Ezekiel 31
Мысыры сӕфт
1Иуӕндӕсӕм азы ӕртыккаг мӕйӕн йӕ фыццаг бон мын Дунедарӕг загъта: 2«Адӕймаджы фырт! Зӕгъ фараонӕн, Мысыры паддзахӕн, стӕй йӕ адӕмӕн:„Кӕимӕ абардзынӕ дӕ хъомыс?3Бакӕс-ма Ассиримӕ — ливайнаг кедрмӕ ▼
▼Ливайнаг кедртӕ уыдысты тынг бӕрзонд ӕмӕ лӕууыдысты мингай азтӕ, уымӕ гӕсгӕ-иу арӕх систы паддзахдзинады символ.
;уыд аууондар, йӕ къабузтӕ — рӕсугъд,
бӕрзонд — йӕ зӕнг,
йӕ цъуппӕй ӕврӕгътыл ныдзӕвыд.
4Уый донӕфсӕстӕй рӕзыд,
дӕлдзӕхы донӕй ахӕцыд хӕрдмӕ,
йӕ дӕттӕ йын ӕртыхстысты йӕ зӕнгыл,
ӕппӕт бӕлӕстӕн донхорыг лӕвӕрдта.
5О, ацы бӕлас басгуыхти бӕрзонддӕр,
стӕй къабузджындӕр хъӕды ӕппӕт бӕлӕстӕй,
йӕ къалиутӕ дӕр донӕфсӕстӕй райрӕзтысты.
6Алы мӕргътӕ-иу йӕ къалиутыл ахстӕттӕ сбыдтой,
йӕ къабузты бын-иу сӕ зӕйц рауагътой алы сырдтӕ,
йӕ аууоны-иу ӕрбынат кодтой
алы стыр знӕмтӕ.
7Куыд диссаджы рӕсугъд уыди, куыд бӕрзонд,
куыд даргъ уыдысты йӕ къабузтӕ,
уымӕн ӕмӕ стыр дӕтты былгӕрон
ауагъта йӕ уидӕгтӕ.
8Хуыцауы дыргъдоны кедрты цур дӕр
йӕ хуыз нӕ тар кодта.
Нӕ уыдысты йӕ къалиуты фидауцӕн кипаристӕ,
йӕ къабузты ставдӕн — тӕрс бӕлӕстӕ.
Хуыцауы дыргъдоны бӕлӕсты астӕу
йӕ рӕсугъдӕн ӕмбал нӕ уыди.
9Йӕ бирӕ къабузтӕй йӕ сфӕлыстон Мӕхӕдӕг,
хӕлӕг ӕм кодтой Едемы бӕлӕстӕ,
Хуыцауы дыргъдоны сагъд чи уыди, уыдон“».
10Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: «Бӕрзонд кӕй сырӕзыд, йӕ цъуппӕй ӕврӕгътыл кӕй ӕндзӕвыд ӕмӕ йе стырадӕй кӕй схъал, 11уый тыххӕй йӕ Ӕз радтон адӕмты паддзахы къухтӕм, ӕмӕ йын уый бакодта, куыд ын хъуыди, афтӕ. Ӕз ыл Мӕхи атигъ кодтон йе’наккаг миты аххосӕй. 12Акъуырдтой йӕ ӕндӕрбӕстӕгтӕ, адӕмты фыддӕртӕ, ӕмӕ йӕ афӕлдӕхтой хӕхтыл. Ӕппӕт дӕлвӕзтыл адӕргъ сты йӕ къабузтӕ, йӕ къалиутӕ ныппырх сты ӕппӕт мӕсчъытыл. Йӕ аууоны цы знӕмтӕ царди, уыдон ӕй ныууагътой ӕмӕ ацыдысты. 13Йӕ калд зӕнгыл ын алы мӕргътӕ ӕрбадтысты, йӕ къалиутыл та алы сырдтӕ ӕрцардысты. 14Уӕдӕ донбыл сагъд бӕлӕстӕй йӕ зӕнджы бӕрзондӕй макӕцы раппӕлӕд ӕмӕ сӕ ӕврӕгъты онг йӕ цъупп макӕцы сисӕд. Дон нуазӕг бӕлӕстӕй йӕхи макӕцы уӕлдӕр кӕнӕд иннӕтӕй, уымӕн ӕмӕ се’ппӕт дӕр лӕвӕрд ӕрцӕудзысты мӕлӕтмӕ — ингӕнмӕ, мӕрдтыбӕстӕм цы адӕм ныххызтысты, уыдонимӕ». 15Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: «Бӕлас мӕрдтыбӕстӕм куы ныххызт, уӕд ыл Ӕз бахъынцъым кӕнын кодтон ӕгӕрон фурд. Сӕхгӕдтон ӕй, бацауӕзтон ын йӕ цӕугӕдӕттӕ, ӕрлӕууын кодтон стыр дӕттӕ ӕмӕ Ливанӕн ацы бӕласыл сау дарын бафӕдзӕхстон. Хъыг ыл кодтой хъӕды иннӕ бӕлӕстӕ иууылдӕр. 16Мӕрдтыбӕстӕм ӕй куы ныппӕрстон, ингӕнтӕм чи ныххызти, уыдонмӕ, уӕд йӕ афӕлдӕхты уынӕрӕй нынкъуысыдысты адӕмтӕ, дӕлдзӕхы та ныццин кодтой Едемы ӕппӕт бӕлӕстӕ, стӕй Ливаны кӕддӕры донӕфсӕст ӕвзаргӕ бӕлӕстӕ иууылдӕр. 17Уымӕн ӕмӕ йӕ цӕдисонтӕ, йӕ аууоны чи цард адӕмты’хсӕн, уыдон дӕр йемӕ ныххызтысты мӕрдтыбӕстӕм, карды амӕттаг чи баци, уыдонмӕ. 18Уӕдӕ ды Едемы бӕлӕстӕй кӕй баййӕфтай дӕ кад ӕмӕ дӕ хъомысӕй? Ныр ды дӕр Едемы бӕлӕстау ӕппӕрст ӕрцӕудзынӕ мӕрдтыбӕстӕм ӕмӕ ӕнӕсунӕтты, карды амӕттаг чи баци, уыдоны’хсӕн лӕзӕрдзынӕ. Уыдон сты фараон ӕмӕ йӕ бирӕ дӕм», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.
Copyright information for
OssIBT2022