‏ Ezekiel 34

1Дунедарӕг мын загъта: 2«Адӕймаджы фырт! Израилы адӕмӕн сӕ фыййӕутты ныхмӕ пехуымпар ныхас фехъусын кӕн. Зӕгъ сын: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: додой сӕ къона Израилы фыййӕуттӕн, сӕхи мӕт чи кӕны, уыдонӕн! Ау, сымах хъуамӕ уӕ дзуджы мӕт ма кӕниккат? 3Сымах ӕхсыр нуӕзтат, фӕсмын дарӕстӕ дардтат ӕмӕ хӕрзхаст фыстӕ ӕргӕвстат, рӕгъауыл та нӕ аудыдтат. 4Лӕмӕгъ фосмӕ нӕ зылдыстут, рынчынты нӕ дзӕбӕх кодтат, сӕ хъӕдгӕмттӕ-иу сын нӕ бабастат, дзӕгъӕл фосы-иу не’рбаздӕхтат фӕстӕмӕ, сӕфты-иу нӕ бацагуырдтат, семӕ уыдыстут карз ӕмӕ ӕгъатыр. 5Мӕ фос ныххӕлиу сты ӕнӕ фыййауӕй, хъӕддаг сырдты амӕттаг баисты. 6Адзӕгъӕл сты алы хӕхтӕ, алы бӕрзӕндтыл, ныххӕлиу сты ӕппӕт зӕххы цъарыл, ӕмӕ ничи цӕуы сӕ фӕдыл, ничи сӕ агуры.

7Уымӕ гӕсгӕ, фыййӕуттӕ, ӕрбайхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ. 8Сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — Мӕ фос ӕнӕ фыййауӕй ӕфтиаг кӕй фестадысты, хъӕддаг сырдты амӕттаг кӕй баисты, Мӕ фыййӕуттӕ сӕ кӕй нӕ агуырдтой ӕмӕ фос хизыны бӕсты сӕхи мӕт кӕй кодтой, 9уый тыххӕй, фыййӕуттӕ, ӕрбайхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ. 10Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: Ӕз сыстдзынӕн фыййӕутты ныхмӕ, мӕ фос сӕ ӕрцагурдзынӕн. Фос хизын сын нал бабар кӕндзынӕн, ӕмӕ нал кӕндзысты сӕхи мӕт. Мӕ фосы фыд сын сласдзынӕн сӕ дзыхтӕй ӕмӕ йӕ нал хӕрдзысты.

Хорз фыййау зилы йӕ фосмӕ

11Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: Ӕз Мӕхӕдӕг бацагурдзынӕн Мӕ фос ӕмӕ сӕм ӕркӕсдзынӕн. 12Фыййау, чи ныххӕлиу, йӕ уыцы фосы дзуг ногӕй куыд банымайы, афтӕ Ӕз дӕр банымайдзынӕн Мӕ фос, суӕгъд сӕ кӕндзынӕн, сау ӕмӕ мигъдзаст бон сӕ кӕдӕм фӕтардӕуыд, уыцы рӕттӕй. 13Ракӕндзынӕн сӕ, цы адӕмтӕ, цы бӕстӕтыл ныххӕлиу сты, уырдыгӕй ӕмӕ сӕ ӕрбакӕндзынӕн сӕ зӕхмӕ. Хиздзынӕн сӕ Израилы хӕхтыл, цӕугӕдӕтты цур, бӕстӕйы ӕппӕт уӕтӕрты. 14Сойджын сӕрвӕты сӕ хиздзынӕн, Израилы бӕрзонд хӕхтыл уыдзӕни сӕ уӕтӕр. Ривӕд кӕндзысты уыцы дзӕбӕх уӕтӕры ӕмӕ хиздзысты сойджын сӕрвӕты, Израилы хӕхтыл. 15Ӕз Мӕхӕдӕг хиздзынӕн Мӕ фос, Мӕхӕдӕг сын фӕлладуадзӕн рӕстӕг ратдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. — 16Сӕфт фосы-иу ссардзынӕн, чи фӕдзӕгъӕл уа, уый-иу фӕстӕмӕ ӕрбаздахдзынӕн, фӕцӕф ис, зӕгъгӕ, уӕд-иу ын бабӕтдзынӕн йӕ хъӕдгом, рынчынмӕ-иу базилдзынӕн, ӕгӕр чи снард ӕмӕ абухгӕ чи кӕны, уыцы фосы та фесафдзынӕн, хиздзынӕн сӕ рӕстӕй.

