Ezekiel 32
Хъарӕг фараон ӕмӕ Мысырыл
1Дыууадӕсӕм азы дыууадӕсӕм мӕйӕн йӕ фыццаг бон мын Дунедарӕг загъта: 2«Адӕймаджы фырт! Ныхъхъарӕг кӕн фараоныл, Мысыры паддзахыл: „Адӕмты’хсӕн ды уыдтӕ домбайы лӕппынау, денджызы кӕфхъуындарау, дӕ цӕугӕдӕтты-иу фынк калдтай дӕ фындзӕй, дӕ дзӕмбытӕй-иу дӕттӕ сызмӕстай, ӕмӕ-иу фестадысты лакъон“. 3Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: бирӕ адӕмты раз дыл Мӕ ахсӕн хыз баппардзынӕн, ӕмӕ дӕ уыдон ӕрцахсдзысты Мӕ хызы. 4Ӕз дӕ тыгъд быдыры фехсдзынӕн зӕххыл, ӕмӕ-иу дыл ӕрбаддзысты алы тӕхгӕ мӕргътӕ, сӕхи дӕ ӕфсаддзысты алы хъӕддаг сырдтӕ. 5Дӕ холыйы фыд дын ныппырх кӕндзынӕн хӕхтыл, байдзаг дзы кӕндзынӕн дӕлвӕзтӕ. 6Зӕхх бафсаддзынӕн дӕ тугӕй, уый анхъӕвздзӕни суанг хӕхты онг, байдзаг дзы уыдзысты мӕсчъытӕ. 7Куы бабын уай, уӕд Ӕз сӕхгӕндзынӕн арв, стъалытӕ бамынӕг кӕндзынӕн, хур мигъы аууон бакӕндзынӕн, ӕмӕ мӕй дӕр нал ратдзӕн йӕ рухс. 8Дӕ сӕрмӕ арвыл цыдӕриддӕр рухсгӕнӕнтӕ ис, уыдон батар кӕндзынӕн ӕмӕ зӕххыл саудалынг бафтаудзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. 9Дӕ сӕфты хабар дын куы айхъуысын кӕнон, уӕд ӕвирхъау тасы бацӕудзысты бирӕ адӕмтӕ, суанг йӕ кой кӕмӕн никуы фехъуыстай, уыдон дӕр. 10Фыд тас сыл бахӕцдзӕн, сӕ паддзӕхтӕ дӕр фыр тӕссӕй риздзысты, Мӕ кардӕй сӕм куы февзидон, уӕд. Дӕ сӕфты бон сӕ алчидӕр тӕрсдзӕни йӕ удӕн. 11Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: Вавилоны паддзах йӕ кард сисдзӕни дӕ ныхмӕ. 12Тыхгӕнджыты кардӕй бабын уыдзысты дӕ адӕм. Уыдон сты адӕмты фыддӕртӕ ӕмӕ бабын кӕндзысты Мысыры ӕфсад, сӕрыстыр кӕмӕй у, уый. Йӕ адӕм иууылдӕр цагъды фӕуыдзысты. 13Ӕз ын йӕ бирӕ фос ныццӕгъддзынӕн Нилы былгӕрӕтты, ӕмӕ йын йӕ дӕттӕ налдӕр лӕджы къах змӕнтдзӕн, налдӕр фосы сӕфтӕг. 14Афтӕмӕй Нилы донӕн Ӕз ратдзынӕн ӕнцой, ӕмӕ йӕ дӕттӕ акӕлдзысты сойау, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. — 15Мысыры зӕхх куы федзӕрӕг кӕнон, йе’ппӕт адӕмы дӕр ын куы ныддӕрӕн кӕнон ӕмӕ йӕ ис-бисӕй ӕнӕхай куы фӕуа, уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый. 16Уӕд скӕндзысты хъарӕг, ӕмӕ-иу уыцы хъарӕг сисдзысты алы адӕмты сылгоймӕгтӕ. Хъарӕг кӕндзысты Мысырыл ӕмӕ йӕ бирӕ адӕмыл, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау». 17Дыууадӕсӕм азы дыууадӕсӕм мӕйӕн йӕ фынддӕсӕм бон мын Дунедарӕг загъта: 18«Адӕймаджы фырт! Ныхъхъарӕг кӕн, ныронг чи фӕмарди, уыдонау дӕлдзӕхмӕ ныххауинӕгтыл — Мысыры адӕмыл ӕмӕ иннӕ хъомысджын адӕмты чызджытыл. 19Кӕмӕй уӕлдӕр дӕ ды?Ныххау дӕлдзӕхмӕ ӕмӕ уым
ӕнӕсунӕтты раз ӕрхуысс!
