‏ Ezekiel 33

Пехуымпар — Израилы хъахъхъӕнӕг

1Дунедарӕг мын загъта: 2«Адӕймаджы фырт! Дӕ адӕмӕн фехъусын кӕн Мӕ ныхас: Ӕз искӕцы бӕстӕйыл фыдгулы кард куы ныххуырсон, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ уыцы бӕстӕйы адӕм се’хсӕнӕй хъахъхъӕнӕг равзарой сӕхицӕн. 3Ӕмӕ уыцы хъахъхъӕнӕг бӕстӕмӕ ӕвзидӕг кард куы фена, уӕд сыкъауадындзӕй ныууасдзӕн, цӕмӕй адӕмы рагацау бахиза. 4Фӕлӕ сыкъауадындзы хъӕр чи фехъуса, уый йӕхи нӕ бахызта, зӕгъгӕ, уӕд карды амӕттаг бауыдзӕн, ӕмӕ йӕ тугныккалды аххосджын уыдзӕни йӕхӕдӕг. 5Сыкъауадындзы хъӕр фехъуыста, фӕлӕ йӕхи нӕ бахызта, уымӕ гӕсгӕ йӕ тугныккалды азымджын йӕхӕдӕг уыдзӕн. Йӕхи чи бахиза, уый та йӕ уд фервӕзын кӕндзӕн.

6Хъахъхъӕнӕг ӕвзидгӕ кард куы фена, фӕлӕ сыкъауадындзӕй куынӕ ныууаса, цӕмӕй адӕмы бахиза, уый тыххӕй, уӕд, фыдгулы кард кӕй баййафа, уый йӕ тӕригъӕды аххосӕй карды амӕттаг бауыдзӕн, фӕлӕ Ӕз дзуапп ӕрдомдзынӕн дӕуӕй.

7Адӕймаджы фырт! Ӕз дӕ Израилы адӕмӕн сӕвӕрдтон хъахъхъӕнӕгӕй, ӕмӕ ды хъусдзынӕ Мӕ ныхас ӕмӕ сӕ рагацау фӕдзӕхсдзынӕ Мӕ номӕй. 8Ӕнаккагӕн Ӕз афтӕ куы зӕгъон, ӕнӕмӕнг амӕлдзынӕ, зӕгъгӕ, ӕмӕ йӕ ды рагацау куынӕ бахизай, цӕмӕй йӕ фыдвӕндӕгтӕ ныууадза, уый тыххӕй, уӕд ӕнаккаг амӕлдзӕн йӕ тӕригъӕды аххосӕй, фӕлӕ Ӕз дзуапп ӕрдомдзынӕн дӕуӕй. 9Рагацау ӕй куы бахизай, дӕ фыдвӕндӕгтӕ ныууадз, зӕгъгӕ, ӕмӕ сӕ уый куынӕ ныууадза, уӕд уый амӕлдзӕн йӕ тӕригъӕды аххосӕй, ды та дӕ уд фервӕзын кӕндзынӕ.

Хуыцау алкӕй дӕр раст фӕндагмӕ здахы

10Адӕймаджы фырт! Израилы адӕмӕн афтӕ зӕгъ: „Сымах дзурут: ‚Нӕ фыдракӕндтӕ ӕмӕ ныл нӕ тӕригъӕдтӕ уӕз кӕнынц! Мӕлӕты къахыл куы лӕууӕм, уӕд цы фӕуӕм?‘“ 11Зӕгъ сын: „Сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — Мӕн нӕ фӕнды, цӕмӕй тӕригъӕдджын амӕла, уый. Мӕн фӕнды, цӕмӕй йӕ фыдвӕндӕгтӕ ныууадза ӕмӕ цӕра. Раздӕхут, уе’наккаг митӕ ныууадзут! Израилы адӕм, уӕхи цӕмӕн сафут?“

12Адӕймаджы фырт! Дӕ адӕмӕн афтӕ зӕгъ: „Рӕстгӕнӕджы йӕ рӕстад нӕ фервӕзын кӕндзӕн, тӕригъӕд куы сараза, уыцы бон, фыдгӕнӕг та йӕ раздӕры фыдракӕндты тыххӕй нӕ бабын уыдзӕн, куы сӕ ныууадза, уӕд; рӕстгӕнӕг дӕр, тӕригъӕд ми куы ракӕна, уӕд удӕгасӕй нӕ баззайдзӕн.

13Рӕстгӕнӕгӕн куы зӕгъон, цӕрдзынӕ, зӕгъгӕ, ӕмӕ уый, йӕ рӕстадыл йӕ зӕрдӕ даргӕйӕ, ӕнӕраст ми куы ракӕна, уӕд нымад не’рцӕудзысты йӕ раздӕры раст хъуыддӕгтӕ, ӕмӕ афтӕмӕй амӕлдзӕни йе’нӕраст мийы аххосӕй. 14Ӕнаккагӕн куы зӕгъон, ӕнӕмӕнг амӕлдзынӕ, зӕгъгӕ, фӕлӕ йӕ фыдракӕндтӕ куы ныууадза ӕмӕ рӕстӕй цӕрын куы райдайа, 15йӕ хӕсджынӕн йӕ цъынды фӕстӕмӕ куы ратта, цы адавта, уый куы бафида, царддӕттӕг уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы цӕра ӕмӕ ӕвзӕрӕй куы ницы кӕна, уӕд цӕрдзӕни, нӕ амӕлдзӕн. 16Цыдӕриддӕр тӕригъӕдтӕ ракодта, уыдонӕй йын иу дӕр нӕ бадардӕуыдзӕн йӕ цӕстмӕ; рӕстӕй цӕрын райдыдта ӕмӕ ӕнӕмӕнг цӕрдзӕни“.

