Ezekiel 30
Хъарӕг Мысырыл
1Дунедарӕг мын загъта: 2«Адӕймаджы фырт! Фехъусын кӕн рагуац: афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: еххӕй кӕнут ӕмӕ дзурут: „Уӕ, сау бон!3Ӕрӕввахс ис сау бон!
Хуыцауы тӕрхоны бон,
сау бон ӕрӕввахс,
адӕмтӕн сӕ азары бон ӕрхӕццӕ кӕны!
4Карды амӕттаг бауыдзӕни Мысыр,
риздзысты Эфиопийы дзыллӕтӕ фыр тӕссӕй,
цагъды куы фӕуой Мысырӕн йӕ адӕм,
хӕлӕттаг куы фӕуа йӕ фӕллой,
куы ныппырх уой йӕ бындуртӕ“.
5Эфиопи, Пут, Луд ӕмӕ Кувы цӕрджытӕ, стӕй иннӕ адӕмыхӕттытӕ се’ппӕт дӕр ӕмӕ, фидыд кӕимӕ сарӕзтон, уыцы бӕстӕйы адӕм дӕр карды амӕттаг бауыдзысты мысырӕгтимӕ». 6Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Мысыры фарс чи хӕцы, уыцы ӕфсӕдтӕ дӕрӕнгонд ӕрцӕудзысты, сӕрыстыр кӕй хъомысӕй у, йӕ уыцы ӕфсад дӕр бабын уыдзӕни. Карды амӕттаг бауыдзысты Мигдолӕй Сиенейы онг, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. — 7Федзӕрӕг уыдзӕн Мысыр йӕ алыварс бӕстӕтау, йӕ сахартӕ дӕр уыдзысты гӕныстон йӕ алыварс бӕстӕты сахартау. 8Сӕ бӕстӕйыл сын арт куы бандзарон ӕмӕ сӕ фарсхӕцджытӕ саст куы’рцӕуой, уӕд мысырӕгтӕ базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый. 9Уыцы бон наутыл фидиуджытӕ арвитдзынӕн, цӕмӕй ӕнӕмӕт эфиопӕгты стыр тасы бафтауой. Ӕмӕ Мысырӕн йе сӕфты бон куы ралӕууа, уӕд эфиопӕгтӕ фыр тӕссӕй нырриздзысты. Уый рӕхджы сӕххӕст уыдзӕн!» 10Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: «Ӕз Мысыры ӕнӕнымӕц адӕмы Вавилоны паддзах Навуходоносоры къухӕй скуынӕг кӕндзынӕн. 11Уый йӕ адӕмимӕ, адӕмты фыддӕртимӕ, ӕрбацӕудзӕни Мысыры зӕхх бабын кӕнынмӕ. Сӕ кӕрдтӕ сласдзысты Мысырмӕ ӕмӕ йын йӕ зӕхх мӕрдты бын фӕкӕндзысты. 12Нилы цӕугӕдон бахус кӕндзынӕн, бӕстӕ та фыдгӕнджыты къухтӕм ратдзынӕн. Ӕндӕрбӕстӕгты къухӕй ныггӕныстон кӕндзынӕн Мысыры ӕппӕт бӕстӕ дӕр. Уый зӕгъын Ӕз, Дунедарӕг». 13Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: «Ӕз ныппырх кӕндзынӕн Мысыры гуымирытӕ, кӕрон скӕндзынӕн Нофы мӕнгхуыцӕуттӕн. Мысыры бӕстӕйы нал сӕнтысдзӕни барджын ӕлдар, йӕ адӕмыл та йын ӕвирхъау тас бафтаудзынӕн. 14Патросы зӕхх хӕлӕттаг фӕкӕндзынӕн, Цоаны сахарыл арт бандзардзынӕн, Нойы сахарӕн стӕрхон кӕндзынӕн. 15Мӕ азар ныххуырсдзынӕн Синыл — Мысыры фидарыл, скуынӕг кӕндзынӕн Нойы сахары ӕнӕнымӕц адӕмы. 16Мысырыл арт бандзардзынӕн, Сины фидар нынкъуысдзӕн, Нойы сахар ныппырх уыдзӕн, Нофы сахармӕ та боныгон бабырсдзысты фыдгултӕ. 17Он ӕмӕ Пи-Бесеты фӕсивӕд карды амӕттаг бауыдзысты, сахартӕн сӕ иннӕ адӕмы та уацары райсдзысты. 18Тахпанхесы сахары мидӕг Мысыры ӕфсондз куы ныппырх кӕнон, уӕд уым батар уыдзӕни бон. Мысыр сӕрыстыр кӕмӕй у, йӕ уыцы хъомысӕн кӕрон ӕрцӕудзӕн. Мигъы бын фӕуыдзӕни Мысыр, йӕ сахарты адӕм та бахаудзысты уацары. 19Ӕз Мысырӕн стӕрхон кӕндзынӕн, ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый».
Фараоны паддзахад бабын уыдзӕн
20Иуӕндӕсӕм азы фыццаг мӕйӕн йӕ ӕвдӕм бон мын Дунедарӕг загъта: 21«Адӕймаджы фырт! Ӕз фараонӕн, Мысыры паддзахӕн, йӕ цонджы хъомыс басастон. Йӕ хъӕдгом баст не’рцыди, цӕмӕй сдзӕбӕх уа ӕмӕ фӕстӕмӕ кард райсынхъом суа». 22Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: «Ӕз Мӕхи ныххуырсдзынӕн фараоныл, Мысыры паддзахыл, ӕмӕ йын ныппырх кӕндзынӕн йӕ цӕнгтӕ, йӕ дзӕбӕх цонг дӕр ӕмӕ йӕ саст цонг дӕр, ӕмӕ йӕ кард ӕрхаудзӕни йӕ къухӕй. 23Ӕз мысырӕгты ныххӕлиу кӕндзынӕн алы бӕстӕтыл, алы адӕмтыл. 24Вавилоны паддзахӕн йӕ цӕнгты хъару сфидар кӕндзынӕн, йӕ къухы йын бавӕрдзынӕн Мӕ кард, фараоны цӕнгты хъару та басӕтдзынӕн, ӕмӕ Вавилоны паддзахы раз мӕлӕтдзаг цӕфӕй хъӕрздзӕн. 25Вавилоны паддзахы цӕнгтӕ стыхджын кӕндзынӕн, фараонӕн та йе уӕнгтӕ ӕркӕлдзысты. Мӕ кард Вавилоны паддзахы къухы куы бакӕнон, Мысырыл ныхмӕ йӕ сисыны тыххӕй, уӕд мысырӕгтӕ базондзысты, ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый. 26Мысырӕгты алы бӕстӕты, алы адӕмтыл’хсӕн ныххӕлиу кӕндзынӕн, ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый».
Copyright information for
OssIBT2022