе’фсад. 19Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: мӕнӕ Ӕз Вавилоны паддзах Навуходоносорӕн Мысыры зӕхх дӕттын. Йӕ бирӕ исбон ын байсӕд ӕмӕ йӕ ныххӕлӕттаг кӕнӕд, бастигъӕд ӕй — йе’фсадӕн уый уыдзӕни йӕ хӕрзиуӕг. 20Уым цы бацархайдта, уый сӕрмӕ йын Ӕз Мысыры зӕхх хӕрзиуӕгӕн дӕттын, уымӕн ӕмӕ уыдон балӕггад кодтой Мӕнӕн, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. 21Уыцы бон Ӕз Израилы адӕмы ногӕй схъомысджын кӕндзынӕн, дӕуӕн та ратдзынӕн уыдонӕн пехуымпариуӕг кӕныны бар, ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый».
Copyright information for OssIBT2022