20Карды амӕттаг чи баци, уыдонау
ды дӕр ӕрхуысдзынӕ сӕ цуры.
Ныридӕгӕн цӕттӕ у кард —
бабын уӕд фараон йе’ппӕт ӕрдонгтимӕ!
21Мӕрдтыбӕстӕйы уымӕн дӕр
ӕмӕ йӕ цӕдисонтӕн дӕр
фидистӕ куы кӕндзысты хъомысджын хӕстонтӕ.
Мысырӕгтӕ карды амӕттаг куы бауыдзысты,
ӕрхуысдзысты ӕнӕсунӕтты раз.
22Уым — Ассири йе’ппӕт ӕфсадимӕ,
йӕ алыварс — йӕ хӕстонты цыртытӕ,
иууылдӕр куы бабын сты кардӕй.
23Ассирийы цыртытӕ —
мӕрдтыбӕстӕн суанг йӕ тӕккӕ арфы,
йӕ цырты алыварс — йе’ппӕт ӕфсад;
уӕлӕуыл стыр тас чи ӕфтыдта, уыдон
иууылдӕр куы бабын сты кардӕй.
24Уым — Елам йе’ппӕт ӕфсӕдтимӕ йӕ цырты алыварс;
дӕлдзӕхмӕ ӕнӕсунӕтӕй чи ныццыд,
уӕлӕуыл стыр тас чи ӕфтыдта, уыдон
иууылдӕр куы бабын сты кардӕй;
дӕлдзӕхмӕ чи ныццыди,
уыдонимӕ дих кӕнынц сӕ худинаг.
25Кӕй амардӕуыд, уыдоны раз Еламӕн
рардӕуыди хуыссӕн йе’ппӕт ӕфсӕдтимӕ,
йӕ алыварс — сӕ цыртытӕ;
иууылдӕр — ӕнӕсунӕттӕ, карды амӕттӕгтӕ.
Уӕлӕуыл цардудтыл ӕвирхъау тас ӕфтыдтой ӕмӕ ныр,
дӕлдзӕхмӕ чи ныццыди, уыдонимӕ
дих кӕнынц сӕ худинаг,
уыдоны’хсӕн сӕ сӕвӕрдтой.
26Уым — Мешех ӕмӕ Тувал се’ппӕт ӕрдонгтимӕ,
сӕ алыварс — сӕ цыртытӕ;
иууылдӕр — ӕнӕсунӕттӕ, карды амӕттӕгтӕ,
уымӕн ӕмӕ уӕлӕуыл
ӕвирхъау тас ӕфтыдтой цардудтыл.
27Уыдонӕн дӕр сӕ хъысмӕт —
ӕнӕсунӕт хӕстонты раз ӕрхуыссын,
ӕд хотыхтӕ мӕрдтыбӕстӕм чи ныццыд,
сӕ кӕрдтӕ сӕ нывӕрзӕн кӕмӕн сты,
сӕ уартытӕ се стджытыл кӕмӕн равӕрдтой.
Кӕддӕр та уыдон уӕлӕуыл
ӕвирхъау тас ӕфтыдтой цардудтыл.
28Ды дӕр ӕрцӕудзынӕ ӕнӕсунӕттау сӕфт,
карды амӕттаг чи баци, уыдоны раз ӕрхуысдзынӕ.
29Уым дӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы Едом йӕ паддзӕхтӕ ӕмӕ йе’ппӕт ӕлдӕрттимӕ, карды амӕттаг чи баци, уыцы хъӕбатыр хӕстонтимӕ. Уым хуыссынц, мӕрдтыбӕстӕм чи ныццыди, уыцы ӕнӕсунӕтты раз. 30Уым дӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц цӕгаты барджын ӕлдӕрттӕ иууылдӕр, стӕй ӕппӕт сидойнӕгтӕ. Уыдон дӕр — хъӕбатыр хӕстонтӕ, уӕлӕуыл цардудтыл ӕфтыдтой стыр тас ӕмӕ, кӕй амардӕуыд, уыдонимӕ ныццыдысты дӕлдзӕхмӕ, уым, карды амӕттаг чи баци, уыдонимӕ дих кӕнынц сӕ худинаг. 31Фараон сӕ фендзӕн ӕмӕ нал хъынцъым кӕндзӕн йӕ бирӕ адӕмыл. Карды амӕттаг бауыдзысты фараон ӕмӕ йе’ппӕт ӕфсад, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. — 32Уӕлӕуыл цардудты Ӕз бауадздзынӕн фыд тас, фараон ӕмӕ йӕ бирӕ адӕм та ӕвӕрд ӕрцӕудзысты ӕнӕсунӕтты раз, карды цӕфӕй чи фӕмарди, уыдоны раз», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.
Copyright information for
OssIBT2022