‏ Ezekiel 35

Тӕрхон Едомӕн

1Дунедарӕг мын загъта: 2«Адӕймаджы фырт! Де’ргом сараз Сеиры хӕхбӕстӕм ӕмӕ пехуымпариуӕг кӕн йӕ ныхмӕ. 3Фехъусын ын кӕн: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: Ӕз дӕ ныхмӕ сыстдзынӕн, Сеир! Мӕ къух дӕм сисдзынӕн ӕмӕ дӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзынӕн. 4Дӕ сахартӕ дын хӕлддзӕгты кӕритӕ фестын кӕндзынӕн; сафтид уыдзынӕ ӕмӕ уӕд базондзынӕ, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый. 5Израилы адӕммӕ де’нӕуынондзинад ӕнусон кӕй у, уый тыххӕй сӕ ды сӕ бӕллӕхы, сӕ азары бон, карды амӕттаг бакодтай. 6Ӕмӕ сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — дӕ туджы дӕ фӕмӕцын кӕндзынӕн, тугисджытӕ зилдзысты дӕ фӕдыл. Туг ныккалынмӕ ӕмхиц кӕй уыдтӕ, уый тыххӕй дын дӕхи туг дӕр ӕрцагуырдӕуыдзӕн.

7Ӕз Сеиры хӕхбӕстӕ сафтид кӕндзынӕн, афтид ӕмӕ ӕдзӕрӕг тыгъд быдыр фестдзӕни, налдӕр ӕм бацӕуӕг уыдзӕн, налдӕр уырдыгӕй рацӕуӕг. 8Йӕ къӕдзӕхтӕ йын байдзаг кӕндзынӕн мӕрдтӕй. Карды амӕттаг-иу чи фӕуа, уыдон хаудзысты дӕ къуыбыртыл, дӕ дӕлвӕзты ӕмӕ де’ппӕт мӕсчъыты. 9Мыггагмӕ дӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзынӕн, дӕ сахарты никуыуал ничи ӕрцӕрдзӕн, ӕмӕ уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый.

10Афтӕ кӕй дзырдтай, ацы дыууӕ адӕмы ӕмӕ ацы дыууӕ бӕстӕйы мӕн уыдзысты ӕмӕ сӕ нӕхи бакӕндзыстӕм, зӕгъгӕ, — афтӕмӕй та уым Дунедарӕг царди, — 11уый тыххӕй Ӕз сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — цы ӕнӕуынондзинад ӕмӕ сӕм цы хӕлӕгдзинад равдыстай, уымӕ гӕсгӕ дын стӕрхон кӕндзынӕн. Уыдонӕн та Мӕхи раргом кӕндзынӕн, дӕуӕн куы тӕрхон кӕнон, уӕд. 12Ӕмӕ базондзынӕ, Ӕз, Дунедарӕг, кӕй фехъуыстон, ды Израилы хӕхтӕн куыд фидис кодтай, ныггӕныстон сты ӕмӕ нӕ амӕттаг баисты, зӕгъгӕ, уый. 13Уӕхицӕй ӕппӕлыдыстут Мӕ разы, уе’взӕгтӕ суагътат Мӕ ныхмӕ. Ӕз алцыдӕр фехъуыстон.

14Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: Израилы зӕхх цинӕй куы райа, уӕд дӕу та ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзынӕн. 15Израилы исбон куы ныггӕныстон, уӕд ды ууыл кӕй цин кодтай, уый тыххӕй дын Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ ды дӕр, Сеиры хох, заууатмӕ ӕрцӕудзынӕ, стӕй ӕппӕт Едом. Ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый“».
Copyright information for OssIBT2022