17Сымахӕн та, Мӕ дзуг, Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: Мӕ дзуджы фысты’хсӕн, фыстӕ ӕмӕ сӕгъты’хсӕн, Ӕз быцӕу ӕвзардзынӕн Мӕхӕдӕг. 18Сойджын сӕрвӕты кӕй хизут, уый сымах фагыл нӕ нымайут ӕмӕ йын йӕ уӕлдай ссӕндут уӕ къӕхтӕй; сымах нуазут сыгъдӕг дон, йӕ уӕлдай та йын змӕнтут уӕ къӕхтӕй, 19ӕмӕ афтӕмӕй Мӕ иннӕ фос хӕрдзысты уӕ къӕхтӕй ссӕст ӕмӕ нуаздзысты уӕ къӕхтӕй змӕст.

20Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: Ӕз Мӕхӕдӕг ӕвзардзынӕн быцӕу нард фыс ӕмӕ мӕллӕг фысы’хсӕн. 21Ӕппӕт лӕмӕгъты дӕр сымах фесхойут уӕхскӕй ӕмӕ сынӕгӕй, цӕвут сӕ уӕ сытӕй, цалынмӕ сӕ дзугӕй иуварс нӕ асурут, уалынмӕ. 22Ӕз суӕгъд кӕндзынӕн Мӕ фосы, ӕмӕ нал цӕудзысты тӕлӕтгонд. Ӕз-иу Мӕхӕдӕг фысты’хсӕн быцӕу равзардзынӕн.

Сабыр ӕмӕ ӕдас бӕстӕ

23Мӕ фосы сӕргъы сӕвӕрдзынӕн иу фыййауы, чи сӕ хиза, уый — Мӕ цагъар Давиды. Уый сӕ хиздзӕн, уыдзӕни сӕ фыййау. 24Ӕз, Дунедарӕг, уыдзынӕн сӕ Хуыцау, Мӕ цагъар Давид та уыдзӕни сӕ фӕтӕг. Уый зӕгъын Ӕз, Дунедарӕг.

25Ӕз семӕ сараздзынӕн фарны фидыд, сӕ зӕххӕй сын асурдзынӕн тугдзых сырдты, ӕмӕ ӕдасӕй цӕрдзысты тыгъд быдыры, ӕнӕмӕтӕй хуысдзысты хъӕдты. 26Раарфӕ кӕндзынӕн уыдонӕн дӕр ӕмӕ Мӕ уаз бӕрзӕнды алфамбылӕйттӕн дӕр, афоныл сын дӕтдзынӕн къӕвдатӕ — уыдон уыдзысты фарны къӕвдатӕ. 27Ӕмӕ сын алы бӕлас дӕр дӕтдзӕни йӕ дыргъ, зӕхх та — йӕ тыллӕг, ӕмӕ ӕдасӕй цӕрдзысты сӕ зӕххыл. Се’фхӕрджыты къухӕй сӕ куы суӕгъд кӕнон ӕмӕ сын се’фсондз куы ныссӕттон, уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый. 28Адӕмтӕн нал уыдзысты ӕфтиаг, нал сӕм лӕбурдзысты хъӕддаг сырдтӕ дӕр. Ӕдасӕй цӕрдзысты ӕмӕ сыл тас ничиуал ӕфтаудзӕни. 29Сӕ зӕххы бӕркад сын сбирӕ кӕндзынӕн, ӕмӕ сыдӕй нал мӕлдзысты сӕ бӕстӕйы, адӕмтӕ сын нал кӕндзысты фидис. 30Уӕд базондзысты, Ӕз, Дунедарӕг, сӕ Хуыцау, семӕ кӕй дӕн ӕмӕ уыдон та, Израилы адӕм, Мӕ адӕм кӕй сты, уый, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. — 31Сымах Мӕ фос стут, Мӕ уӕтӕры дзуг. Сымах адӕм стут сымах, Ӕз та уӕ Хуыцау дӕн“», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.
Copyright information for OssIBT2022