17Дӕ адӕм дзурынц, Дунедарӕджы хъуыддӕгтӕ раст не сты, зӕгъгӕ, афтӕмӕй та сӕхи хъуыддӕгтӕ не сты раст. 18Рӕстгӕнӕг йӕ рӕстадӕй йе’ргом куы аздаха ӕнӕраст митӕ куы кӕна, уӕд амӕлдзӕн. 19Фыдгӕнӕг йе’наккаг митӕ куы ныууадза ӕмӕ рӕстӕй цӕрын куы райдайа, уӕд цӕрдзӕни. 20Сымах та дзурут, Дунедарӕджы хъуыддӕгтӕ раст не сты, зӕгъгӕ. Израилы адӕм, Ӕз уын стӕрхон кӕндзынӕн, алкӕмӕн дӕр — йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ».

Йерусалимы сӕфт

21Нӕ ахасты дыууадӕсӕм азы дӕсӕм мӕйӕн йӕ фӕндзӕм бон мӕм Йерусалимы лигъдӕттӕй иу ӕрбацыд ӕмӕ мын загъта: «Сахар дӕрӕнгонд ӕрцыд». 22Фӕлӕ мыл йе’рбацыды размӕ Дунедарӕг изӕрӕй Йӕ арм ӕруагъта, ӕмӕ мӕм лигъдон сӕумӕйӕ куы’рбацыди, уӕдмӕ мын байгом кодта мӕ дзых. Ме’взаг мын суӕгъд кодта ӕмӕ ӕз нал уыдтӕн ӕгомыг.

23Дунедарӕг мын загъта: 24«Адӕймаджы фырт! Израилы хӕлддзӕгты чи цӕры, уыдон дзурынц: „Авраам, иу лӕг уӕвгӕйӕ, ацы зӕхх исбонӕн райста, мах та бирӕ стӕм ӕмӕ ацы зӕхх махӕн лӕвӕрд у“. 25Уымӕ гӕсгӕ сын фехъусын кӕн: „Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: сымах дзидза тугимӕ хӕрут, уӕ гуымирытӕм уе’ргом аздӕхтат, туг калут ӕмӕ ма ноджы зӕхх дӕр уӕхи бакӕнинаг стут? 26Сымах ныфсджын стут уӕ кардӕй, ӕлгъаг митӕ кӕнут, иу уӕ иннӕйы усы фӕчъизи кӕны, ӕмӕ ма зӕхх дӕр уӕхи бакӕнынмӕ хъавут?“

27Фехъусын сын кӕн: „Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: сомы кӕнын Мӕхицӕй: хӕлддзӕгты’хсӕн чи цӕры, уыдон карды амӕттаг бауыдзысты; быдыры чи ис, уыдоны хъӕддаг сырдтӕн бахӕрын кӕндзынӕн, фидӕрттӕ ӕмӕ лӕгӕтты чи ис, уыдон та амӕлдзысты емынӕйӕ. 28Бӕстӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзынӕн, кӕрон ӕрцӕудзӕн, сӕрыстыр кӕмӕй уыд, йӕ уыцы хъомысӕн. Израилы хӕхтӕ сафтид уыдзысты, иу цӕуӕг сыл нал уыдзӕн. 29Ӕмӕ, се’лгъаг миты тыххӕй бӕстӕ ӕдзӕрӕг быдыр куы фестын кӕнон, уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый“.

30Адӕймаджы фырт! Дӕу тыххӕй дӕ адӕм сисрӕбынты ӕмӕ хӕдзӕртты къӕсӕртыл дзурынц иу иннӕмӕн, ӕфсымӕр ӕфсымӕрӕн: „Цӕут, байхъусут, Дунедарӕгӕй цы ныхас рацыд, уымӕ“. 31Ӕрбацӕудзысты дӕм къордтӕ-къордтӕй, ӕрбаддзысты дӕ разы ӕмӕ дын хъусдзысты дӕ ныхӕстӕм, фӕлӕ сӕ не’ххӕст кӕндзысты; дзыхӕй дын козбау митӕ кӕндзысты, сӕ зӕрдӕ та агурдзӕни пайда. 32Ды сын уыдзынӕ ӕхцон зарӕггӕнӕг, зӕрдӕмӕдзӕугӕ хъӕлӕс кӕмӕн ис, ахӕм, арӕхстджын фӕндырдзӕгъдӕг. Ӕмӕ дын хъусдзысты дӕ ныхӕстӕм, фӕлӕ сӕ не’ххӕст кӕндзысты. 33Фӕлӕ дӕ рагуац куы сӕххӕст уа, — ныридӕгӕн ӕххӕст кӕнын райдыдта, — уӕд базондзысты, се’хсӕн пехуымпар кӕй уыд, уый».
Copyright information for OssIBT2022